Ирон сылгоймаг сочинение

Обновлено: 10.03.2023

Бира расугъд агъдаутта уыдис ама ис ирон адамма. Ама цамандар, ныхас куы рацауы ирон агъдауыл, уад бирата фылдар хатт райдайынц ирон барагбатта ама ирон фынджы агъдауттай. Уыдон дар ахсджиаг куыд не сты. Фала уаддар ноджы вазыгджындар ама ахсджиагдар махма факаст ирон адаймаджы царды уаг, йахи дарыны фатк.

Се ‘ппатыл ацы ран ахасын на бон на бауыдзан. Фала уаддар бацархайдзыстам ирон сылгоймаган кад ама ирон сылгоймаджы агъдауттыл ардзурын.

Аз-сылгоймаг-цардаразаг фарн дан, Кувут, лагта, иууылдар манан. Аз баллиц дан, дидинаджы тау дан, Аз цъах уалдзаг, цины зараг дан.

Аз афсарм дан, нуазан дан уа къухы. Аз хадзары минбаркады фынг. Аз адзухдар- уе ‘мдзу царды дугъы, Фарн ма дзырд, ныххуыссын канын зынг.

Сисут лагта, бануазут ма кадан, Аз уа раттаг, уе стыр мат, уа хур. Аз уа къухы бахъуаджы бон кард дан, Аз- уа фидан, уе ‘нхъалцау бындур.

Хостыхъоты Зинайы ныхаста.

Амонаг: Сылгоймаджы фазынд ама сылгоймаджы удыхъады тыххай баззад ахам таурагъ:

Сарай дын, сылгоймаг, аз зонгуытыл кувын, Барзонд Хуыцау амондан сфалдыста Дау. Дзагъалы на хонынц поэта Дау рухс фын, Задбадан барзонды файлауга цъах нау.

Амонаг 1: Аваццаган, заххыл ахам тых най, ама сылгоймагима кай ис абаран… Сылгоймаг у хуры тынтаурасугъд ама фалман, сылгоймаг у фарн ама амонд хассаг… Сылгоймаг. Мад. куыд агарон тых ис уыцы дзырдты… Ирон адам рагай фастама кувынц сылгоймаг – бардуагма, Мадымайрамма, курынц дзы цот, фадзахсынц са хъабулты.

Амонан 2: Тынг бира расугъд, зардамадзауга ныхаста ис сылгоймаджы тыххай. Йа расугъддзинад ама аивдзинад абаран ис армастдар уалдзагима, хурима.

Ана уалдзаг ама ана сылгоймаг най цард, най расугъд фидан надар ардзан, надар ардзы фидауц – адаймаган. Сылгоймагима баст сты на царды такка расугъддар ама ахсджиагдар цаута. Саби фыццаг кай фазагъы, уыцы ныхас ваййы – мад. Сылгоймаг у бинонты бындур, сылгоймаг хъомыл канны цот, сылгоймагай фидауы хадзар.

Скъоладзау: Поэтта, музыканта, нывганджыта фалтарай-фалтарма стыр кад ама намыс канынц сылгоймаган. Тынг аив, зардамадзауга ныхаста загъта Цагараты Максим дар сылгоймаджы тыххай:

Амонаг: Хуыцауы раз йа сылгоймаджы хас чи саххаст кодта, уый уыд Задалеки Нана-Аланты ирвазынганаг.

Хъуысы Задалески Нанайы зараг.

Амонаг: Сылгоймаджы расугъддзинад, хъару. Зонд, ама агъдауан Нарты Сатана баззад ирон адамма амбисондан…

Бадынц Нарты урсзачъе зарадта ныхасы, тархон канынц.

1-аг хистар. Нарт нарт уад уыдысты, арв са нарын уад на уандыди ама малын куы зыдтой карадзи сарыл, са дзыхай растдзинад йеддама куы ницы хауд, ронгай барц куы зыдтой, кастар хистары куы ‘мбарста.

2-аг хистар. Ивгъуы бонта знонау аивгъуыдтой, най сын фастама раздахан. На фиданыл ахъуыды канам. Айдагъ цуанай цар най.

1-аг хистар. На саран исты хос сканам.

2-аг хистар. Хъуыды ма канут, иу хатт ныл аххормаг аз куы скодта, уад на Сатана куыд аирвазын кодта, уый? Сатанама та арвитам ныр дар. Бафарсам ай зондай. Цу, лапу, фадзур ам… Афта ама, загъ, афта, на хистарты разма фазын…

Сатана. Цаман бахъуыд Нарты буц хистарты ма сар, нывонд уын фауа.

Хистар. Да сар фарнай дар, йа зондай та на хъауы чысыл хай. Хастагдар нам арбалау, чындз, на фиданыл хъуыды канам… Иудадзыг цуанай цард най, искайы рагъаутта тарын дар адзух растма на канны, ис ма махай тыхджындарта. Исты уынаффа нын загъ ды дар.

Сатана. Кад уыд калмарзан амбар худима? Уахадаг ма фыдуаг канут, фала ма иугар фарсут…

Хистар. Дзур, дзур Сатана!

Сатана. Ме ‘наныййарга фырт Сосланма ис анакарон хъару ама ныфс… Уый уаларвай далама нал цауы. Такка аизар Уаларв Сафа куывд канны задта ама дауджытан. Баддзысты дауджыта Сафайы хадзары, сау баганы нуаздзысты дзабидырай. Уырдыгыстаг та сын уыдзан Сафайы буц хъан- Нарты Сослан. Уа туг, Ахсартаккаты туг хъазы йе уангты. Абон ай фандараст канынц адам. Уый номыл у куывд дар. Аз ын йа хъусы бацагъддзынан, цамай уый ракура: Уастырджийа- фаринк кард, тыхганаг уые тых куыд на ара, Афсатийа- бира фос, Уациллайа- хоры намгуыта… Хоры намгуытан най афтид къухай тауан. Сослан Куырдалагонай ракурдзан афсан дзывыр. Уада Галагон дар Сосланы анна лавар кам уадздзан. На хоры карита сыгъдаг канынма-иу нам рог дымга рарвитдзан. Аппынфастаг, ын номдзыд Донбеттыр загъдзан: ма цаугадаттыл-иу куыратта саразут. Уый йа чызджытан бафадзахсдзан, цамай куыройы фыдта равдз зилой… Гъе утаппат хорздзинадта нам архасдзан уа буц кастар Сослан. Ма раныхасы сар – фаллой…

Нарта сыстадысты. Хистар Сатанайы разма бацыд. Систа йа худ.

Скъоладзау 2: Цымыдисаг ама вазыгджын у уайсадыны агъдай. Чындз йа царыны хадзарма куыбацауы, уад бинонты хистартам уайсадга факаны, ома са разы дзурга на факаны. Уыцы агъдау чындзан ахъаз кодта йахи куыд амбалы афта дарынан: уазданай ама баронай. Уыима, бинонта сахадаг дар уайсадаг чындзы афсамай йа разы на кодтой уалдай ми кана цы не ‘мбалы, ахам ныхас. Ацы агъдау ирон адамма ныртакка дар ис, фала ныры хистарта чындзы даргъватин растаг уайсадын нал уадзынц. Кусарт аканынц,са сыхбаста архонынц ама чындзма нуазан аваргайа йа сахима сдзурын канынц.

Скъодадзау 4. Чызджыты хъомыл кодтой уаздан ама хиуылхацагай, сылгоймаджы миниуджытай аххастай. Къайных ныхасганаг, анауаздан, лагой аразт чызг адамы астау уыдис худинаг. Ахам хадзарма хорз усгур на цыдис. Уада стыр агаддзинадыл нымад уыдаид чызглаппуты ‘рдам агар куы кастис, уад. Лаппу ама чызг карадзийы зардама куы цыдысты, уаддар-иу фембалттам на уадысты, кад-иу ананхъаладжы карадзийыл фембалдысты ама дыууа ныхасы загътой, уад хорз. Исчи чызгма йа ангуылдзай дар бандзавыдис – додой кодтаид йа сар. Уыман ама ахам цау агаддзинад хаста агас мыггаган дар. Лаппута ама чызджыта адарсга амбалдысты карадзиуыл армастдар иунаг бынаты – хъазты мидаг. Куывдты ама чындзахсавты лаппута ерысай авдыстой са арахстдзинад, се ‘гъдау. Ама-иу кад зардама чи цауы, уыцы чызгима къухы бафтыдис акафын – уад хардма да худ аппар. Уымай уалдай симды уыдис ганан чызджы цонгыл хацгайа кафын. —— Ныры цард бира ивддзинадта бахаста кастарты ахастдзинадтам. Раздар уаван каман на уыдис, ахам хъуыддагта ныр арвылбойнаг систы. Фала ма абон дар лаппутан са фылдар, бинонты хъуыддаг баканыны афон куы арцауы, уад факасынц рог ама къайных чызджытам на, фала на фыдалта бира азты даргъы аргъ цаман кодтой, уыцы миниуджыта кама ис, уыдонма.

Посмотрите также:

Наверх Бесплатные презентации по различным предметам, 2016—2019
Все права на материалы, находящиеся на сайте, принадлежат их авторам. Все презентации были собраны из открытых источников.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Проектная работа на тему «Женщина- хранительница домашнего очага» .Каноны осетинской этики в духовно- нравственном воспитании молодежи.

Фарн уæм бадзурад, хорз адæм, æмæ уæ абоны хорзæх уæд!

Нæ ныхас, нæ хъуыдытæ нæ райдайын фæнды не мзæххон Пагæты Аслæнбег ирон чызгыл цы мдзæвгæ ныффыста, уымæй.

ИРОН ЧЫЗГ

Сæумæ цъыккæй цъылын къухы
Фыццаг æмбал сауæхсидæн.
Хур йæ тынтæ чызгыл тухы
Цин кæны йæ рæсугъд митыл.

Æфснайы йæ хуыссæн уаты
Иту æвæрд хæдæтты.
Алы куыстмæ нæ зæрватыкк
Рæвдз æвналы, у цæттæ.

Лæппумæ йæм нæй уæлдай каст.
Фыдмæ не змæлы æрфыг.
Мады сæныкк, уарзтæй буц хаст.
Йæ номыл нæ бады рыг.

Цæст нæ ары ацы чызджы
Хорз миниуджыты кæрон.
Нæй йын бафсæдæн йæ хуызæй,
Уымæн æмæ у Ирон!

Ирон дæн æз! Ирон! Зæгъын æй æз сæрыстырæй!

Амондджын хонын æз мæхи, ацы зæххыл мæ Стыр Хуыцау иронæй кæй сфæлдыста! Ирыстоны зæххыл! Иры хæхты хъæбысы.

Ирон кæй дæн, уымæн мын афтæ адджын æмæ зынаргъ у, мæ уарзон райгуырæн бынат!

Мах сæрыстыр стæм нæ ирон адæмы рæсугъд фæзминаг æгъдæуттæй!

Æмæ нæ уый фæдыл æрфæндыд ирон сылгоймаг, ирон чызджы фæзминаг миниуджытыл проект скæнын.

Проекты нысан

Бацæттæ йæ кодтой – Туаты Ацæмæз, Бестауты Олеся, Цхуырбаты Миленæ æмæ Черчесты Светланæ.

Проекты разамонæг- Мæргъиты Ингæ.

Нæ проекты нысан у фæсивады базонгæ кæнын ирон сылгоймаг, ирон чызджы фæзминаг æгъдæуттимæ. Нæ фыдæлтæ сылгоймагæн: нанайæн, мадæн, хойæн, хъæбулæн, уарзон чызгæн цавæр аргъ кодтой, куыд бæрзонд кад лæвæрдтой, æппæт уыдæттимæ базонгæ кæнын ахуырдзауты.

Проекты хæс

Проектыл кусгæйæ нæ хæсыл банымадтам рæзгæ фæлтæрты æргом здахын ирон сылгоймаджы æгъдæутты сусæг мидисмæ, цæмæй рохуаты ма зайой нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ, æмæ сæм сæвзæрын кæнын уарзондзинад.

Ирон чызг хъуамæ уа æгъдауджын

Йæ хистæртæн кæна лæггад

Уый хъуамæ уа уæздан, æфсармджын

Æмæ дзы уæд уыдзæни кад.

Практикон хай1

Хъыгагæн, бирæ чызджытæ сæхи дарын кæй нæ зонынц уынджы уа, цины кæнæ зианы хъуыддаджы, уый у нæ иумæйаг проблемæ. Æмæ сæ бафтауын æфсарм æмæ гъдауыл та у нæ хæс.

Бирæ рæсугъд æгъдæуттæ уыдис æмæ ис ирон адæммæ. Æмæ, цæмæндæр, ныхас куы рацæуы ирон æгъдауыл, уæд бирæтæ фылдар хатт райдайынц ирон бæрæгбæттæ æмæ ирон фынджы æгъдæуттай. Уыдон дæр ахсджиаг куыд не сты. Се ‘ппæтыл ацы ран нæ бон аххæссын нæ бауыдзан. Фæлæ, абон бацархайдзыстæм, ирон сылгоймаг, ирон чызджы фæзминаг æгъдæуттыл æрдзурын.

Æвæццæгæн, зæххыл ахæм тых нæй, æмæ сылгоймагима кæй ис абарæн… Сылгоймаг у хуры тынтау рæсугъд æмæ фæлмæн, сылгоймаг у фарн æмæ амондхæссæг… Сылгоймаг. Мад. куыд æгæрон тых ис уыцы дзырдты… Ирон адæм рагæй æрæгмæ дæр кувынц сылгоймаг – бардуагмæ, Мады Майрæммæ, курынц дзы цот, фæдзæхсынц сæ хъæбулты.

Сылгоймагимæ баст сты нæ царды тæккæ рæсугъддæр æмæ ахсджиагдæр цаутæ. Саби фыццаг кæй фæзæгъы, уыцы ныхас вæййы – мад. Сылгоймаг у бинонты бындур, сылгоймаг хъомыл кæны цот, сылгоймагæй фидауы хæдзар.

Сылгоймаджы бафхæрын нæ фыдæлтæм нымад уыдис стыр фыдракæндыл, æмæ йын кодтой карз тæрхон, суанг туг исыны онг. Сылгоймагæй маст исын (мстить) нымад уыди худинагыл, нæлгоймаджы ном чи хæссы, уымæн . Ирон адæммæ бирæ ис, сылгоймагæн кад кæнынимæ баст чи у, ахæм æгъдæуттæ. Зæгъæм, дыууæ нæлгоймаджы хыл кæнынц, æмæ сылгоймæгтæй исчи се ‘хсæн йæ кæлмæрзæн æрæппæрста, уæд-иу уайтагъд сæ хыл ныууагътой, æмæ сæ кæрдтæ кæрддзæмты сæвæрдтой.

Цымыдисаг æмæ вазыгджын у уайсадыны æгъдау. Чындз йæ цæрæн хæдзарма куы бацæуы, уæд бинонты хистæртæм уайсадгæ фæкæны, ома сæ разы дзургæ нæ фæкæны. Уыимæ, бинонтæ сæхæдæг дæр уайсадæг чындзы æфсæрмæй йæ разы нæ кодтой уæлдай ми, кæнæ цы не ‘мбæлы, ахæм ныхас. Ныры хистæртæ чындзы дæргъвæтин рæстæг уайсадын нал уадзынц. Кусарт акæнынц,сæ сыхбæстæ æрхонынц æмæ чындзмæ нуазæн авæргæйæ йæ сæхимæ сдзурын кæнынц.

