Нарты кадджыта сочинение

ТЕМӔ: « НАРТЫ КАДДЖЫТӔ» —  ирон адӕмы эпос.

Эпиграф:  Нарты кадджытæ сты зонды суадон.

  « Нарты кадджытӕ» сты  хъӕбатырон эпос.

Ӕвдыст сӕ цауы бӕгъатырты тох ӕмӕ скъуыхтытӕ. Уыдон сты аив ӕмӕ цымыдиссаг таурӕгътӕ, хъусӕн ӕнцон, зӕрдӕйӕн- ӕхсызгон, адӕймагӕн хӕссынц цин, ӕфтауынц ӕй сагъӕстыл ӕмӕ уӕздан хъуыдытыл.

                                                                                                         Джыккайты Ш.

 Урочы нысантӕ: 1. Скъоладзауты зæрдыл æрлæууын кӕнын  Нарты эпосы фæлгонцтæ.               

                                         2. Ахуыр кӕнын ӕнӕ кӕсгӕйӕ  дзурын, хъуыды кӕнын

                                         3. Скъоладзауты зӕрдӕты ӕвзӕрын кӕнын

                                              уарзондзинад  нӕ адӕмы хорз ӕгъдӕуттӕм.

Урочы хъомыладон хӕс: 1. Рӕзын кӕнын уарзондзинад мадӕлон ӕвзагмӕ;

                                                2. Хъомыл кӕнын сӕрыстырдзинад нӕ хистӕртӕм,

                                                    райгуырӕн бӕстӕмӕ.

Разныхас.

Нæ чысыл ирон адæммæ ис æмбисонды Нарты кадджыта. Нæ ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сты ирон адæмы энциклопедии, сæ аивады истори. Сæдæгай азты дæргъы нæ фыдæлтæ цы уыдтой сæ алыварс, цы зыдтой, цы хъуыды кодтой æмæ цæмæ бæллыдысты, уыдон иууылдæр æвдыст æрцыдысты эпосы.

-Уæдæ уæм куыд кæсы, цæуыл дзурдзыстæм абон?  

Нæ урочы темæ цы уыдзæн?

«Нарты кадджытæ» сты хъæбатырон эпос. Ǣвдыст сæ цæуы бæгъатырты тох æмæ сгуыхтытæ.

Нарты эпос нæ дисы бафтауы хъæздыг æмæ алыхуызон сюжетон æрмæгæй. Таурæгъты сюжеттæ сты алыхуызон, фæлæ дзы иуæй-иуты нымайæн ис типиконтыл: уæйгуытимæ тох, хæтæнты,  цуаны цæуын, цуаны æмбисæндтæ, мыггæгты æхсæн тох кæнын, хицæн хъайтартимæ тох кæнын.

   Нарт уыдысты цардуарзаг, адæймагуарзаг. Стыр аргъ кодтой сæрибар, кад æмæ уыдон раттыны бæсты мæлæтыл разы уыдысты.

     Нарты кадджыты сæйрагдæр хотыхыл нымад уыд адæймаджы зонд, æрхъуыдыдзинад, уыдысты хъæбатыр æмæ æхсарджын.

    Нарты хъайтартæй иу дæр нæ равзæрд хуымæтæг, æрдзон уагыл.

-Чи уыди сæ хистæр æмæ куыд равзæрд?

Сæ хистæр  Уæрхæджы сфæлдыста æрдзы фарн æмæ Хуыцауы комы тæф.

-Чи сты Уырызмæг æмæ Хæмыц?

Нарты Уырызмæг æмæ Хæмыц дæр сты фурды чызджы фырттæ, Донбеттырты хæрæфырттæ.

-Куыд равзæрдысты Сослан æмæ Батырадз?

Сослан равзæрд дурæй, Батырадз райгуырд  зынгæй æмæ а. д.

— Уæдæ афтæ цымыдисæй цæмæн  ахуыр кæнæм Нарты  кадджытæ?

   Уымæн æмæ йæхи чи нæ зоны,уый никæй базондзæн, йæхи чи нæ уарзы,уый никæй бауарздзæн! Эпос Нарты кадджытæ у ирон адæмы хæзнадон,нæ царды айдæн,нæ зонды суадон æмæ алы ирон адæймаг  дæр хъуамæ  зона йæ рагфыдæлты цард.

  Нарты  кадджытæ сты ирон адæмы хуыздæр æвæрæн. Сæ саразджытæ та-нæ Иры номдзыд кадæггæнджытæ: Медойты Сабе, Текъоты Хъуыбады, Сланты Гаха, Джусойты Кудза, Гатуты Дабег, Саулаты Дзæрæх,  Таутиаты Дрис,  æмæ бирæ æндæртæ.