Ацы æгъдауимæ мах базонгæ стæм нæ проектыл кусгæйæ. Æмæ нæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Фæлæ, хъыгагæн, сæфтмæ цæуы. Бирæ кæстæртæ зонгæ дæр нæ кæнынц, уайсадын цы у, уый. Уыцы æгъдау чындзæн ахъаз кодта йæхи куыд æмбæлы афтæ дарынæн: уæзданæй æмæ баронæй, уыимæ хистæртæн уалдай кад кæнын. Хорз уаид, æппæт ирон адæм дæр уыцы æгъдаумæ се ргом фæстæмæ куы раздахиккой, уæд.

Сылгоймаджы хъысмæт уæззау кæй уыд, уый йæ уацмыстæ æмæ нывты ирдæй равдыста нæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста дæр.

Нæ зæрдыл ма арлæууын кæнæм Нарты гуыппырсарты.

Уыдонæй аппæты хъæздыгдæр миддуне уыд Батырадзæн. Уый сылгоймагæн кодта уæлдай кад, уыд æппæтæй дзыхылхæстдæр, стæй уалдай уаздандзинад та вдыста фынджы уæлхъус. Ама куы амард, уад ыл Хуыцауы зæрдæ дæр уымæн афтæ тынг фæрыст, авæццæгæн, æмæ йыл æрæппæрста æртæ цæссыджы. Сæ бынæтты сæвзарди кувæндæттæ – Реком, Мыкалгабыртæ æмæ Таранджелос.

Тынг бæрзонд уыдис æвæрд хæдзары æфсины бынат бинонты хсæн . Чызджыты хъомыл кодтой уаздан æмæ хиуылхæцагæй, сылгоймаджы миниуджытæй æххæстæй. Къæйных ныхасгæнаг, æнæуæздан, лæгой арæзт чызг адæмы астæу уыдис худинаг. Ахæм хæдзармæ хорз усгур нæ цыдис. Уæдæ стыр æгаддзинадыл нымад уыдаид чызг лæппуты ‘рдæм æгæр куы кастис, уæд. Лæппу æмæ чызг кæрæдзийы зæрдæмæ куы цыдысты, уæддæр-иу фембæлдтæм нæ уадысты, кад-иу æнæнхъæлæджы кæрæдзийыл фембæлдысты æмæ дыууæ ныхасы загътой, уæд хорз. Исчи чызгмæ йæ æнгуылдзæй дæр бандзæвыдис – додой кодтаид йа сæр. Уымæн æмæ ахæм цау æгаддзинад хаста æгас мыггагæн дæр. Лæппутæ æмæ чызджытæ æдæрсгæ æмбæлдысты кæрæдзиуыл æрмæстдæр иунæг бынаты – хъазты мидæг. Æмæ-иу кæд зæрдæмæ чи цæуы, уыцы чызгимæ къухы бафтыдис акафын – уæд хæрдмæ дæ худ æппар. Уымæй уæлдай симды уыдис гæнæн чызджы цонгыл хæцгæйæ кафын.

Ныры цард бирæ ивддзинæдтæ бахаста кæстæрты ахастдзинæдтæм. Абон лæппутæн сæ фылдæр, бинонты хъуыддаг бакæныны афон куы æрцæуы, уæд фæкæсынц рог æмæ къæйных чызджытæм нæ, фæлæ нæ фыдæлтæ бирæ азты дæргъы аргъ цæмæн кодтой, уыцы миниуджытæ кæмæ ис, уыдонмæ.

Цымыдисаг у ахам хабар. Раджы заманы, хистæримæ ныхас кæнгæйæ, æрыгон лæг бафиппайдта: йæ чысыл фырт, зæххыл быргæйæ мæнæ-мæнæ уæлхæдзарæй дæлæмæ ахаудзæн. Уæд йæ ныхæс дарддæр кæнгæйæ, лæг аивæй сывæллоны хæдоныл йæ къахæй ныллæууыдис, æмæ йыл хæцыдис æфтæ, цалынмæ хистæр ацыдис, уæдмæ. Йæ хъæбулы аирвæзын кæныны охыл дæр ирон лæг нæ ахызтид æгъдауы сæрты, нæ йæ систа йæ къухмæ, хистæры æфсæрмæй.

Сылгоймагæн, уæлдайдæр чызгæн, йæ алы уæнджы дæр хъуамæ уа æгъдау. Æгъдау йæ ацыды, æгъдау йе рбацыды, йе сныхасы, суанг ма йе рбадт æмæ йæ сыстады дæр. Йæ алы фезмæлд дæр хъуамæ уæ уæздан, æнæ уæлдай мийæ. Хъуамæ арæхса æнæмæнг хæринаг кæнынмæ, уалдайдæр та хыссæима архайынмæ; хуийын, бийын, æмæ хæдзары алы куыстмæ дæр.

Ирон адæм бæгæныйæн кæнынц стыр кад . Æнæ бæгæныйæ иу бæрæгбон дæр нæ бæрæг кæнынц. Бæгæныйы фæзынд баст у Нарты кадджытимæ.

«Уырызмæг хъæды уыдис æмæ сырддонцъиумæ фæкомкоммæ. Сырддонцъиу, хуымæллæгæй цы гага рызгъæлы, уыдонæй æртæ гагайы ахордта, æмæ зæхмæ æрхауди. Цъиу мæлгæ нæ акодта, фæлæ ратул-батул кодта. Уырызмæг сæхимæ куы рцыд, уæд Сатанайæн радзырдта, сырддонцъиу уыцы гагатæй фæрасыг, зæгъгæ.

Практикон хай 2

Нæ проектыл кусгæйæ сылгоймаг æмæ чызджы тыххæй сæмбырд кодтам бирæ æмбисæндтæ æмæ арфæтæ. Зæгъæм:

Сылгоймаг йе ‘фсармæй фидауы.

Сылгоймагæй æфсæрмы хъæуы.

Æфсинты армæй сой тæдзы.

Бæркадкъух Сатана.

Усæй цæуы хæдзары бæркад æмæ лæджы хорз.

Бæркад сылгоймаджы къухæй цæуы.

Чызджы былтыл — æгънæг хуыд.

Хъазау джихтæ цы чызг кæны, уый чындзагæн нæ бæззы.

Æвзæр чызг — лæмаринаг сынкъ.

Æвзæр чызг йæ мыггагæн — фыдми ’мæ худинаг.

Æвзæр чызг йæ фыды къонайыл зайы.

Абадгæ чызг мæстыгæр вæййы.

Чызджы йæ фидис ингæны дæр нæ уадзы.

Нарт чызджы ’фхæрд лæгæн нæ барстой.

Чызг æмæ чындз æфсæрмæй бæззынц.

Чызг мыггагæй æвзарынц.

Ус куы курай, уæд æй йæ мадæй бафæрс.

Чызджы зæрдæ балхæнынæн бирæ нæ хъæуы.

Практикон хай 3

Æппæт уыдæттыл мæн дæр сахуыр кодтой мæ хистæртæ. Уымæй уæлдай ма ирон чызг, мæнмæ гæсгæ, æнæмæнг, хъуамæ арæхса кафын, зарын æмæ фæндырæй цæгъдынмæ. Мах æртæйæ дæр кафты аивадмæ уæлдай ямхицдæр разындыстæм. Нæ зæрдæ хсайдта нæхи ирон кæф цагъдмæ, æмæ мæхицæн дзырд раттон, кæй йыл сахуыр кæндзынæн, ууыл. Исты мын дзы рауад, æви нæ, уымæн та сымах ут æвдисæн…

Ирон чызг! Æрмæстдæр дыууæ дзырды! Фæлæ сæ цас хъуыды, цас мидис, цас æгъдау æмæ æфсарм æвæрд ис!

Ирон дæн æз! Ирон чызг!

Ацы дыууæ дзырды дзургæйæ дæр ныхасы уаг кæны уæлдай уæздандæр æмæ уæлдай æфсæрмдзастдæр. Æмæ хъуамæ æцæгæйдæр афтæ уа!

Мæнмæ гæсгæ, ирон чызг хъуамæ уа уæздан æмæ хиуылхæцгæ, сылгоймажы миниуджытæй æххæст. Къæйных ныхасгæнаг, æнæуæздан æмæ лæгой арæзт чызг, уæлдайдæр ирон чызгæн, адæмы астæу у худинаг. Раздæр-иу ахæмы хæдзармæ хорз лæппу усгур нæ цыд.

Хуыцау зæххыл цы рæсугъд дидинджытæ сфæлдыста, уыдонай иу у сылгоймаг. Уый у къонайы фарн æмæ царддæттæг, хо æмæ чызг.

Цыфæнды зын уавæрты дæр ирон сылгоймаг, ирон чызг йæ уæздан ном никуы чъизи кодта, йæ сæрмæ æгаддзинад никуы хаста, æмæ йæ кæстæрты дæр ахуыр кодта ирон æгъдау æмæ кадыл.

Мæнæн, хъыгагæн, æфсымæр нæй. Фæлæ мæ бинонтæ, мæ мыггаг, ме рвадæлтæ, мæ хъæубæстæ, мæ Ирыстон, мæн тыххæй сæ худыл бынмæ не рхæцдзысты, æгаддзинад мæ сæрмæ никуы рхæсдзынæн. Архайын æмæ бацархайдзынæн ууыл, цæмæй ирон уæздан чызджы ном, ирон фæзминаг сылгоймаджы ном кæронмæ сыгъдæгæй ахæццæ кæнон.

Практикон хай 4

Дзырдуат. Зынæмбарæн дзырдтæ.

Мæлхъ — павлин (маргъ)

Уарди – роза (дидинæг)

Уайсадын- молчать в присутствии старших(невестке)

Хъуырдухæн кæнын- мучаться

Уæдæ скæнæм хатдзæгтæ:

Проектыл кусгæйæ нæ хæсыл банымадтам рæзгæ фæлтæрты æргом здахын ирон сылгоймаг, ирон уаздан чызджы фæзминаг æгъдæуттæм, цæмæй рохуаты ма зайой. Хъыгагæн, бирæтæ сæхи дарын кæй нæ зонынц уынджы уа,бинонты астæу, уый у нæ иумæйаг проблемæ æмæ сæ бафтауын æфсарм æмæ гъдауыл та у нæ хæс.

Æппæт уыдаттыл æрдзурын æмæ бакусын уыд нæ размæ æвæрд хæс, фæлæ æххæстæй нæ къухы нæ бафтыд. Нæ зæрды ис дарддæр бакусын ацы æгъдауттыл æмæ семæ зонгæ кæнын рæзгæ фæлтæры.

  • Для учеников 1-11 классов и дошкольников
  • Бесплатные сертификаты учителям и участникам

1. Бæстондæр æрлæууын æмæ бакусын Азауы фæлгонцыл, раргом кæнын сæйраг хъайтары трагикон хъысмæты аххосæгтæ, йæ миддуне

2.Ахуыр кæнын скъоладзауты сыгъдæг зæрдæйæ æнкъарæнтæн аргъ кæныныл, сæрибар, кад æмæ намыс хъахъхъæныныл , ивгъцыд цард абоны цардимæ абарын.

3. Ныхасы рæзтыл бакусын.

Зæгъон ныр хъуамæ барджыны ныхæстæ

Уæ номæй дæр уæ куырм æгъдæуттæн æз.

Зæгъон ныр хъуамæ, амонд æмæ уарзтæн

Кæй ныййардта ирон чызджы дæр срдз

(Хостыхъоты Зинæ)

Хъуысы сабыр æнкъард мелоди, дзуры скъоладзау зæронд усы дарæсы.

(Æз уæм æрцыдтæн ивгъуыд æнустæй,

Мæ уд дзынæзта, мин азы куыдта…

Æз рагон Иры хъарæггæнæг ус дæн…

(æнкъардæй бандоныл æрбады)

Йæ фæлурс уадултыл йæ цæссыг æрцæуы:

Уый рагон цæссыг у, æнусон цæссыг

Сылгоймаджы хъарæг кæй зæрдыл нæ лæууы,

Кæй цæстыл нæ уыйы сылгоймаджы хъыг?

Æхгæд у сылгоймаджы фæндаг, хæрзæхгæд

Хъыгдард у, ыссæст у, йæхæдæг фыдæфхæрд.

Кæд уыдзæн сылгоймаджы рухсыдуг, кæд?

Фæллойгæнсг усæй, фæллой гæнæг чызгæй –

Æппæтдæр æнæскаст: бæрæг у сæ зын

Цæй, равдисут абон уæ фæндтæ ныфсджынæй,

Цæй равдисут абон æфхæрды бæллын.

Ацы урочы нæ хæс у, раргом кæнын сыгъдæгзæрдæ, йæ миддуне хъæздыг, фæлæ цардæй æфхæрд, æбср сылгоймаджы хъысмæт, абарæм сылгоймаджы ивгъуыд цард абоны цардимæ.

Дзырдуатон куыст.

Концепци – авторы хъуыды царды фæзындты тыххæй.

Равзарæм уæдæ Секъайы уацмыс æмæ бамбарæм, куыд æвдисы фыссæг сылгоймаджы хъысмæт.

Иу скъоладзау нæ базонгæ кæндзæн Секъайы царды хабæрттимæ /чысыл презентаци/.

Къордгай куыст(Ахуырдзауты адих кæнын дыууæ къордыл)

-У радзырд , литературон таурæгъ.

2-аг къ. Секъа йæ уацмысты сюжеттæ цæй бындурыл арæзта?

-Йæ радзырдты сюжеттæ фыссæг амадта æхсæнадон царды цауты бындурыл, пацда кодта истоион таурæгътæй, æцæг хабæрттæй, æмбисæндтæй.

1-аг къ .Цы у таурæгъ,йæ сæйраг миниуджытæ цавæртæ сты?

-Таурæгъгæнæг радзуры ахæм хабар, царды æцæг чи æрцыд, йæхæдæг кæй федта, кæнæ кæй фехъуыста , чи йæ федта, уыдонæй. Æцæг хабар ,дам, уыдисТаймураз æмæ Азауы уарзондзинад дæр. Уымæн æвдисæнæн сæ ингæныл Ганисы хъæуы сæрмæ, уæлмæрды астæу лæууы стыр сывылдз бæлас /равлисын слайд/.

-Секъайы таурæгътæ куы кæсай,уæд дæм афтæ кæсы,цыма фыст ныхæстæ нæ кæсыс,фæлæ демæ чидæр ныхас кæнч æмæ йын хъусыс йæ фæлмæн, фæлæ барджын ныхас.

-Таурæгъгæнæг æрмæст хабæрттæ дзурæг нæу,фæлæ ма у дуджы, адæмы, хабæртты тæрхонгæнгæнæг дæр. Секъа дзы кæмæн йæ хорзы кой ракæны, кæй та æгъатырæй бафхæры .

Секъайы таурæгъты хъайтартæ самайынц хъæбатыр тох царды æнæраст хъуыддæгты ныхмæ.Хъæбатырæй мæлгæ дæр акæнынц.

-Таурæгъы цаутæ кæрæдзийы ивынц æмæ уацмыс асæй чысыл, фæлæ хабæрттæй та хъæздыг вæййы.

-Секъа йæ таурæгъты цы адæмы кой фæкæны, уыдонæн сæ царды фæндаг равдисы кæронмæ ,мæлæты бонмæ.

2-аг къ .Сылгоймаг уæлдай ссæст æмæ æбар кæм уыд, йæ тыхст, маст æмæ хъизæмæрттæ кæм цуынц, Секъайы уыцы радзырдтæй ма цавæртæ зонут?

Таймураз- Цариты Валерий. Спектакль сæвæрдта(режиссер) Бекоты Роза.

Ах-æг. Уацмысы сюжетæй бæрæг у, цы цæстæй кæсы автор патриархалон дунемæ æмæ уый у царды концепци.

Ахъуыды кæнут æмæ зæгъут,чи сты таурæгъы сæйраг фæлгонцтæ?

-Таурæгъы сæйраг фæлгонцтæ сты Азау æмæ Таймураз. Азау трагедийы сæйраг у. Уымæн зындæр уыд фыдæлты ныхмæ рацæуын. Азау æмæ Таймураз агурынц рæстдзинад. Секъа , куыд фыссæг, у æрыгæтты фарс, сæ уарзондзинады фарс æмæ сæ æвдисы иттæг уарзонæй, сæ уавæрыл сыл хъыг кæны зæрдæбынæй.

Таурæгъы райдиан Азау æмæ Таумуразы трагикон уавæр цавæр символикон нывæй æвдисы автор?/ ссарын чиныджы/

-Таймураз æмæ Азау Биботы кæрты хъæбыс-хъæбыс бафынæй сты…/143 фарс/

3. Зæгъут,цавæртæ сты Азауы характеры сæйраг миниуджытæ?

/Бакæсæм ма Азау æмæ Таймуразмæ. Сæ фембæлд. Инсценировкæ./

Ах-æг . Таймураз æмæ Азау æнæ кæрæдзи нæ бафæрæзтой цæрын. Æмæ æцæгæйдæр цæимæ ис абарæн уарзтæн, ацы диссаджы æнкъарæнæн. Уарзондзинад! Ацы ныхас фехъусгæйæ , цæстытыл ауайынц сæууон хуры тынтæ ,уалдзыгон дидинджытæ, кæйдæр цæхæркалгæ цæстытæ.

Зæрдыл æрбалæууынц Ромео æмæ Джульеттæ, Фатимæ æмæ Ибрагим, Азау æмæ Таймураз.

Уæдæ, уарзондзинад у адæймаджы цардмæ разæнгард чи кæны æмæ йыл базыртæ чи садзы, уыцы уæларвон тых.

Ах-æг . Фыссæг æнахуыр зæрдæмæхъаргæ ахорæнтæй пайда кæны Азауы тыхст уавæр, йæ маст, йæ зæрдæйы катай равдисынæн.

/Ссарут ма тексты уыцы бынæттæ æмæ сæ бакæсут /.

Ах-æг. Ахæм тыхст цард фæкодта Азау Таймуразы мысгæйæ.

/Азау æмæ Магдайы фембæлд . Сценкæ. 157 фарс/

Кæй аххос у, Таймураз æмæ Азау цардæй кæй ницы федтой, афтæмæй сау мæрмæ кæй бацыдысты, уый. Кæд , мыййаг, сæхи аххос у?

-Нæ, уый сæхи аххос нæу. Уый у се намонддзинад. Зианхæссæг рагон æгъдæутты сæрты ахизын нæ баци. Ницы рауад сæ тохæй- ис сын трагикон хъысмæт. Фæлæ сын кæсæм сæ таурæгъ æмæ стæм сæ фарс – сæ лæгдзинады , се стыр уарзондзинады фарс.

-Мæнмæ гæсгæ,ам аххосджын уыдысты Азауы мад æмæ фыд. Уыдон нæ тыхстысты сæ чызджы амондыл, нæ хъуыды кодтой, куыд цæрдзæн сæ чызг, кæй нæ уарзы, ахæм адæймагимæ, фæлæ йæ фосау уæй кодтой , стырдæр ирæд сын чи ратта,уымæн.

Ах-æг . Азауы бынаты та сымах куыд бакодтаиккат?

-Æз мæ уарзондзинадыл мæ къух нæ систаин æмæ бакодтаин æрмæстдæр Азауы хуызæн.

-Æз байхъуыстаин мæ мад æмæ мæ фыдмæ,уымæн æмæ хъуыддаг æнæтугныккалгæ нæ ахицæн уыдаид.

Ах – æг: Сымах та куыд хъуыды кæнут, Сцæгдæр амонд хъæздыгдзинады ис?

— Мæнмæ гæсгæ, амонд хъæздыгдзинады нæй, адæймаг æцæгæй дæр кæй уарза, уыимæ хохы цъуппыл дæр фæцæрдзæн, кусын куы уарза, уæд.

Ах – æг: Раст зæгъыс, кусын куы уарза, уæд.

Дунейы хъæздыгдзинæдттæ иууылдæр æсты куысты фæрцы.

Адæймаг куыстæй фидауы. Куыст у адæймаджы рæсугъдгæнæг, уæздангæнæг.

Абон бакуыстам Азауы фæлгонцыл. Цæуыл нæ ахуыр кæны?

Азауы фæлгонц нæ ахуыр кæны цæрыныл, уарзыныл, сыгъдæгзæрдæ уæвыныл. Ацы радзырд куы бакастæн, уæдæй нырмæ мæм афтæ кæсы, цыма æз дæр æнусмæ æрмæстдæр иунæг адæймаджы уарздзынæн.

Ах-æг: Абайты Васо Секъайы рахуыдта «Иууыл адæмондæр фыссæг Секъайы уырныдта, йæ адæммæ рухсдæр фидæн кæй æнхъæлмæ кæсы, кæй æрцæудзæн сæрибар дуг, уый уыд йæ бæллиц. Йæ иу æмдзæвгæйы афтæ фыста:

Тæхуды, Ирыстоны сæрмæ

Куы фенин æз хурæн йæ тынтæ:

Гъе искуы ирон лæджы царды

Куы фенин æцæгæй мæ фынтæ…

Куыд æрцыд уыцы рæстæг? Секъайы бæллиц сæххæст æви нæ?

Ах – æг : Ныр та бакæсæм фæйнæгыл цы эпиграф ныффыстон, уый. Йæ автор у зындгонд ирон поэтессæ Хостыхъоты Зинæ.

Раст зæгъы автор, йæ ныхас здæхт у нæ фыдæлтæм, сæ æппаринаг æгъдæуддæм. Æмæ уымæн зæгъы ирон сылгоймаг дæр цæрынмæ кæй райгуырд, уарзынмæ æмæ уый дæр амонды аккаг кæй у.

— Царды æмæ ахуыры фæндæгтæ байгом сты ирон сылгоймæгтæн дæр.

Абон сæ къухы æфтынц сæ рæсугъд бæллицтæ. Нæ Иры чызджытæ ахуыр кæнынц, кусынц, канд нæ бæстæйы нæ, фæлæ ма бирæ фæсарæйнаг бæстæты дæр. Се ппæты кой нæ кæндзыстæм , нæ фыццæгты нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.

Саламты Софья – фыццаг хæххон ирон сылгоймаг, каст фæци С.М. Кировы номыл хæстон медицинон академи.

Бутаты Фатимæйæн – фыццаг ирон сылгоймагæн лæвæрд æрцыд Паддзахадон премийы лауреаты ном.

Дудараты Вероника – выццаг ирон сылгоймаг дирижер.

Туаты Ольга –фыццаг ирон сылгоймаг –профессор.

Калоты – Барахъты Еленæ – фыццаг ирон сылгоймаг прокурор æнæхъæн Цæгат Кавказы.

Кочысаты Розæ – фыццаг ирон сылгоймаг фыссæг.

— Фыццæгтæ иунæгæй нæ баззадысты. Бонæй — бонмæ рæзы нæ чысыл Ирыстонæн кад æмæ намыс чи хæссы, уыцы сылгоймæгты нымæц. Кубæйы, Сирийы, Турчы, Англисы, зæрдиаг къухæмдзæгъд кодтой ирон чызг- балеринæ Адырхаты Светланæйæн.

— Сылгоймагæн сæрибар бæстæйы цы кад æмæ намыс ис, уый иттæг бæрæгæй зыны Ирыстоны сылгоймæгты уавæрыл.

Æз дæр уыцы сылгоймæгтæм хауын. Нырма ныр цæуын царды стыр фæндагмæ æмæ мæ зæрдæ дарын, мæ бирæ фæндтæ мæ къухы кæй бафтдзысты, уымæн амæ цæрын сæрибар дуджы.

Хостыхъоты Зинæйы æмдзæвгæ «Æз – сылгоймаг у ирон сылгоймæгтæн гимны хуызæн æмæ йæ лæвар кæнын нæ абоны сылгоймаг-уазджытæн. (Скъоладзау дзуры æмдзæвгæ)

Ирондзинады рæзтæн запись закреплена

Цымыдисаг ама вазыгджын у уайсадыны агъдау. Чындз йа царыны хадзарма куыбацауы, уад бинонты хистартам уайсадга факаны, ома са разы дзурга на факаны. Уыцы агъдау чындзан ахъаз кодта йахи куыд амбалы афта дарынан: уазданай ама баронай. Уыима, бинонта сахадаг дар уайсадаг чындзы афсамай йа разы на кодтой уалдай ми кана цы не ‘мбалы, ахам ныхас. Ацы агъдау ирон адамма ныртакка дар ис, фала ныры хистарта чындзы даргъватин растаг уайсадын нал уадзынц. Кусарт аканынц,са сыхбаста архонынц ама чындзма нуазан аваргайа йа сахима сдзурын канынц.

Чызджыты хъомыл кодтой уаздан ама хиуылхацагай, сылгоймаджы миниуджытай аххастай. Къайных ныхасганаг, анауаздан, лагой аразт чызг адамы астау уыдис худинаг. Ахам хадзарма хорз усгур на цыдис. Уада стыр агаддзинадыл нымад уыдаид чызглаппуты ‘рдам агар куы кастис, уад. Лаппу ама чызг карадзийы зардама куы цыдысты, уаддар-иу фембалттам на уадысты, кад-иу ананхъаладжы карадзийыл фембалдысты ама дыууа ныхасы загътой, уад хорз. Исчи чызгма йа ангуылдзай дар бандзавыдис – додой кодтаид йа сар. Уыман ама ахам цау агаддзинад хаста агас мыггаган дар. Лаппута ама чызджыта адарсга амбалдысты карадзиуыл армастдар иунаг бынаты – хъазты мидаг. Куывдты ама чындзахсавты лаппута ерысай авдыстой са арахстдзинад, се ‘гъдау. Ама-иу кад зардама чи цауы, уыцы чызгима къухы бафтыдис акафын – уад хардма да худ аппар. Уымай уалдай симды уыдис ганан чызджы цонгыл хацгайа кафын.

—-— Ныры цард бира ивддзинадта бахаста кастарты ахастдзинадтам. Раздар уаван каман на уыдис, ахам хъуыддагта ныр арвылбойнаг систы. Фала ма абон дар лаппутан са фылдар, бинонты хъуыддаг баканыны афон куы арцауы, уад факасынц рог ама къайных чызджытам на, фала на фыдалта бира азты даргъы аргъ цаман кодтой, уыцы миниуджыта кама ис, уыдонма.

Рагай-арагма цард агъдауай фидауы. Ирон адам та агъдау домдтой аппат ама алкамай дар, суанг ныхасы уаджы ама хъадрабыны дар. Уыма гасга кастар хистары раз хъарай на дзырдта, хистар кастарима схуыст ныхас на кодиа. Сылгоймаджы хъалаба, хъар ныхас та на фатчыд – баркад сафаг уыд. Ама уымай алчидар йахи хъахъхъадта.

Барджыты хистар бадис кодта, фала ницы сдзырдта. Ус уыцы сады таппай иу дзул ракодта, уалкъай йа афыхта ама уазджытам бадзырдта: «Адих ай канут, уа нывонд фауон, файна къабары уам дзы архаудзан, ама уе стонг айсафдзан…

Уазджыты бавналдтой харынма. Кад стонг уыдысты, уаддар иу дар йа хай на фации хард, са бон ай на баци – ахам баркадджын разынд уыцы дзул.

Араджиау уазджыты хистар бафарста фысымы:

Ус ахъуыды кодта ама загъы:

Цыфанды зын уавары дар ирон сылгоймаг йа уаздан ном никуы фачъизи кодта, йа сарма агаддзинад никуы архаста ама йа кастарты дар ахуыр кодта ирон агъдау ама кадыл. Никуы фатарст ирон сылгоймаг, мад зындзинадтай.

Куыд на хъуама арымысам мах абон Ирыстоны хастрыст зарда мадалты рухс ном. Цал ама цал ныййараджы скодтой са уала саута? Цал ама цал мадан нал раздахт йа фырт хасты быдырай? Фыдыбастайы Стыр хасты фамард: 2 хадзарай-авдгай фыртта, 7 хадзарай- ахсазгай фыртта, 26 хадзарай- фандзгай фыртта, 92 хадзарай- цыппаргай фыртта, 100 хадзарай- артыгай фыртта…

О,ныййараг мад, куыд фидар ама фаразон разындта! Хъабулы сафтан, дам, арс дар на фаразы, — фазагъынц. Фала ирон Мад бафаразта, арсай тыхджындар разынд.

Хъыгаган, абон дар дудынц хасты хъадгамтта, абон дар заххыл цауы хастыта, алыхуызон фыдбылызта. Абон дар на сур канынц мадалты цассынта… Ама хасты фамард кадима Райгуыран бастайы сарвалтау да хъабул, — уыман ма ис бамбаран. Фала цай ама кай тыххай аскъуыд Бесланы мадалты зардиагты разга цард? Куыд баурома уыцы маст ныццараг? Куыд цара дарддар уыцы мад, цардар разга уды камай фахъуыд уыцы сау фаззыгон бон. Фала Мад фаразон у, Мад арсай тыхджындар у, ама та стыр хъабатырдзинад ама агъдау равдыста ам дар ирон Мад.

Читайте также:

      

  • Сочинение на тему дир эбел
  •   

  • Сыновняя любовь сочинение рассуждение
  •   

  • Что такое талант художника сочинение
  •   

  • Сочинение на тему песня снежинки
  •   

  • Почему я люблю чай сочинение

2

Оглавление

Разныхас 1

Сæйраг хай 2

Хатдзæгтæ 11

Литературæ: 12

Разныхас

Фарн уæм бадзурад, хорз адæм, æмæ уæ абоны хорзæх уæд!

Нæ ныхас, нæ хъуыдытæ нæ райдайын фæнды не мзæххон Пагæты Аслæнбег ирон чызгыл цы мдзæвгæ ныффыста, уымæй.

Сæумæ цъыккæй цъылын къухы
Фыццаг æмбал сауæхсидæн.
Хур йæ тынтæ чызгыл тухы
Цин кæны йæ рæсугъд митыл.

Æфснайы йæ хуыссæн уаты
Иту æвæрд хæдæтты.
Алы куыстмæ нæ зæрватыкк
Рæвдз æвналы, у цæттæ.

Дидинæг йæ къухæй нуазы.
Чызгæн арфæтæ кæны.
Мæй йæм худы, арв æй уарзы.
«Æвзæр» мондагæй мæлы.

Лæппумæ йæм нæй уæлдай каст.
Фыдмæ не змæлы æрфыг.
Мады сæныкк, уарзтæй буц хаст.
Йæ номыл нæ бады рыг.

Цæст нæ ары ацы чызджы
Хорз миниуджыты кæрон.
Нæй йын бафсæдæн йæ хуызæй,
Уымæн æмæ у Ирон!

Ирон дæн æз! Ирон! Зæгъын æй æз сæрыстырæй!

Амондджын хонын æз мæхи, ацы зæххыл мæ Стыр Хуыцау иронæй кæй сфæлдыста! Ирыстоны зæххыл! Иры хæхты хъæбысы.

Ирон кæй дæн, уымæн мын афтæ адджын æмæ зынаргъ у, мæ уарзон райгуырæн бынат!