Фæндырдзæгъдæгæн (кадæггæнæгæн) уыди кæцыфæнды заманы дæр стыр кад. Нæ куырыхон хистæрты руаджы мах абон кæсæм диссаджы таурæгътæ (чингуыты равдыстимæ куыст)

— Чи уыдысты Нарты хъайтартæ?

Нарты эпосы хъайтартæ сты Уырызмæг, Сослан, Батырадз  æмæ иннæтæ. Уыдонæн алкæман дæр ис хицан миниуджытæ.

              Уырызмаг ахсы хистæры бынат нæртон адæмы æхсæн, у домбай хæстон æмæ дзырддзæугæ раздзæуæг. Зæронды бонмæ фæцыди Нарты  разæй алыхуызон стæрты.

     Эпосы æппæт сурæтты æхсæн уæлдай уарзондæр æмæ  номдзыддæр хъæбатыртæ сты Сослан æмæ Батырадз, — сæ дыууæ дæр Уырызмаг æмæ Сатанайы хæсгæ фырттæ.

    Сослан райгуырд дуры гуыбынæй. Йæ буары нæдæр кард хизы, нæдæр фат, йæ кæрц та у лæджы сæры цæрмттæйхуыд.

    Батырадз у æндонбуар, нарты хистæртæ йæ банымадтой нæртон адæмы хуыздæрыл. Рæстзæрдæ, хин æмæ галиу митыл кæны æлгъ.

      Нарты кадджыты стыр бынат ахсы Сырдоны фæлгонц. Уый у Нарты кадджыты уарзондæрх хъайтартæй иу. «Арвы хин æмæ зæххы кæлæн»,  «Нарты фыдбылыз», «Гæтæджы фырт, гæды Сырдон». Нарты æхсæн фыдбылызæй цыдæриддæр цыд, уыдон цыдысты Сырдоны аххосæй. Фæлæ йæ хинтæ йæ сæрыл æрцыдысты. Йæ фырттæ куы  бабын сты,  уæд йæ хистæр фырты цонджы стджытæй фæндыр сарæзта, иннæ лæппуты зæрдæйы тæгтæй фæндырæн скодта 12 тæны. Ныхасмæ бацыд, ныццагъта æмæ йемæ ныззарыд:

— Нарт, ай уын мæ лæвар, æмæ уемæ цæрын бауадзут.

Нарт уыцы фæндыр райстой æмæ кæрæдзийæн загътой:

   «Иууыл цагъды куы фæуæм, уæддæр ацы фæндырæн ма уæд фесæфæн. Уый чи  цæгъда æмæ мах ном чи мыса, уый уыдзæн нæхион!»

Уæдæ музыкæ цæмæй райгуырд?

     Трагедийæ равзарди музыкæ – ахæм у кадæджы сæйраг ахсджиаг хъуыды. Рæстдзинад басаста фыддзинады.

    Ацæмæз – диссаджы зараг. Йæ уадындзы зæлтæй ныррухс вæййы дуне, райхъал кæны æрдз, йæхимæ æрыхъусын кæны адæмæй, маргъæй, сырдæй, бæласæй, къæдзæхæй се ппæты дæр.

       Хæмыц – иннæ номдзыд нартæй уæлдай сгуыхтдзинæдтæ не вдыста, уыдис рог адæймаг. Йе нæуаг миты тыххæй дзы бирæтæ се сæфт федтой. Хæмыц у Уырызмæджы фаззон æфсымæр, Ǣхсæртæг æмæ Дзерассæйы фырт.

Нарты кадджыты зынггондæр  сылгоймаг чи уыд?

   Сатана уыд зондджын, æрхъуыдыдэжын, хиуылхæцгæ сылгоймаг.  Уыди кæрдзындæттон. Бирæ хæттыты нарты фервæзын кодта æххормагæй, фыдбылызæй.

Таурæгътæм гæсгæ Нартæ уыдысты хъæбатыр, лæгдзинадæй æххæст. Сæ бæстыл цъиу атæхын дæр нæ уагътой.

Нарт сæ сæртæ дæлæмæ нæ уагътой, суанг Хуыцауы раз дæр: «Нæ дуæртты уæлкъæсæртæ бæрзонд аразæм, кæннод нæ нæ сæртæ гуыбыр кæнын куы бахъæуа, уæд Хуыцау мыййаг афтæ куы банхъæла, æмæ уымæн кувæм», — дзырдтой нарт.