Мах сæрыстыр стæм нæ ирон адæмы рæсугъд фæзминаг æгъдæуттæй!

Æмæ нæ уый фæдыл æрфæндыд ирон сылгоймаг, ирон чызджы фæзминаг миниуджытыл проект скæнын.

Сæйраг хай

Проекты нысан

Проектон куысты темæ: «Сылгоймаг- къонайы фарн æмæ царддæттæг»

Бацæттæ йæ кодтой – Туаты Ацæмæз, Бестауты Олеся, Цхуырбаты Миленæ æмæ Черчесты Светланæ.

Проекты разамонæг- Мæргъиты Ингæ.

Нæ проекты нысан у фæсивады базонгæ кæнын ирон сылгоймаг, ирон чызджы фæзминаг æгъдæуттимæ. Нæ фыдæлтæ сылгоймагæн: нанайæн, мадæн, хойæн, хъæбулæн, уарзон чызгæн цавæр аргъ кодтой, куыд бæрзонд кад лæвæрдтой, æппæт уыдæттимæ базонгæ кæнын ахуырдзауты.

Проекты хæс

Проектыл кусгæйæ нæ хæсыл банымадтам рæзгæ фæлтæрты æргом здахын ирон сылгоймаджы æгъдæутты сусæг мидисмæ, цæмæй рохуаты ма зайой нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ, æмæ сæм сæвзæрын кæнын уарзондзинад.

Эпиграф

Ирон чызг хъуамæ уа æгъдауджын

Йæ хистæртæн кæна лæггад

Уый хъуамæ уа уæздан, æфсармджын

Æмæ дзы уæд уыдзæни кад.

Практикон хай1

Хъыгагæн, бирæ чызджытæ сæхи дарын кæй нæ зонынц уынджы уа, цины кæнæ зианы хъуыддаджы, уый у нæ иумæйаг проблемæ. Æмæ сæ бафтауын æфсарм æмæ гъдауыл та у нæ хæс.

Бирæ рæсугъд æгъдæуттæ уыдис æмæ ис ирон адæммæ. Æмæ, цæмæндæр, ныхас куы рацæуы ирон æгъдауыл, уæд бирæтæ фылдар хатт райдайынц ирон бæрæгбæттæ æмæ ирон фынджы æгъдæуттай. Уыдон дæр ахсджиаг куыд не сты. Се ‘ппæтыл ацы ран нæ бон аххæссын нæ бауыдзан. Фæлæ, абон бацархайдзыстæм, ирон сылгоймаг, ирон чызджы фæзминаг æгъдæуттыл æрдзурын.

Сылгоймаджы фæзынд æмæ сылгоймаджы удыхъæды тыххæй баззад ахæм таурæгъ:«Хуыцау æрбайста худгæ хуры тынтæй цалдæр, æрттиваг мæйы сонт æнкъарддзинад, мæлхъы сæрыстыр уæздандзинад æмæ уарди дидинæджы æмбисонды тæфаг. Цæмæй æгæр æлутон ма фæуа, уый тыххæй ма йæм бафтыдта ноджы уаддымгæйы æнæсарфат зилдухæнтæ, рувасы хиндзинад, тæрхъусы тæппуддзинад, мигъты цæссыгкалындзинад уарыны агъоммæ æмæ гæркъæраджы талф-тулфдзинад дзургæйæ. Чысыл ахъуыдыйы фæстæ ма йæм бафтыдта ноджы хъаймæты æппæт бæллæхтæ, арт, зæй, арвæрттывд, арвнæрд, тымыгъ, тæрккъæвда. Æма æппæт уыдæттæй сарæзта сылгоймаг. Радта йæ сæумæйæ нæлгоймагæн æмæ загъта: «Ауыд ыл, уымæн æмæ дыккаг ахæм скæнæн нал ис… Стæй йæ дзæгъæлы æндæр хуызы рацаразыныл дæр ма архай – сылгоймаг у!»

Æвæццæгæн, зæххыл ахæм тых нæй, æмæ сылгоймагима кæй ис абарæн… Сылгоймаг у хуры тынтау рæсугъд æмæ фæлмæн, сылгоймаг у фарн æмæ амондхæссæг… Сылгоймаг!.. Мад!.. куыд æгæрон тых ис уыцы дзырдты… Ирон адæм рагæй æрæгмæ дæр кувынц сылгоймаг – бардуагмæ, Мады Майрæммæ, курынц дзы цот, фæдзæхсынц сæ хъæбулты.

Сылгоймагимæ баст сты нæ царды тæккæ рæсугъддæр æмæ ахсджиагдæр цаутæ. Саби фыццаг кæй фæзæгъы, уыцы ныхас вæййы – мад. Сылгоймаг у бинонты бындур, сылгоймаг хъомыл кæны цот, сылгоймагæй фидауы хæдзар.

Зæрдæмæдзæугæ ныхæстæ загъта не мзæххон Цæгæраты Максим дæр сылгоймаджы тыххæй: «Цард æппæты фыццаг сылгоймаджы зардæйы райгуырд. Сылгоймаджы зæрдæйы уидæгтимæ баст у дунейы æппæт дæр: сывæллоны фыццаг цъæхахст, хъæбулы фыццаг бахудт, авдæны уынгæг æмæ фæлмæн зарæг, фæндыры æмбæхст миддуне, нæлгоймаджы кадавар цæссыгтæ, хæстоны нæргæ кад æмæ хъарæджы фæйнæрдæм тонгæ хъуырдухæн… Æрмæстдæр cылгоймаджы зæрдæйы уыдис уыдонæн райгуырæн.»

Ирон æхсæнады сылгоймагæн уыдис стыр кад æмæ намыс. Бæхджыны размæ-иу сылгоймаг куы фæцис, уæд-иу æнæмæнг хъуамæ йæ бæхæй æрхызтаид æмæ салам раттаид. Уæдæ сылгоймæгтæ лæгты раз фæцæйцæуой – уæд иу сын сыстадысты. Сылгоймæгтæн сæ хистæр арфæ ракодтаид æмæ-иу сын загъта: «Сбадут, уæ хорзæхæй», зæгъгæ.

Сылгоймаджы бафхæрын нæ фыдæлтæм нымад уыдис стыр фыдракæндыл, æмæ йын кодтой карз тæрхон, суанг туг исыны онг. Сылгоймагæй маст исын (мстить) нымад уыди худинагыл, нæлгоймаджы ном чи хæссы, уымæн . Ирон адæммæ бирæ ис, сылгоймагæн кад кæнынимæ баст чи у, ахæм æгъдæуттæ. Зæгъæм, дыууæ нæлгоймаджы хыл кæнынц, æмæ сылгоймæгтæй исчи се ‘хсæн йæ кæлмæрзæн æрæппæрста, уæд-иу уайтагъд сæ хыл ныууагътой, æмæ сæ кæрдтæ кæрддзæмты сæвæрдтой.

Цымыдисаг æмæ вазыгджын у уайсадыны æгъдау. Чындз йæ цæрæн хæдзарма куы бацæуы, уæд бинонты хистæртæм уайсадгæ фæкæны, ома сæ разы дзургæ нæ фæкæны. Уыимæ, бинонтæ сæхæдæг дæр уайсадæг чындзы æфсæрмæй йæ разы нæ кодтой уæлдай ми, кæнæ цы не ‘мбæлы, ахæм ныхас. Ныры хистæртæ чындзы дæргъвæтин рæстæг уайсадын нал уадзынц. Кусарт акæнынц,сæ сыхбæстæ æрхонынц æмæ чындзмæ нуазæн авæргæйæ йæ сæхимæ сдзурын кæнынц.

Ацы æгъдауимæ мах базонгæ стæм нæ проектыл кусгæйæ. Æмæ нæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Фæлæ, хъыгагæн, сæфтмæ цæуы. Бирæ кæстæртæ зонгæ дæр нæ кæнынц, уайсадын цы у, уый. Уыцы æгъдау чындзæн ахъаз кодта йæхи куыд æмбæлы афтæ дарынæн: уæзданæй æмæ баронæй, уыимæ хистæртæн уалдай кад кæнын. Хорз уаид, æппæт ирон адæм дæр уыцы æгъдаумæ се ргом фæстæмæ куы раздахиккой, уæд.

Уайсадыны æгъдауыл ма сæмбæлдыстæм 5-æм къласы нын нæ ахуыргæнæг Илас Æрнигоны чысыл ныв «Уайсадæг чындз», зæгъгæ, куы сæвæрдта, уæд.

Раздæры заманты уынаффæйы бар хаудис æрмæстдæр нæлгоймæгтæм. Бинонты ‘хсæн нæлгоймаг уыдис хæдзары хицау, æмæ йын сылгоймаг йæ ныхас кæддæриддæр æххæст кодта, фæстæмæ йæм нæ дзырдта. Уæлдайдæр та адæмы астæу. Уымæн æмæ, уымæй уый фегад кодтаид йæхи дæр, йæ сæры хицауы (йæ лæджы), йæ бинонты дæр. Зондджын сылгоймаг кæмдæриддæр йæ лæджы кæд бæрзонддæр кæныныл архайы, æмæ уæд йæхæдæг дæр кадджындæр кæны. Сылгоймаг Ныхасмæ нæ цыдис æмæ лæгтимæ уынаффæ нæ кодта. Нæ йын æмбæлыдис цæуын кувæндæттæй бирæтæм. . Нæлгоймагимæ цæугæйæ-иу сылгоймаг цыд рахиз фарс, уый уыди кады æвдисæн… Цæвиттон, раджы заманты нæ адæммæ нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы хæстæ уыдысты хицæн, æмхæццæ нæ кодтой. Хъыгагæн, абон иуæй-иутæй уыцы гъдау рох кæнын райдыдта, æмæ бирæ бинонты ‘хсæн бæрæг нал вæййы, усæй лæгæй чи у «лæгдæр», уый.

Сылгоймаджы хъысмæт уæззау кæй уыд, уый йæ уацмыстæ æмæ нывты ирдæй равдыста нæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста дæр.

Зындгонд æвзагиртасæг В. Миллер Ирыстонмæ куы ссыд, уæд бирæ базыдта ирон æгъдæуттæй. Уæлдай диссаг æм фæкастысты ирон кад æмæ рад. Кæстæртæ хистæртимæ фынгыл нæ бадтысты. Фæсивæдæй никæй федта нуазгæ, тамако дымгæ, хъæрæй дзургæ, хистæрæн кад кодтой. Йæ зæрдæмæ тынг фæцыд ирон адæм кæрæдзимæ «ды» æмæ номæй кæй дзурынц, уый. Сылгоймагæн уæлдай кад кæй кодтой, уый та йæм сæрмæтты æгъдауы хуызæн фæкасти. Ирон лæг кæддæриддæр буц æмæ сæрыстыр уыд ирон æгъдау, ирон æфсарм, ирон фарнæй. Хуыддаг афтæ кæй уыд, уымæн ис бирæ æвдисæнтæ.

Нæ зæрдыл ма арлæууын кæнæм Нарты гуыппырсарты.

Уыдонæй аппæты хъæздыгдæр миддуне уыд Батырадзæн. Уый сылгоймагæн кодта уæлдай кад, уыд æппæтæй дзыхылхæстдæр, стæй уалдай уаздандзинад та вдыста фынджы уæлхъус. Ама куы амард, уад ыл Хуыцауы зæрдæ дæр уымæн афтæ тынг фæрыст, авæццæгæн, æмæ йыл æрæппæрста æртæ цæссыджы. Сæ бынæтты сæвзарди кувæндæттæ – Реком, Мыкалгабыртæ æмæ Таранджелос.

Тынг бæрзонд уыдис æвæрд хæдзары æфсины бынат бинонты хсæн . Чызджыты хъомыл кодтой уаздан æмæ хиуылхæцагæй, сылгоймаджы миниуджытæй æххæстæй. Къæйных ныхасгæнаг, æнæуæздан, лæгой арæзт чызг адæмы астæу уыдис худинаг. Ахæм хæдзармæ хорз усгур нæ цыдис. Уæдæ стыр æгаддзинадыл нымад уыдаид чызг лæппуты ‘рдæм æгæр куы кастис, уæд. Лæппу æмæ чызг кæрæдзийы зæрдæмæ куы цыдысты, уæддæр-иу фембæлдтæм нæ уадысты, кад-иу æнæнхъæлæджы кæрæдзийыл фембæлдысты æмæ дыууæ ныхасы загътой, уæд хорз. Исчи чызгмæ йæ æнгуылдзæй дæр бандзæвыдис – додой кодтаид йа сæр. Уымæн æмæ ахæм цау æгаддзинад хаста æгас мыггагæн дæр. Лæппутæ æмæ чызджытæ æдæрсгæ æмбæлдысты кæрæдзиуыл æрмæстдæр иунæг бынаты – хъазты мидæг. Æмæ-иу кæд зæрдæмæ чи цæуы, уыцы чызгимæ къухы бафтыдис акафын – уæд хæрдмæ дæ худ æппар. Уымæй уæлдай симды уыдис гæнæн чызджы цонгыл хæцгæйæ кафын.

Ныры цард бирæ ивддзинæдтæ бахаста кæстæрты ахастдзинæдтæм. Абон лæппутæн сæ фылдæр, бинонты хъуыддаг бакæныны афон куы æрцæуы, уæд фæкæсынц рог æмæ къæйных чызджытæм нæ, фæлæ нæ фыдæлтæ бирæ азты дæргъы аргъ цæмæн кодтой, уыцы миниуджытæ кæмæ ис, уыдонмæ.

Раздæр стыр бинонты ‘хсæн сылгоймæгтæ (æфсин, чызджытæ, чындзытæ– хистæрæй кæстæрæй) кодтой æрмæстдæр сæм цы куыстытæ хаудис, уыдон: хæринаг кæнын, сывæллæттæм зилын, æфснайын æмæ афтæ дарддæр. Сылгоймаджы хъуыддæгты йæ «фындз чи тъыссы», æхæм нæлгоймаг тынг йæхи фæхудинаг кодтаид, зарæггаг фæуыдаид. Уыцы æгъдаумæ гæсгæ, ирон лæг йæ сывæллæтты нæ рæвдыдта, суанг сæм къухæй дæр не ‘внæлдта, уæлдайдæр та хистæры раз.

Цымыдисаг у ахам хабар. Раджы заманы, хистæримæ ныхас кæнгæйæ, æрыгон лæг бафиппайдта: йæ чысыл фырт, зæххыл быргæйæ мæнæ-мæнæ уæлхæдзарæй дæлæмæ ахаудзæн. Уæд йæ ныхæс дарддæр кæнгæйæ, лæг аивæй сывæллоны хæдоныл йæ къахæй ныллæууыдис, æмæ йыл хæцыдис æфтæ, цалынмæ хистæр ацыдис, уæдмæ. Йæ хъæбулы аирвæзын кæныны охыл дæр ирон лæг нæ ахызтид æгъдауы сæрты, нæ йæ систа йæ къухмæ, хистæры æфсæрмæй.

Сылгоймагæн, уæлдайдæр чызгæн, йæ алы уæнджы дæр хъуамæ уа æгъдау. Æгъдау йæ ацыды, æгъдау йе рбацыды, йе сныхасы, суанг ма йе рбадт æмæ йæ сыстады дæр. Йæ алы фезмæлд дæр хъуамæ уæ уæздан, æнæ уæлдай мийæ. Хъуамæ арæхса æнæмæнг хæринаг кæнынмæ, уалдайдæр та хыссæима архайынмæ; хуийын, бийын, æмæ хæдзары алы куыстмæ дæр.

Ирон адæм бæгæныйæн кæнынц стыр кад . Æнæ бæгæныйæ иу бæрæгбон дæр нæ бæрæг кæнынц. Бæгæныйы фæзынд баст у Нарты кадджытимæ.

«Уырызмæг хъæды уыдис æмæ сырддонцъиумæ фæкомкоммæ. Сырддонцъиу, хуымæллæгæй цы гага рызгъæлы, уыдонæй æртæ гагайы ахордта, æмæ зæхмæ æрхауди. Цъиу мæлгæ нæ акодта, фæлæ ратул-батул кодта. Уырызмæг сæхимæ куы рцыд, уæд Сатанайæн радзырдта, сырддонцъиу уыцы гагатæй фæрасыг, зæгъгæ.

Сатана йын афтæ зæгъы: «Æрхæсс дзы, нæ лæг, мæн хъæуы гъе уымæй».

Сатана хорæй къуымæл сфыхта æмæ йын хуымæллæгæй æнтуан скодта. Æмæ къуымæлæй тынг расыг кодтой. Сатана фæстæдæр бæгæны æрхъуыды кодта. Уæдæй фæстæмæ бæгæны кæнынц».

Практикон хай 2

Нæ проектыл кусгæйæ сылгоймаг æмæ чызджы тыххæй сæмбырд кодтам бирæ æмбисæндтæ æмæ арфæтæ. Зæгъæм:

Сылгоймаг йе ‘фсармæй фидауы.

Сылгоймагæй æфсæрмы хъæуы.

Æфсинты армæй сой тæдзы.

Бæркадкъух Сатана.

Усæй цæуы хæдзары бæркад æмæ лæджы хорз.

Бæркад сылгоймаджы къухæй цæуы.

Чызджы былтыл — æгънæг хуыд.

Хъазау джихтæ цы чызг кæны, уый чындзагæн нæ бæззы.

Æвзæр чызг — лæмаринаг сынкъ.

Æвзæр чызг йæ мыггагæн — фыдми ’мæ худинаг.

Æвзæр чызг йæ фыды къонайыл зайы.

Абадгæ чызг мæстыгæр вæййы.

Чызджы йæ фидис ингæны дæр нæ уадзы.

Нарт чызджы ’фхæрд лæгæн нæ барстой.

Чызг æмæ чындз æфсæрмæй бæззынц.

Чызг мыггагæй æвзарынц.

Ус куы курай, уæд æй йæ мадæй бафæрс.

Чызджы зæрдæ балхæнынæн бирæ нæ хъæуы.

Практикон хай 3

Æрæджы не скъолайы уыд конкурс «Сæрæн чызджытæ», зæгъгæ, чызг-фæсивæды хсæн. Йæ саразыныл бацархайдтой хистæр кълæсты ахуырдзаутæ. Уым мах æвдыстам нæ арæхстдзинæдтæ алыхуызон хæслæвæрдты. Куыд арæхсæм хæринаг кæнынмæ, куыд зонæм ирон бæрæгбæттæ, ирон хæдзары дзаумæттæ æмæ мигæнæнтæ , семæ куыд раст архайын хъæуы, цавæр куыстытæ кæнгæйæ-иу сæ пайда кодтой нæ фыдæлтæ. Æвдыстам ма нæ арæхстдзинад кафын, зарын æмæ æмдзæвгæтæ аив кæсынæй, сценикон аивады равдисынæй. Уыцы конкурсы æз бацахстон фыццаг бынат.

Æппæт уыдæттыл мæн дæр сахуыр кодтой мæ хистæртæ. Уымæй уæлдай ма ирон чызг, мæнмæ гæсгæ, æнæмæнг, хъуамæ арæхса кафын, зарын æмæ фæндырæй цæгъдынмæ. Мах æртæйæ дæр кафты аивадмæ уæлдай ямхицдæр разындыстæм. Нæ зæрдæ хсайдта нæхи ирон кæф цагъдмæ, æмæ мæхицæн дзырд раттон, кæй йыл сахуыр кæндзынæн, ууыл. Исты мын дзы рауад, æви нæ, уымæн та сымах ут æвдисæн…

Ирон чызг! Æрмæстдæр дыууæ дзырды! Фæлæ сæ цас хъуыды, цас мидис, цас æгъдау æмæ æфсарм æвæрд ис!

Ирон дæн æз! Ирон чызг!

Ацы дыууæ дзырды дзургæйæ дæр ныхасы уаг кæны уæлдай уæздандæр æмæ уæлдай æфсæрмдзастдæр. Æмæ хъуамæ æцæгæйдæр афтæ уа!

Мæнмæ гæсгæ, ирон чызг хъуамæ уа уæздан æмæ хиуылхæцгæ, сылгоймажы миниуджытæй æххæст. Къæйных ныхасгæнаг, æнæуæздан æмæ лæгой арæзт чызг, уæлдайдæр ирон чызгæн, адæмы астæу у худинаг. Раздæр-иу ахæмы хæдзармæ хорз лæппу усгур нæ цыд.

«Мæ фыдгулы хæдзарæй ма сылгоймаджы хъæлæба хъуыса, мæ фыдгулы сыхы хылгæнаг сылгоймаг æрцæра. Уæд уыцы хæдзары, сыхы фарн нæй», — дзырдтой-иу на хистæртæ. Фарн кæм нæй, уым та бæркад дæр нæй æмæ цард дæр.

Æмбисондау нын баззад Колыты Аксойы зондамынд: «Ног фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, уымæн хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ, æмæ ахæм бинонтæ саразынæн та хъæуы фыццаджы-фыццаг ахуыр æмæ размæдзыд сылгоймаг — Мад».

Хуыцау зæххыл цы рæсугъд дидинджытæ сфæлдыста, уыдонай иу у сылгоймаг. Уый у къонайы фарн æмæ царддæттæг, хо æмæ чызг.

Цыфæнды зын уавæрты дæр ирон сылгоймаг, ирон чызг йæ уæздан ном никуы чъизи кодта, йæ сæрмæ æгаддзинад никуы хаста, æмæ йæ кæстæрты дæр ахуыр кодта ирон æгъдау æмæ кадыл.

Мæнæн, хъыгагæн, æфсымæр нæй. Фæлæ мæ бинонтæ, мæ мыггаг, ме рвадæлтæ, мæ хъæубæстæ, мæ Ирыстон, мæн тыххæй сæ худыл бынмæ не рхæцдзысты, æгаддзинад мæ сæрмæ никуы рхæсдзынæн. Архайын æмæ бацархайдзынæн ууыл, цæмæй ирон уæздан чызджы ном, ирон фæзминаг сылгоймаджы ном кæронмæ сыгъдæгæй ахæццæ кæнон.

Практикон хай 4

Дзырдуат. Зынæмбарæн дзырдтæ.

Мæлхъ — павлин (маргъ)

Уарди – роза (дидинæг)

Уайсадын— молчать в присутствии старших(невестке)

Хъуырдухæн кæнын— мучаться

Хатдзæгтæ

Уæдæ скæнæм хатдзæгтæ:

Проектыл кусгæйæ нæ хæсыл банымадтам рæзгæ фæлтæрты æргом здахын ирон сылгоймаг, ирон уаздан чызджы фæзминаг æгъдæуттæм, цæмæй рохуаты ма зайой. Хъыгагæн, бирæтæ сæхи дарын кæй нæ зонынц уынджы уа,бинонты астæу, уый у нæ иумæйаг проблемæ æмæ сæ бафтауын æфсарм æмæ гъдауыл та у нæ хæс.

Æппæт уыдаттыл æрдзурын æмæ бакусын уыд нæ размæ æвæрд хæс, фæлæ æххæстæй нæ къухы нæ бафтыд. Нæ зæрды ис дарддæр бакусын ацы æгъдауттыл æмæ семæ зонгæ кæнын рæзгæ фæлтæры.

Литературæ:

1. «Ирон фарн»- Айларты Измаил.

Дзæуджыхъæу:Ир, 1996.

2. Избранные труды. Этнология. Культурология.

Семиотика.-В.С.Уарзиати, 2007

3. «Æртхурон»- Чеджемты Æ.

Дзæуджыхъæу. «Ир»,1997

4. «Ирон æгъдæуттæ»- Агънаты Гæстæн.

Дзæуджыхъæу, «Урсдон», 1999

5. « Ирон æгъдæуттæ»- Къарджиаты Бекызæ.

Дзæуджыхъæу 1991.

6. http://region15.ru/articles/2924

Æз — сылгоймаг — цардаразæг фарн дæн,
Кувут, лæгтæ, иууылдæр мæнæн.
Æз бæллиц дæн, дидинæджы тау дæн,
Æз цъæх уалдзæг, цины зарæг дæн.

Хабаты Р. ныхæстæ. Зарæг «Иры
чызджытæ…»

Сылгоймаг… Дзырдтæн сæ тæккæ цытджындæр,
кадджындæр…

Сылгоймаг — бинонты фарн. Хæдзары фидауц.
Сылгоймаг — æрдзон рæсугьддзинад.
Сылгоймаг — царды айдæн.
Сылгоймаг — æгъдау æмæ æфсармы сæрæвæрæн.

Æгъдæутты
ратæдзæн нæфыдæлтæм уыд сылгоймаджы æфсарм. Иугæр æфсармы кары бацыд сылгоймаг,
уæд ын йæ алы уæнджы дæр уыдтой æгъдау.

Рæзгæ
чызгæн куырыхон хистæртæ æмбаргæ хъæлæсæй амыдтой хидарыны домæнтæ:


чызг дæ æмæ лæппуйы митæ ма кæн;


гаккырисæй уынгты ма хъаз;


дæхи дарын зон;


цæугæйæ дæ развæндагмæ кæс;


къуыппыты — дзыхъхъыты дæ къæхтæ аив ис;


сыртт — сыртт, сæпп — сæпп кæнын чызгæн нæ фидауы;


цæугæ — цæуын худинаг у хæрын;


хъæрæй ма худ;


æгæр бирæ дзурын æнæуаг ми у;


дзургæйæ къухтæ тилын нæ фидауы;


къæрцц — ныхас ма кæн;


нæлгоймагæн комкоммæ йæ цæстытæм ма кæс;


дæ дзырд искæй ныхасмæ ма æппар;

Бирæ
зындзинæдтæ бавзæрста ирон сылгоймаг. Бирæ гуыргъахъ фæндæгтыл фæцыд.

Хæххон
æвадаты æрдз ын йе `ккойыл уæззау уаргъ æрæвæрдта. Бирæ хъизæмæрттæ бавзæрста.
Йæ мæгуыры бонтæ тыдта. Къуындæг — йæ царды уавæртæ. Цыбыр — йæ æвналæнтæ.

Уæвгæ,
кæд нæ фыдæлты историйон царды сыфтæ æнусон тох æмæ æрдзон фыдбылызты амæттаг
баисты, уæддæр хæдзардзинæй бахъахъхъæдтой сæ ирон æвзаг, сæ ирон фарн, сæ ирон
æгъдæуттæ.

Уæддæр
нæм ирон сылгоймаджы намысы цæсгом ирдæй зыны литературон уацмысты фæлгонцтæй:
Æфхæрдты Госæма, Туаты Дауыты драмæ «Сидзæргæс» — æй, Къостайы
зæрдæриссæн фæлгонцтæ — сидзæргæс æмæ Фатимæ. Уыдон мах ахуыр кæнынц бæрзонд
идеалтыл.

                     
«Додой»-ы музыкæмæ скъуыддзаг «Фатимæ» — йæ.

Рагæй
— æрæгмæ таурæгъты дзуринаг уыд ирон сылгоймаджы кады ном.

Дыууадæсæм
æнусы айхъыуст, зæгъгæ, ирон паддзах Худаны чызг — Бурдуханы — ракуырдта
гуырдзыйы паддзах Георгий — æртыккаг. Гуырдзыйы хроникæ куыд фыста, афтæмæй,
сæхи сылгоймæгтимæ абаргæйæ, уындæй, кондæй, зондæй Бурдуханы хуызæн рæсугъд
чындз Гуырдзыйы нæ уыд.

Бурдуханæн
райгуырд чызг — Гуырдзыйы фидæны паддзах Тамарæ.

Фыдыуазæг,
рæстдзинад, уарзондзинад…

Сылгоймаг
ацы æнкъарæнтæн у табугæнæг, уымæн æмæ хорз æмбары — уыдон сты царды сæйраг
æнцæйттæ;

                      
Хостыхъоты З. æмдзæвгæ «Зæгъма мын искуы…»

                      
Хабаты Р. æмдз.

Ирон
сылгоймагæн гакъон — макъон уыдис йæ цардвæндаг. Йæхиуыл бавзæрста царды дæрзæг
миниуджытæ. Раджы бамбæрста, Фыдыбæстæйы сæраппонд, рæстдзинад æмæ
уарзондзинадыл тох кæнын кæй хъæуы, уый.

Фыдыбæстæйы
Стыр хæст нæ бæстæйы уыдис тæккæ уæззаудæр фæлварæн. Ирон сылгоймаг лæгæй —
лæгмæ æрлæууыд цыфыддæр знаджы ныхмæ.

Хæсты
фыццаг бон Ирыстон афæндараст кодта фронтмæ 800 арыгон чызджы.

Куыддæр
тæхæджы дæсныйад райста лейтенант Даураты Илитæ, афтæ райдыдта æххæст кæнын йæ
хæс Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау. Куыд ныфсхаст уыди, уымæй дисы æфтыдта суанг
фашистты дæр.

Иуахæмы
та Илитæ æрæппæрста немыцаг тæхæджы. Сылгоймаг æй æрæппæрста, ууыл не `ууæндыд
фашист. Куы бамбæрста æцæгдзинад, уæд Илитæйæн балæвар кодта къухылдаргæ сахат
йæ хъæбатырдзинады тыххæй.

Суанг
хæсты фæстаг бонтæм цæф советон хæстонты ирвæзыныл тох кодта медицинон службæйы
булкъон Саламты Софья.

Снайпер
Сланты Нинæ уæрæсейы сылгоймæгты маст райста знæгтæй æртиссæдзы мæрдтæм
барвитгæйæ.

Æцæг
советон патриотизм æмæ хъайтардзинад æвдисæг у Баситы Чабæханы æнæмæлгæ ном.
Уый равзæрста мæлæт немыцимæ газеты кусыны бæсты.

Ирон
сылгоймаг зæд у… Зæдау ауды ныхасæй, хъуыддагæй, æмæ кувы Лæгты дзуармæ. Йæ
куывдæн та ахæм тых ис, æмæ цыфæнды фыдбылызæй дæр бахизы.

Фыдыбæстæйы
Стыр хæсты рæстæг хъайтардзинад, фæразондзинад æвдыста алы хуымæтæг ирон
сылгоймаг дæр.

Немыцаг
æрдонгтæ æрбабырстой Ирыстонмæ дæр. Зæнджиаты Володяйы хæдтæхæг фæшисттæ
æрæппæрстой. Мард æнхъæлæй йæ удæгасæй мæрдтимæ баппæрстой…

Басаты
чындз йæ æртæ сывæллонимæ сæ рæзты цæугæйæ айхъуыста  хъæрзын. Валодяйы
рахастой, нæхионтæм æй  арвыстой. Фæлæ Басаты чындзы чидæр банымыгъта æмæ йæ йæ
сывæллæттимæ марынмæ акодтой. Тымбыл хъæды дзуары раз сылгоймаг йæ сывæллæтты
уæрджытыл æрлæууын кодта, йæхæдæг бакуывта : «Лæгты дзуар, баххуыс
кæн,» — зæгъгæ.