Нæртон адæм уарзтой хъазæн æмæ хъæлдзæг ныхæстæ, стыр аргъ кодтой дзырдарæхстдзинадæн.

Нæртон адæммæ нæ уыд сæрмагонд ахуырад æмæ хъомыладон кусæндæттæ. Фæлæ кæстæртæ зыдтой хистæртæн лæггад кæнын, кастысты сæ коммæ, æххæст кодтой сæ фæдзæхстытæ, уымæн æмæ сæ хистæртæ ахуыр кодтой сæ фæлтæрддзинадыл.

— Цæуыл ма ахуыр кодтой хистæртæ сæ кæстæрты?

  — Цавæр зындгонд бынæттæ уыдис Нартмæ?

     Нарты адæмы царды зынгæ бынат ахстой ерыстæ. Ерыс кодтой цыргъ ныхас кæнынæй, фат æхсынæй, бæхыл бадынæй, кафынæй, зарынæй, музыкалон инструменттыл цæгъдынæй, дугъы уайынæй.

Стыр ахадындзинад уыдис Нарты ныхасæн. Ныхас уыдис хъæубæсты ас лæгты æмбырд æмæ æмбырды бынат, иумæйаг фæрстытæ лыггæнæн бынат. Ныхасы уынаффæ уыд æнæмæнг æххæстгæнинаг алкæмæн дæр. Нарты ныхас æххæст кодта æртæ ахсджиаг функцийы:

 1) хъæубæсты æхсæны цардмæ хъус  дарын æмæ йæ раст фæндагыл æвæрын

2) уæгъд рæстæг иумæ æрвитыны хуыз сбæрæг кæнын

3) фæсивæды хъомыл кæнын æмæ сын ирон æгъдæуттæ бацамонын æмæ бамбарын кæнын

«Нарты хъазæн фæз» æмæ «Зилахар» уыдысты, нырыккон культурæйы хæдзæрттæ æмæ стадионтæ куыд сты, афтæ сæхи ирхæфсыны, курдиат, арæхстдзинад равдисыны бынæттæ.

 Ирон адæммæ ма ис бирæ нæртон нæмттæ: Уырызмæг, Сослан, Батырадз, Ацæмæз, Ацырухс…

Мыггæгтæ: Хæмыцатæ, Ǣхсаратæ…

Хъæу: Нартыхъæу

Кувæндæттæ: «Реком» — Цъæйы комы, «Мыкалгабыртæ» — Къасарагомы…

— Цавæр нывгæнджытæ ныв кодтой  Нарты кадджытыл?

       Нарты эпосы сюжеттæм гæсгæ диссаджы нывтæ скодта Тугъанты Сафарбийы фырт Махарбег (1881-1953). Уый уыд ирон зындгонд нывгæнæг, адæмон сфæлдыстад иртасæг, график. Нарты эпос сахуыр канынæн Махарбегæн стыр ахъаз фесты йæ фыд, йæ мады фыд æмæ мады æфсымæр Санаты Дзантемыр. Уыдон уыдысты ирон фольклор æмбырдгæнджытæ. Реалонучилище каст фæуыны фæстæ Махарбег ахуыр кодтаБетъырбухы Аивæдты Академийы, уый фæстæ та Германы, Мюнхены.

Стыр ахуыргонд, этнограф Тугъанты Махарбег ирон историмæ бацыд, куыд нывгæнæг. Уæлдай зындгондæр та сты, Махарбег Нарты кадджыты сюжеттæм гæсгæ цы нывтæ сарæзта,уыдон: (равдисын æппæт нывтæ)

Нарты кадджытыл  ма скодтой  нывтæ Хохты Аслæнджери, Дзанайты Азанбег, Хъаныхъуаты Умар æмæ иннæтæ.

Ǣмбисæндтæ та цавæртæ зонут Нарты адæмыл?

      Ирон адæммæ бирæ рæсугъд æгъдæуттæ ис. Уыдон сын ныууагътой сæ рагфыдæлтæ скифтæ – алантæ. Нæ рагфыдæлтæ куыд дзырдтой, афтæмæй зæххыл цыдæриддæр цæуы, уыдон иууылдæр сты Хуыцауы фæндонæй. Уый сфæлдыста зæхх, дон  æмæ уæлдæф. Уымæ гæсгæ ирон мифологийы ис æппæты сæргъы.

Нæ куырыхон хистæртæй ма нын баззад æртæ чъирийы кувын. Ǣртæйы символикæ амоны зæхх, дон æмæ хур.