Уыцы
рæстæг советон хæдтæхджыты Алагиры сæрмæ бомбæтæ згъалын райдыдтой.


Немыцæгтæн сæ кой дæр нал баззад.Басаты чындз та йæ сывæллæттимæ удæгас
баззадысты.

Уыцы
сывæллæттæй иу у, абон Ирыстон сæрыстыр кæмæй  у, уыцы стыр ахуыргонд, стыр
Ныхасы сæрдар Басаты Барис.

Уæвгæ,
Сау фæнык куыд нæ фестадысты сæ зæрдæтæ, ирон мадæлтæ сæ хъæбулты сау
гæххæттытæ куы истой, уæд?!

Цавддуртæ
куыд нæ фестадысты нæ чысыл Ирыстоны хæстæф — хæрд мадæлтæ, кæд æмæ:

2
хæдзармæ нал сыздæхтысты æвдгай æфсымæртæ;

7
хæдзармæ — æхсæзгæйттæ;

36
хæдзармæ — фæндзгæйттæ;

92
хæдзармæ — цыппæргæйттæ;

сæдæгай
хæдзæрттæм — æртыгæйттæ.

Æниу,
æвæдза, мадæн йæ хъæбул нæ мæлы. Ныййарæг йæ царды бонтæ æрвиты цæссыг
згъалгæйæ, хъæбуллæ æнхъæлмæ кæсгæйæ.

Æмдзæвгæ
«Мад». Гаджиты Георги.

Мад…
Цы ис мадæй адджындæр, кадджындæр?!

Мад…
Зæххын зæд! Хъæбулы уды рухс!

Мад
цотæн у фидар мæсыг, уыцы мæсыджы дуар та æхгæд никуы вæййы.

Мады
зарæг. Хадыхъаты Аллæ.

Мад
йæ цотæн — æнæбайсысгæ суадон. Адæймаг уарзы йæ хойы, йе `фсымæры… Фæлæ зын
сахаты агуры æхуысмæ йæ мады. Арвæй цы дур æрхауы, уый зæхх нæ уромы, фæлæ йæ
бауромы мады зæрдæ.

С.
Дзуцев.»Гыцци»

Мад…
Уый диссаг у, æвæдза! Дæ кары бацæудзынæ, уыдзæн дын цот, уæддæр ма дын дæхи
хондзæн сывæллон. Гъе уымæн ыл зарæн нæ хуыздæр зарджытæ.

Хъуысаты
Э. «Мæ уарзон гыцци».

Мад…
Цæуынхъом нал вæййы, фæхуыссы йæ сынтæджы, уæддæр йæ каст вæййы дуармæ —
æнхъæлмæ фæкæсы йæ хъæбулы фæзындмæ, иудадзын йæ зæрдæ йемæ фæдзуры!

Мады
зæрдæ, æвæдза, диссаг у! Уарзтæн — æгæрон, мастæн — фæразон, таурæгъты
дзуринаг!

Под
музыку легенда «Мады зæрдæ»

1359-æм
азы Тимур ныббырста Аланты хъæутæм. Адæм, стырæй-чысылæй, сыстадысты йæ ныхмæ.
Цыдис мæлæтдзаг тох, туг донау ивылд. Цы бакодтаиккой Тимуры æфсадæн-дыууæсæдæ
мин адæймаджы бырстой размæ, карстой адæмы. Аланты рæнхъытæ тадысты, зæхх
мæрдтæй байдзаг.

Дуне
тохы уынæрæй куы `рсабыр, уæд мæрдты астæу зылди иу сылгоймаг. Йæ хъустыл ауад
сывæллæтты кæуын. Йæ цыд фæтагъддæр кодта, æмæ йæ размæ фæци сывæллæтты къорд.
Сылгоймаг йæ дыууæ къухы уæлæмæ систа:

«О
Стыр Хуыцау, ма фесаф аланты мыггаг. Ацы сывæллæттæ-де уазæг». Æмæ сæ йæ
хъæбысы æрбакодта.

Сывæллæтты
ракодта Дыгургомы `рдæм æмæ лæгæты æрцардысты. Дыгургом хъæздыг уыд хъæддаг
дыргътæй, æмæ уыдонæй ирвæзын кодта сывæллæтты. Кæд æртон сылгоймаг уыд, уæддæр
æй сывæллæттæ хуыдтой Кæд æртон сылгоймаг уыд, уæддæр æй сывæллæттæ хуыдтой
Нана.

Азтæ
цыдысты. Нана æрзæронд. Æрхæццæ йæ адзалы сахат. Æнæхъæн Дыгургом æрцыдысты
Задалескмæ зæххон дуагæн æгъдау раттынмæ. Фæсивæд Нанайы чырын бæрзонд систой
æмæ ныззарыдысты «Нанайы зарæг».

Будайты
А. «Аланты Нана».

Задалески
Нана йæ уды хъармæй бахъахъхъæдта Ирыстоны сомбон. Мады Майрæм йæ сыгъзæрин
базыры бын бакодта Ирыстоны хуыздæр мадæлты æмæ сын балæвар кодта кадджын
хъæбулты: Хетæгкаты Къостайы, Абайты Васойы, Гергиты Валерийы, Андиаты Сосланы,
Кочысаты Розæйы, Дудараты Вероникæйы, Тугъанты Дзерассæйы, Адырхаты Светланæйы,
Хостыхъоты Зинæйы, Гæзданты Аврорæйы, Бутаты Фæтимæйы, Туаты Ольгæйы.

Уыдон
сæ диссаджы курдиатæй ляггад кæнынц Ирыстоны кадæн.

Чи
зоны, йæ уарзæгой зæрдæ уæлæуыл ныууагъта зæд — мад Аланты Нана æмæ дзы æппæт
ирон мадæлты фæхайджын кодта.

Сылгоймаг
— дирижёр Дудараты Вероникæйæн симфонион-оркестрон аивады стыр аргъ кодтой
суанг фæсæрæнты: Кубæйы, Германийы, Венесуэлойы, Данийы, Мексикæйы.

Мæскуыйы
литературæ æмæ аивады бонтæ куы цыдысты, уæд Адырхаты Светланæ, урс цухъхъайы
уæвгæйæ, равдыста балеты аивады йе стыр курдиат. Светланæ кафыд паддзахадон
ансамбль «Алан»- имæ композитор Гæбæраты Ильяйы музыкæмæ.

Уыцы
кафт уыдис Светланæйы лæвар йæ уарзон Ирæн.

Зæххыл цард куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ сылгоймаджы нысаниуæг ахсджиаг æмæ ахадгæ у. Стыр кад ын кодтой ирон адæммæ дæр. Уымæн бæрæггæнæн радзырдтæ æрхæццæ ис, уыдон дæр. Бирæ æмбисæндтæ ис æнæ сылгоймаг хæдзары гæвзыкк уавæр æвдисæг, сылгоймаджы къух кæдæм хæццæ кæны, уым та уæлдай хъармдæр æмæ æнгомдæр кæй у цард, уыдæттыл.

Ирон адæм рагæй фæстæмæ кувынц Мады Майрæммæ, курынц дзы цот, фæдзæхсынц ыл сæ хъæбулты. Зынгæ ирон фыссæг Цæгæраты Максим зæгъы сылгоймаджы тыххæй: «Цард æппæты фыццаг сылгоймаджы зæрдæйы райгуырд. Сылгоймаджы зæрдæйы уагимæ баст у дунейы æппæт дæр: сывæллоны фыццаг цъæхаст, хъæбулы фыццаг бахудт, авдæны фæлмæн зарæг, фæндыры æмбæхст дуне, нæлгоймаджы кадавар цæссыгтæ, хæстоны нæргæ кад æмæ хъарæджы фæйнæрдæм тонгæ хъуырдухæн. Æрмæстдæр сылгоймаджы зæрдæйы уыд уыдонæн райгуырæн!» Циндзинадæй хæлбурцъгæнæг чындзæхсæвы æппæт дæр вæййы хъæлдзæгдзинадæй йемыдзаг, уæддæр адæмæн сæ цæстытæ «ныуурс» вæййынц ног чындзы фендмæ, фæхонынц æй фарнхæссæг, амондхæссæг, цард дарддæргæнæг. Уыимæ баст вæййы цинаджы нысан. Уый – Сылгоймаг, вæййы цинаджы сæйраг архайæг. Афтæ у зианы хъуыддæгты дæр. Сылгоймаджы хъарæгæй ракæлы къæдзæх дæр, сылгоймаджы рæдау арфæтæй та хус уидагæй дæр æрзайы ног бæлас.

Нæ фыдæлтæ, нартæм, сылгоймаджы рæсугъддзинад æмæ æгъдауæн фæзминагыл нымад уыд нарты Сатана. Хуыцауы раз йæ сылгоймаджы хæс чи сæххæст кодта, уый та уыд Зæдæлескъы Нана. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы дуджы дæр вæййы, рæзгæ фæлтæрæн фæзминаг чи вæййы, ахæм сылгоймæгтæ, фæлæ ма, стыр хъыгагæн, уыдоны ‘хсæн вæййы ахæмтæ дæр, сылгоймаджы сыгъдæг ном чи фæчъизи кæны йæ уагахастæй, йæ дарæсы кондæй кæнæ йæ æнæуаг дзыхыныхасæй. Иууыл хъыгдæр та уый вæййы æмæ ахæмтæ сæ риу хойгæйæ куы фæзæгъынц, «æз ирон чызг дæн!», зæгъгæ. Ирон адæммæ стыр нысаниуæг уыд сылгоймаджы уагахастæн, йе ‘гъдау æмæ йæ уæздандзинадæн, куыд бинонты ‘хсæн, афтæ æхсæнады дæр. Баззад ма ахæм æмбисонд дæр: «Сылгоймаг йе ‘гъдауæй сылгоймаг у». Сылгоймаджы хъæр ныхас цы уæзæгыл хъуыст, уый нымад уыд æгад æмæ æбæркад уæзæгыл. Ахæм уæзæгмæ-иу кадджын уазæг нæ цыд, ничи дæр сын сæ чызджы куырдта, ничи дæр сæм йæ сылыстæджы моймæ лæвæрдта. Ацы æгъдауæн стыр нысаниуæг кæй уыд, ууыл дзурæг у, рагфыдæлтæй нæм чи æрхæццæ ис, уыцы таурæгъ:

«Иу райсом фондз барæджы æрбалæууыдысты иу идæдз сылгоймаджы кæрты. Уый бацин кодта уазджытыл, куыд æмбæлд, афтæ. Æрбадын сæ кодта артдзæсты алыварс, фынгыл сын æрæвæрдта цыхт æмæ нуæзт æмæ сын загъта: «Иу чысыл фæгæдзæ кæнут, æз ныртæккæ дзул афыцон». Ауад хатæны кæройнаг къуыммæ æмæ балæууыд хоры ссадæй йедзаг къутуйы раз, ныккаст æм æмæ загъта, «уый сын фаг нæ уыдзæн», зæгъгæ. Байгом кодта дыккаг къутуйы æмбæрзт, – уым та уыд къутуйæн йе ‘мбисы бæрц ссад, фæлæ та ус загъта, уый дæр сын кæй не сфаг уыдзæн. Уæд бацыд æртыккаг къутумæ, уым та разынд армы дзыхъхъы бæрц ссад æмæ ус загъта: «Уый сын фаг уыдзæн», – æмæ балæууыд дзул фыцыныл. Уазджытæ фехъуыстой сылгоймаджы ныхæстæ æмæ сæм кæд диссаг фæкаст, уæддæр ницы сдзырдтой. Рахаста сылгоймаг ссад, скодта хыссæ æмæ сфыхта æрмæстдæр иу дзул. Рахаста йæ æмæ дзуры уазджытæм: «Ахæрут, уæ нывонд фæуон, иучысыл уе ‘ххормаг суадзут». Уазджытæ дзул адих кодтой сæ кæрæдзийыл æмæ æрæвнæлдтой хæрынмæ. Кæд уыдонмæ фыццаг тынг диссаг фæкаст, фондзæй иу дзулæй куыд хъуамæ бааходæн кæной, уæд фæстагмæ та – мæнæ диссаг, афсæстысты, сæ хæйттæ хæрд дæр нæ фесты, афтæмæй. Нæлгоймæгтæ бацымыдис кодтой ацы хъуыддагмæ æмæ сæ хистæр чи уыд, уый фæрсы сылгоймаджы: «Дæ хорзæхæй, зæгъ-ма нын, фыццаг дыууæ къутуйы ссад фылдæр уыд, фæлæ йæ махæн фаг не схуыдтай, ныр армы дзыхъхъы дзаг ссадæй конд дзул махæн фагæй уæлдайдæр уыд. Куыд рауад афтæ? Уæд сын сылгоймаг дзуапп радта: «Фыццаг къутуйы цы ссад уыд, уый уыд, сылгоймаджы ныхас хæдзары артдзæстæй кæртмæ куы айхъуыст, уæдыккон, æмæ уый йæ бæркад фесæфта. Дыккаг къутуйы ссад та уыд, сылгоймаджы ныхас артдзæстæй рудзынгмæ куы айхъуыст, уæдыккон, æмæ уый дæр йæ бæркад фесæфта, уымæ гæсгæ уыдон фаг нæ уыдысты сымахæн аходæнæн. Æртыккаг къутуйы ссад та уыд сылгоймаджы ныхас артдзæстæй рæхысмæ дæр æдæрсгæ куы нæма хъуыст, уæды ссад æмæ уый у иннæтæй бирæ бæркадджындæр».

Стыр худинагыл нымад уыд сылгоймаг-иу нæлгоймæгты ‘хсæнмæ куы цыд, кæнæ нæлгоймæгты ныхасы хайад куы иста. Ахæм сылгоймаг нымад цыд æнæуаг сылгоймагыл. Ирон адæммæ нæ уыд бынат бинонты ‘хсæн карз ахастытæн, афтæ ма æмкъæйттæ хъæрныхасæй кæрæдзимæ куы хæцыдаиккой. Æнæгъдау мийыл нымад уыд, ныййарæг мад йæ хъæбултæм дæр æргомæй хыл кодтаид, уый. «Мæ фыдгулы уæзæгæй хъæр ныхас райхъуысæд», – зæгъгæ, дзырдтой-иу ахæмты тыххæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ууыл нæ банцадысты ирон æгъдæуттæ, уыдон сты тынг бирæ. Уыдоны æмрæнхъ ма ирон адæммæ сылгоймагæн кад кæнын уыд бæрзонд æмвæзадыл. Ууыл дзурæг æгъдæуттæй сæ иу уыд туджджынты фидауын кæнын. Историйы бирæ ис ахæм цаутæ, туджджынтæ-иу кæрæдзи марынмæ ‘рхъавыдысты, фæлæ-иу сылгоймаг йæ кæрдæн се ‘хсæн куы æрæппæрста уæд-иу хылгæнджытæ сæ кæрдтæ сæ кæрддзæмты нытъыстой æмæ-иу ууыл фæцис сæ тох. Ахæм хъуыддаджы цы сылгоймаг бацыдаид, уый та, сæйраджыдæр, хъуамæ уыдаид нымад, кадджын æмæ æгъдауыл хæст сылгоймаг. Уый тыххæй Хетæгкаты Коста фыста: «… как бы сильно не было ожесточение ссорящихся, дерущихся и сражающихся, одно появление женщины обуздывает буянов, останавливает и прекращает кровопролитие…»

Уæдæ, абоны цæстæнгасæй бæстондæр куы ‘ркæсæм нæ фыдæлты æгъдæуттæм, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæй бирæтæн раздахæн нал ис. Рæстæджы цыдимæ ивы æхсæнады цæстæнгас алы цардуагон фарстатæм дæр æмæ уый фæстиуæгæн, уыдон фесæфтой сæ нысаниуæг, фæлæ уыдон хорз хъуамæ зониккой не ‘взонг фæсивæд, æрмæст ахуырадон уагдæтты сценæтыл равдисыны тыххæй нæ, фæлæ ма сæ реалонæй уыной æрвылбонон царды дæр. Науæд ма адæймаджы зæрдæйæн уæлдай зындæр вæййы, чысыл сценæйыл ахуырдзаутæ аив куы равдисынц ирон æгъдæуттæ æмæ уый фæстæ та, сæхи куы фæдарынц, цыма æгъдауы кой æппындæр никуы фехъуыстой, афтæ.

Хорз уаид, нæ рагфыдæлты æгъдæуттæй иуæй-иуты абоны царды уавæртимæ чи абары, уыдон уал-иу сæ лæмбынæгдæр куы сахуыр кæниккой, сæ раздæры нысаниуæг-иу сын куы базониккой.

Æрмæг бацæттæ кодта КЪУДУХТЫ Маринæ

Сылгоймаджы хъысмæт

Гæдиаты Секъайы радзырд «Азау»-ы

Ахуыргæнæг:

Томайты Белла

</ Темæ: Сылгоймаджы хъысмæт Гæдиаты Сегъайы радзырд
«Азау»-ы.

Нысан:

1. Бæстондæр æрлæууын æмæ бакусын Азауы фæлгонцыл, раргом кæнын
сæйраг хъайтары трагикон хъысмæты аххосæгтæ, йæ миддуне

2.Ахуыр кæнын скъоладзауты сыгъдæг зæрдæйæ
æнкъарæнтæн аргъ кæныныл, сæрибар, кад æмæ намыс хъахъхъæныныл
, ивгъцыд цард абоны цардимæ абарын.

3. Ныхасы рæзтыл бакусын.

Зæгъон ныр хъуамæ барджыны ныхæстæ

Уæ номæй дæр уæ куырм æгъдæуттæн æз.

Зæгъон ныр хъуамæ, амонд æмæ уарзтæн

Кæй ныййардта ирон чызджы дæр срдз

(Хостыхъоты Зинæ)

Урочы цыд.

  1. Хъуысы сабыр æнкъард мелоди, дзуры скъоладзау зæронд усы
    дарæсы.

(Æз уæм æрцыдтæн ивгъуыд æнустæй,

Мæ уд дзынæзта, мин азы куыдта…

Æз рагон Иры хъарæггæнæг ус дæн…

(æнкъардæй бандоныл æрбады)

2. Съоладзау лæууы йæ разы æмæ дзуры Гæдиаты Ц. æмдзæвгæ
«Сылгоймаг».

Йæ фæлурс уадултыл йæ цæссыг æрцæуы:

Уый рагон цæссыг у, æнусон цæссыг

Сылгоймаджы хъарæг кæй зæрдыл нæ лæууы,

Кæй цæстыл нæ уыйы сылгоймаджы хъыг?

Æхгæд у сылгоймаджы фæндаг, хæрзæхгæд

Хъыгдард у, ыссæст у, йæхæдæг фыдæфхæрд.

Кæд уыдзæн сылгоймаджы рухсыдуг, кæд?

Фæллойгæнсг усæй, фæллой гæнæг чызгæй —

Æппæтдæр æнæскаст: бæрæг у сæ зын

Цæй, равдисут абон уæ фæндтæ ныфсджынæй,

Цæй равдисут абон æфхæрды бæллын.

Ах-æг:

Уæдæ цæй Гæдиаты Цомахъы курдиат «Равдисут æфхæрды бæллын»
сæххæст кæнæм æмæ нæ абоны урочы бæлвырдæр æрлæууæм ирон аыв дзырды
дæсны, курдиатджын фыссæг Гæдиаты Секъайы радзырд «Азау»-мæ гæскæ
Азауы фæлгонцыл.

Ацы урочы нæ хæс у, раргом кæнын сыгъдæгзæрдæ, йæ миддуне
хъæздыг, фæлæ цардæй æфхæрд, æбср сылгоймаджы хъысмæт, абарæм
сылгоймаджы ивгъуыд цард абоны цардимæ.

Дзырдуатон куыст.

Символ — нысан. Ам «сау калм» æнамонддзинады нысан.

Концепци — авторы хъуыды царды фæзындты тыххæй.

Равзарæм уæдæ Секъайы уацмыс æмæ бамбарæм, куыд æвдисы фыссæг
сылгоймаджы хъысмæт.

Иу скъоладзау нæ базонгæ кæндзæн Секъайы царды хабæрттимæ
/чысыл презентаци/.

Ахуыргæнæг.

Къордгай куыст(Ахуырдзауты адих кæнын дыууæ къордыл)

1-аг къ..Уацмыс «Азау» цавæр литературон жанрмæ хауы?

-У радзырд , литературон таурæгъ.

2-аг къ. Секъа йæ уацмысты сюжеттæ цæй бындурыл арæзта?

-Йæ радзырдты сюжеттæ фыссæг амадта æхсæнадон царды цауты
бындурыл, пацда кодта истоион таурæгътæй, æцæг хабæрттæй,
æмбисæндтæй.

1-аг къ.Цы у таурæгъ,йæ сæйраг миниуджытæ цавæртæ сты?

-Таурæгъгæнæг радзуры ахæм хабар, царды æцæг чи æрцыд, йæхæдæг
кæй федта, кæнæ кæй фехъуыста , чи йæ федта, уыдонæй. Æцæг хабар
,дам, уыдисТаймураз æмæ Азауы уарзондзинад дæр. Уымæн æвдисæнæн сæ
ингæныл Ганисы хъæуы сæрмæ, уæлмæрды астæу лæууы стыр сывылдз
бæлас /равлисын слайд/.

-Секъайы таурæгътæ куы кæсай,уæд дæм афтæ кæсы,цыма фыст ныхæстæ
нæ кæсыс,фæлæ демæ чидæр ныхас кæнч æмæ йын хъусыс йæ фæлмæн, фæлæ
барджын ныхас.

-Таурæгъгæнæг æрмæст хабæрттæ дзурæг нæу,фæлæ ма у дуджы,
адæмы, хабæртты тæрхонгæнгæнæг дæр. Секъа дзы кæмæн йæ хорзы кой
ракæны, кæй та æгъатырæй бафхæры .

Секъайы таурæгъты хъайтартæ самайынц хъæбатыр тох царды æнæраст
хъуыддæгты ныхмæ.Хъæбатырæй мæлгæ дæр акæнынц.

-Таурæгъы цаутæ кæрæдзийы ивынц æмæ уацмыс асæй чысыл, фæлæ
хабæрттæй та хъæздыг вæййы.

-Секъа йæ таурæгъты цы адæмы кой фæкæны, уыдонæн сæ царды фæндаг
равдисы кæронмæ ,мæлæты бонмæ.

2-аг къ.Сылгоймаг уæлдай ссæст æмæ æбар кæм уыд, йæ тыхст, маст
æмæ хъизæмæрттæ кæм цуынц, Секъайы уыцы радзырдтæй ма цавæртæ
зонут?

-«Мад æмæ фырт», «Арагуийы Ерыстау æлдар», «Дыса», «Саударæг
ус», «Хо æмæ æфсымæр», «Садуллæ æмæ Манидзæ».

Кæсæм скъ-аг спектакльæй «Азау»

1985 азы нæ Ирон Паддзахадон Театр сæвæрдтой сценæйы спектакль
«Азау». Сæйраг рольты хъазыдысты: Азау — Персаты Тамара,

Таймураз- Цариты Валерий. Спектакль сæвæрдта(режиссер) Бекоты
Роза.

/чысыл презентаци/.

Ах-æг. Æрлæууæм уæдæ таурæгъ «Азау»-ы сюжетыл æмæ йæ цыбырæй
радзурæм /скъоладзаутæ дзурынц сюжет/.

Ах-æг. Уацмысы сюжетæй бæрæг у, цы цæстæй кæсы автор
патриархалон дунемæ æмæ уый у царды концепци.

Мулк,исбон аивтой адæмы психологи, сæ зондахаст. Намыс æмæ
рæстдзинадыл фæтых мулкмæ бæллын. Хъыгагæн абон дæр бирæтæ кæсынц
æрмæстдæр хъæздыгдзинадмæ æмæ иуæй-иуты фæфæнды , цæмæй сæ чызг
хъæздыг мой скæна, кæнæ сæхæдæг дæр хъæздыг хæдзары чызг ракурой,
тырнынц мулкмæ, исбонмæ, стыр галуантæм. Фæлæ, æвæццæгæн,
хъæздыгдзинад сæйрагдæр нæу,æппæты фыццаг хъуамæ уай адæймаг, Абон
бирæтæ æхцайы тыххæй сæ сæрмæ цыфснды æгаддзинад æрхæсдзысты.фæлæ
æгадæй цæрыны бæсты адæймаг æппындæр куы нæ уа, уæд хуыздæр у.
Уымæн загътой нарты куырыхонтæ: «Æнусон цардæй æнусон кад хуыздæр
у». Æмæ мæн уырны , сымах дæр æгаддзинад уæ сæрмæ кæй никуы
æрхæсдзыстут , фæлæ тырндзыстут кадджын уæвынмæ, хорздзинад
саразынмæ.

(Чиныгимæ куыст)

  1. Ахъуыды кæнут æмæ зæгъут,чи сты таурæгъы
    сæйраг фæлгонцтæ?

-Таурæгъы сæйраг фæлгонцтæ сты Азау æмæ
Таймураз. Азау трагедийы сæйраг у. Уымæн зындæр уыд фыдæлты ныхмæ
рацæуын. Азау æмæ Таймураз агурынц рæстдзинад. Секъа , куыд фыссæг,
у æрыгæтты фарс, сæ уарзондзинады фарс æмæ сæ æвдисы иттæг
уарзонæй, сæ уавæрыл сыл хъыг кæны зæрдæбынæй.

  1. Таурæгъы райдиан Азау æмæ Таумуразы трагикон
    уавæр цавæр символикон нывæй æвдисы автор?/ ссарын чиныджы/

-Таймураз æмæ Азау Биботы кæрты хъæбыс-хъæбыс
бафынæй сты…/143 фарс/

-Ам ис «стыр сау калм»- фыдæлты мæлинаг
æгъдау-ирæд дыууæ æрыгон зæрдæйы ахицæн кодта.

3. Зæгъут,цавæртæ сты Азауы характеры сæйраг
миниуджытæ?

-Азауы характеры сæйрагæй зыны сыгъдæгзæрдæ,
амондмæ бæллын, уарзондзинады сæрыл хæцынхъом уæвын,
рæстдзинадуарзаг. «Амонд кæнæ мæлæт!»- ахæм у дыууæ уарзон
адæймаджы тæрхон.

/Бакæсæм ма Азау æмæ Таймуразмæ. Сæ фембæлд.
Инсценировкæ./

Ах-æг. Таймураз æмæ Азау æнæ кæрæдзи нæ
бафæрæзтой цæрын. Æмæ æцæгæйдæр цæимæ ис абарæн уарзтæн, ацы
диссаджы æнкъарæнæн. Уарзондзинад! Ацы ныхас фехъусгæйæ , цæстытыл
ауайынц сæууон хуры тынтæ ,уалдзыгон дидинджытæ, кæйдæр цæхæркалгæ
цæстытæ.

Зæрдыл æрбалæууынц Ромео æмæ Джульеттæ, Фатимæ
æмæ Ибрагим, Азау æмæ Таймураз.

/Байхъусæм ма уæдæ Чеджемты Æхсары æмдзæвгæ
«Уарзондзинад»-мæ.

Уæдæ, уарзондзинад у адæймаджы цардмæ разæнгард
чи кæны æмæ йыл базыртæ чи садзы, уыцы уæларвон тых.

Ах-æг. Фыссæг æнахуыр зæрдæмæхъаргæ ахорæнтæй
пайда кæны Азауы тыхст уавæр, йæ маст, йæ зæрдæйы катай равдисынæн.

/Ссарут ма тексты уыцы бынæттæ æмæ сæ бакæсут
/.

-151 фарс.

-154 фарс.

-157 фарс.

Ах-æг. Ахæм тыхст цард фæкодта Азау Таймуразы
мысгæйæ.

/Азау æмæ Магдайы фембæлд . Сценкæ. 157 фарс/

Ах-æг.Азау æмæ Таймуразы ныхмæ слæууыдысты фыдæгъдæуттæ/ ирæд,
хъоды/, фæлæ уæддæр йæ уарзондзинад сæ къух нæ систой. Хъазуат
тохы бацыдыстсты æппæты ныхмæ,фæлæ сæ бон нæ баци «рæхыс-бæттæнтæ»
атонын.

Кæй аххос у, Таймураз æмæ Азау цардæй кæй ницы федтой, афтæмæй
сау мæрмæ кæй бацыдысты, уый. Кæд , мыййаг, сæхи аххос у?

-Нæ, уый сæхи аххос нæу. Уый у се намонддзинад. Зианхæссæг рагон
æгъдæутты сæрты ахизын нæ баци. Ницы рауад сæ тохæй- ис сын
трагикон хъысмæт. Фæлæ сын кæсæм сæ таурæгъ æмæ стæм сæ фарс — сæ
лæгдзинады , се стыр уарзондзинады фарс.

-Мæнмæ гæсгæ,ам аххосджын уыдысты Азауы мад æмæ фыд. Уыдон нæ
тыхстысты сæ чызджы амондыл, нæ хъуыды кодтой, куыд цæрдзæн сæ
чызг, кæй нæ уарзы, ахæм адæймагимæ, фæлæ йæ фосау уæй кодтой ,
стырдæр ирæд сын чи ратта,уымæн.

Ах-æг. Азауы бынаты та сымах куыд бакодтаиккат?

-Æз мæ уарзондзинадыл мæ къух нæ систаин æмæ бакодтаин
æрмæстдæр Азауы хуызæн.

-Æз байхъуыстаин мæ мад æмæ мæ фыдмæ,уымæн æмæ хъуыддаг
æнæтугныккалгæ нæ ахицæн уыдаид.

Ах — æг: Сымах та куыд хъуыды кæнут, Сцæгдæр амонд
хъæздыгдзинады ис?

— Мæнмæ гæсгæ, амонд хъæздыгдзинады нæй, адæймаг æцæгæй дæр кæй
уарза, уыимæ хохы цъуппыл дæр фæцæрдзæн, кусын куы уарза, уæд.

Ах — æг: Раст зæгъыс, кусын куы уарза, уæд.

Дунейы хъæздыгдзинæдттæ иууылдæр æсты куысты фæрцы.

Адæймаг куыстæй фидауы. Куыст у адæймаджы рæсугъдгæнæг,
уæздангæнæг.

Абон бакуыстам Азауы фæлгонцыл. Цæуыл нæ ахуыр кæны?

Азауы фæлгонц нæ ахуыр кæны цæрыныл, уарзыныл, сыгъдæгзæрдæ
уæвыныл. Ацы радзырд куы бакастæн, уæдæй нырмæ мæм афтæ кæсы, цыма
æз дæр æнусмæ æрмæстдæр иунæг адæймаджы уарздзынæн.

Ах-æг: Абайты Васо Секъайы рахуыдта «Иууыл адæмондæр фыссæг
Секъайы уырныдта, йæ адæммæ рухсдæр фидæн кæй æнхъæлмæ кæсы, кæй
æрцæудзæн сæрибар дуг, уый уыд йæ бæллиц. Йæ иу æмдзæвгæйы афтæ
фыста:

Тæхуды, Ирыстоны сæрмæ

Куы фенин æз хурæн йæ тынтæ:

Гъе искуы ирон лæджы царды

Куы фенин æцæгæй мæ фынтæ…

Куыд æрцыд уыцы рæстæг? Секъайы бæллиц сæххæст æви нæ?

— Фыццаг ирон сылгоймаг — революционерка Калоты Нагъо (1911 азы)
ахст куы æрцыд, уæд афтæ загъта: «Тагъд æрцæудзæн ахæм рæстæг æмæ
сылгоймагдæр æрлæудзæн адæймаджы æмрæнхъ» Æрцыд ахæм дуг, æрлæууыд
сæрибары рæстæг, сæххæст Секъайы бæллиц.

Ах — æг: Ныр та бакæсæм фæйнæгыл цы эпиграф ныффыстон, уый. Йæ
автор у зындгонд ирон поэтессæ Хостыхъоты Зинæ.

Раст зæгъы автор, йæ ныхас здæхт у нæ фыдæлтæм, сæ æппаринаг
æгъдæуддæм. Æмæ уымæн зæгъы ирон сылгоймаг дæр цæрынмæ кæй
райгуырд, уарзынмæ æмæ уый дæр амонды аккаг кæй у.

— Царды æмæ ахуыры фæндæгтæ байгом сты ирон сылгоймæгтæн дæр.

Абон сæ къухы æфтынц сæ рæсугъд бæллицтæ. Нæ Иры чызджытæ ахуыр
кæнынц, кусынц, канд нæ бæстæйы нæ, фæлæ ма бирæ фæсарæйнаг бæстæты
дæр. Се ппæты кой нæ кæндзыстæм , нæ фыццæгты нæ зæрдыл æрлæууын
кæнæм.

— Саламты Софья — фыццаг хæххон ирон сылгоймаг, каст фæци С.М.
Кировы номыл хæстон медицинон академи.

— Бутаты Фатимæйæн — фыццаг ирон сылгоймагæн лæвæрд æрцыд
Паддзахадон премийы лауреаты ном.

— Дудараты Вероника — выццаг ирон сылгоймаг дирижер.

— Туаты Ольга -фыццаг ирон сылгоймаг -профессор.

— Калоты — Барахъты Еленæ — фыццаг ирон сылгоймаг прокурор
æнæхъæн Цæгат Кавказы.

— Кочысаты Розæ — фыццаг ирон сылгоймаг фыссæг.

— Фыццæгтæ иунæгæй нæ баззадысты. Бонæй — бонмæ рæзы нæ чысыл
Ирыстонæн кад æмæ намыс чи хæссы, уыцы сылгоймæгты нымæц. Кубæйы,
Сирийы, Турчы, Англисы, зæрдиаг къухæмдзæгъд кодтой ирон чызг-
балеринæ Адырхаты Светланæйæн.

— Сылгоймагæн сæрибар бæстæйы цы кад æмæ намыс ис, уый иттæг
бæрæгæй зыны Ирыстоны сылгоймæгты уавæрыл.

Æз дæр уыцы сылгоймæгтæм хауын. Нырма ныр цæуын царды стыр
фæндагмæ æмæ мæ зæрдæ дарын, мæ бирæ фæндтæ мæ къухы кæй
бафтдзысты, уымæн амæ цæрын сæрибар дуджы.

Хостыхъоты Зинæйы æмдзæвгæ «Æз — сылгоймаг у ирон сылгоймæгтæн
гимны хуызæн æмæ йæ лæвар кæнын нæ абоны сылгоймаг-уазджытæн.
(Скъоладзау дзуры æмдзæвгæ)

-Ууыл нæ урок фæци, стыр бузныг уе ппæтæн дæр.

Бæрæггæнæнтæ.

Хæдзармæ куыст. Нывæцæн: «Азауы фæлгонц»

«Зӕххыл нӕ фыдӕлтӕ бындурӕн

Ныууагътой махӕн ном-

ИРОН».

Брытъиаты Аслӕмбег

        Поэты загъдау «у стыр циндзинад райгуырын иронӕй». Ӕмӕ ӕз сӕрыстыр дӕн, ирон чызг кӕй дӕн, уымӕй. Кӕй схъомыл дӕн ирон фарны ӕгъдӕуттыл, кӕй ис мӕ туджы ирон ӕфсарм, ирон уӕздандзинад.
      Мах адӕмыхатт хицӕн кӕны йе `гъдӕуттӕй, йӕ культурӕйӕ. Дунемӕ ирон адӕм куы фӕзындысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ хӕст сты аланты ӕгъдӕуттыл. Махӕн нӕ хӕс у, цӕмӕй нӕ куырыхон фыдӕлтӕ нын цы ныууагътой хорзӕй, уыдон цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй фыдӕлты фарн ӕмӕ намыс цӕрой ӕнусты.
      Фыдӕлтӕй нӕм цы стыр хӕзнатӕ ӕрхӕццӕ, уыдонӕн сӕ тӕккӕ ахсджиагдӕр сты нӕ фарны ӕгъдӕуттӕ .
      Адӕймаг ӕнусты нӕ цӕры. Ӕнусты цӕры йӕ кад кӕнӕ йӕ худинаг. Ӕмӕ-иу нӕ фыдӕлтӕ, худинаджы бӕсты кадимӕ амӕлын хуыздӕрӕн, уымӕн равзӕрстой.
      «Ӕнусон цардӕй ӕнусон кад хуыздӕр,» — афтӕ дзырдтой Нарты хуыздӕртӕ. Райгуырӕн бӕстӕйӕн йӕ дуртӕ дӕр адджын сты. Куы бахъӕуа, уӕд, хъуамӕ, ӕнӕ фӕкӕсгӕйӕ дӕ цард нывондӕн ӕрхӕссын бауа нӕ райгуырӕн бӕстӕйы, нӕ Ирыстоны, нӕ адӕмы сӕраппонд. Ӕз дӕр сӕйрагдӕр нысаныл нымайын райгуырӕн бӕстӕ, иубӕстон адӕм ӕмӕ фыдыуӕзӕгыл амӕлӕты бонмӕ ӕнувыд уӕвын, архайдзынан цӕмӕй мӕ царды исты сгуыхтдзинад равдисон.
      Хистӕрты нымайын, уыдонӕн лӕггад кӕнын, сӕ арфӕйы ныхасмӕ хъусын, суанг сабийы бонтӕй бацӕуы нӕ туджы. Дзӕгъӕлы нӕ фӕзӕгъынц: «Хистӕрӕн йӕ фындз амӕрз ӕмӕ йӕ зондӕй бафӕрс».
      Ӕз афтӕ фӕхъуыды кӕнын, хистӕр цы хадзары нӕй, уый фидаугӕ дар нӕ кӕны. Хистӕртыл азтӕ цас рацӕуы, фыдӕбӕттӕ дӕр уыйбӕрц бавзарынц, ӕмӕ мах, кӕстӕртӕ, уый хъуамӕ хъуыды кӕнӕм.
      Ирон адӕмы ахсджиагдӕр миниуджытӕй ӕз иуыл нымайын ныййарӕг мадӕн йӕ ном, йӕ фарнӕн уӕлдай кад кӕнын. Адӕймаг йӕ цины, йӕ зыны сахат фыццагдӕр йӕ мадмӕ фӕдзуры. Мады зӕрдӕ, мады дзыхы ныхас ӕвдадзы хос вӕййынц хъӕбулӕн. Дӕттынц ын ныфс, хъару, зонд, ӕрбайсӕфынц ын йӕ йӕ фӕллад, йӕ рыст. Мады дзыхы ныхас хъусгӕйӕ хъӕбул вӕййы амондджын.

Нӕртон дзырдтӕн сӕ фӕлмӕндӕр у Мад,
Цӕуы йӕ армӕй адӕмыл бӕркад.

      Цӕрынӕй хӕрынмӕ ирӕттӕм иннӕ адӕмтимӕ абаргӕйы сылгоймагӕн кодтой уӕлдай кад. Бинонты `хсӕн дӕр ӕмӕ ӕхсӕнады дӕр ахста ахсджиаг бынат. Ууыл дзурӕг сты, ӕнусты сӕрты сӕ кой махмӕ кӕмӕн ӕрхӕццӕ, уыцы номдзыд сылгоймӕгты нӕмттӕ: Амагӕ ӕмӕ алайнаг Иринӕ, Задалесчы Нанӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Раджы дӕр ӕмӕ ныр дӕр сылгоймаджы барынц зӕдтӕ ӕмӕ дауджытимӕ. Дзӕгъӕлы нӕ фӕзӕгъынц: «Ӕцӕг сылгоймаг хадзары зӕд у,» кӕнӕ «Сатана кӕд сылгоймаг уыди, уӕддӕр Нарт йӕ зондӕй цардысты».
      Зын уавӕры бахауӕг адӕймагӕн йӕ фарсмӕ ӕрбалӕуу, зӕрдӕ йын бавӕр ӕмӕ йын баххуыс кӕн. Уыцы миниуӕг ирон адӕммӕ ард бахӕрды хуызы у. «Зӕрдӕйы хорз дарӕг – удыбӕстӕ ссарӕг», — дзырдтой нӕ фыдӕлтӕ. Рынчын,кӕнӕ факӕсынхъуаг адӕймагӕн балӕггад кӕнынӕй ма хуыздӕр цы ис.
      Ирон адӕммӕ рагӕй баззад ӕгъдау – уазӕджы буц кӕнын цӕхх ӕмӕ кӕрдзынӕй. «Мӕ фыдгулы хӕдзармӕ уазӕг ма `рбацӕуӕд», «Уазӕджы аккаг буцдзинӕдтӕ нӕй», — афтӕ-иу загътой фыдӕлтӕ. Ирон лӕг цыфӕнды  мӕгуыр армӕй дӕр йӕ уазӕджы хорз фены, сбуц ӕй кӕны хӕринагӕй, нозтӕй, хӕлар, рӕвдаугӕ цӕстӕнгасӕй ӕмӕ лӕгъз дзыхыныхасӕй.
      Ацы дунейы адӕймагӕн ӕнӕ йӕ алыварс уӕвӕг адӕм фӕцӕрӕн нӕй. Ирон адӕм, ӕвӕццӕгеӕн, рагӕй дӕр уымӕн кодтой сыхагӕн уӕлдай кад, уымӕн-иу загътой  фыдӕлтӕ: «Хорз сыхаг ӕфсымӕр у», «Бӕлас куы фӕкӕлы, уӕд йӕ сыхагыл банцой кӕны». Сыхагимӕ хӕларӕй цӕрын фыдӕлтӕй баззад. Адӕймаджы хъӕздыгдзинады разӕй дӕр хорз сыхаг хъӕуы. Кӕд дӕ сыхагӕй амонд фӕцис, уӕд уый стыр хорздинад у. Цы ма уа уымӕй хуыздӕр, дӕ тыхст рӕстӕг дӕ сыхаг ӕфсымӕрау дӕ цуры куы `рбалӕууа, дӕ хъыгыл хъыг куы кӕна, дӕ циныл – цин.
      Цард кӕстӕрӕй фидауы фӕзӕгъынц. Ӕмӕ  уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Хистӕр-иу кӕстӕрӕй домдта фыццаджыдӕр ӕгъдау ӕрмӕст ныхасӕй нӕ, фӕлӕ йӕ алы къахдзӕф, йӕ алы фӕзылдӕй дӕр. Мӕ райгуырӕн хъӕуы  ӕфсарм кӕстӕртӕм бӕрзонд ӕвӕрд у. Акӕсут-ма фӕсивӕдмӕ. Хъӕуы цин кӕнӕ зианы хабар куы вӕййы, уӕд фӕсивӕдӕй хуыздӕр чи `рбалӕууы фӕкӕсынмӕ? Амӕй-ай сӕрӕндӕрӕй, иу иннӕйы фӕдыл кӕстӕртӕ, сӕ хъарутыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, зардиагӕй ӕххуыс кӕнынц.
      Сӕфӕн нӕй нӕ фыдӕлты фарнӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ сӕ фарн мӕрдтӕм нӕ ахастой, уыдон ӕй уӕлӕуыл ныууагътой махӕн, кӕрӕдзийы фылдӕр уарзынӕн, амондджындӕр ӕмӕ зӕххыл рӕсугъддӕрӕй цӕрынӕн.
      Ӕз, куыд ӕрыгон фӕлтӕры минӕвар, мӕ хӕсыл нымайын нӕ рӕсугъд фарны ӕгъдӕуттӕ бахъахъӕнын ӕмӕ сӕ дарддӕр хӕццӕ кӕнын фӕстагӕттӕм.
      Хистӕр кадджын кӕм у, кӕстӕр – ӕгъдаудӕттӕг, уым ирон фарнӕн фесӕфӕн нӕй.

Слайд 2Дǽ фарн бирǽ ,
ирон сылгоймаг!

Дǽ фарн бирǽ , ирон сылгоймаг!


Слайд 3Кочысаты Розǽ

Фыццаг ирон сылгоймаг – драмаматург.

Кочысаты РозǽФыццаг ирон сылгоймаг – драмаматург.


Слайд 4Бутаты Фатимǽ
Фыццаг ирон сылгоймаг – физик,лǽвǽрд ын ǽрцыд Паддзахадон премийы лауриаты

ном.

Бутаты ФатимǽФыццаг ирон сылгоймаг – физик,лǽвǽрд ын ǽрцыд Паддзахадон премийы лауриаты ном.


Слайд 5Саламты Софья
Фыццаг хǽххон ирон сылгоймаг – каст фǽци хǽстон-медицинон академи.

Саламты СофьяФыццаг хǽххон ирон сылгоймаг – каст фǽци хǽстон-медицинон академи.


Слайд 6Туаты Ольгǽ
Фыццаг ирон сылгоймаг – профессор.

Туаты  ОльгǽФыццаг ирон сылгоймаг – профессор.


Слайд 7Дудараты Вераникǽ
Фыццаг ирон сылгоймаг– дирижер.

Дудараты ВераникǽФыццаг ирон сылгоймаг– дирижер.


Слайд 8Адырхаты Светланǽ
Фыццаг ирон сылгоймаг-балеринæ.

Адырхаты СветланǽФыццаг ирон сылгоймаг-балеринæ.


Слайд 9Дзугкойты Афассǽ
Фыццаг ирон сылгоймаг-артист.

Дзугкойты АфассǽФыццаг ирон сылгоймаг-артист.


Слайд 10Тугъанты Дзерассǽ
Фыццаг ирон сылгоймаг-барæг.

Тугъанты ДзерассǽФыццаг ирон сылгоймаг-барæг.


Слайд 11Хǽбǽлаты Зинǽидǽ
Фыццаг ирон сылгоймаг-композитор-симфонист.

Хǽбǽлаты ЗинǽидǽФыццаг ирон сылгоймаг-композитор-симфонист.


Слайд 12Гǽздǽнты Аврорǽ (Алоккǽ)

Париж 1925 аз.

Фыццаг ирон сылгоймаг — балеринǽ.
(1890-1925)

Гǽздǽнты Аврорǽ (Алоккǽ)Париж 1925 аз.Фыццаг ирон сылгоймаг - балеринǽ.(1890-1925)


Понравилась статья? Поделить с друзьями:
  • Искать вузы по баллам егэ
  • Иро рб результаты егэ
  • Ирниту расписание экзаменов преподавателей
  • Иск?нд?рг? хат сочинение
  • Ирниту расписание экзаменов 2023