Уæдæ нын не ртæ чъирийы чи акува?

Кæронбæттæн.

«Ханты цагъды»  райгуырд.

Зæлтимæ хъуысынц  æмдзæвгæтæ

  1.  Ирон фæндыр нын баззади фыдæлтæй,

У махæн та нæ хæзнаты хуыздæр.

Ирон фандыр! Рæсугъд зæрдæйы фæндтæй,

Уый равзæрди, уый райгуырди кæддæр.

Ǣнæ фæндыр нæ фидауы Ирыстон!

Ǣнæ фæндыр мæгуыр кæны нæ зæхх!

  1. Нæ чысыл Ирыстон! Нæ райгуырæн бæстæ!

Дæуыл у нæ, хъуыды, нæ мæт!

Тæхуды куы ариккам дæу аккаг ныхæстæ

Дæ номыл нæ зарæг фыссиккам.

  1.  Нæ чысыл Ирыстон! Нæ мадау дæ уарзæм,

Ǣнæ дæу нын цард у æнкъард.

Кæмфæнды куы вæййæм – дæуыл у нæ зарæг,

Дæуæй хæрæм алкæддæр ард.

Кæд абон ирон адæм бирæ не сты, уæддæр зæлы æмæ зæлдзæн ирон дзырд, ирон зарæг. Ǣнустæм цæрдзæн нæ рæсугъд мадæлон æвзаг.

Хæдзармæ куыст.

“Нæ рагфыдæлтæм нæ уыд фыссынад, уымæ гæсгæ сын дзургæ эпос уыд литературæ дæр, истори дæр, царды зондисæн скъола дæр.”1Эпос афтæ ахсджиаг кæй уыд адæмæн мин азты сæрты йæ уымæн æрхастой æппæты стырдæр æмæ зынаргъдæр хæзнайау. Ирон æмбисонд зæгъы: “Хур æмæ мад зæронд нæ кæнынц.” Зæронд нæ кæны Нарты эпос дæр. ХIХ æнусы доктор Пфаф фыста: “Нарты кадджытæм ирон лæг абон дæр хъусы, мах Евангелимæ куыд хъусæм, афтæ зæрдиагæй.”2 Æхцон ­æмæ йын адджын та уымæн уыд,æмæ дзы лæг уыдта канд фыдæлты сгуыхт хъуыддæгтæ нæ, фæлæ йæ рæстæджы судзаг фарстытæн,æмæ сын кодта карз æцæгтæ.

Нарты кадджытæ сты ирон адæмы не заманты историйы тæккæ хуыздæр æвдисæн. Мах нæ кадджытæн сæ мифологон кæнæ гиперболон уæлцъар куы сисæм, уæд дзы фендзыстæм нæ фыдæлты историон цардыуаг, сæ зондахаст, сæ бæллицтæ. Уæвгæ, мифологон æмæ гиперболон уæлцъар дæр къаддæр адæмон идеологиимæ баст сты, æмæ ацы уагæвæрд афтæ æмбарын нæ хъæуы, æмæ нæ эпос у адæмы истори, кæцыйы агурын хъæуы хицæн историон цаутæ. Исты бæлвырд историон архайæгæн, кæнæ бынатæн, йæ ном куы баззайа эпосы, уæддæр уымæн ис фольклорон мидис. Историон, легендарон хъайтартæ эпосмæ куы бахауынц адёмон сфæлдыстады зилдухы, уæд сæ уый сфæлгонц кæны фольклорон нывтæм гæсгæ.3 Райсæм иунæг æвдисæн. Проф. Абайты Васо куыд сбæлвырд кодта, афтæмæй ном Хъæндзæргæс у хан Чингис, уый тынг хорз зындгонд историон архайæг уыд.

Нæ эпос цардимæ афтæ æнгом баст кæй уыд, йæ хъомыладон ахадындзинад афтæ егъау кæй уыд, гъе уымæн у цардхъом, гъе уымæн нæм æрхæццæ æнусты сæрты цардæгас æмæ аивæй.

Эпос ахуыр кодтой алы рæстæг бирæ зындгонд курдиатджын ахуыргæндтæ В.Ф.Миллер, В.Б.Пфаф, Ж.Дюмезиль, Нигер( Дзанайты Иван ), Абайты Васо æмæ æнд. Сæ къухты бафтыд ахъаззаг куыст бакæнын. Раиртæстой эпосы мидис, йæ мифон æмæ историон уидæгтæ. Фæлæ уæддæр эпосы сусæгдзинæдтæ къаддæр нæ кæнынц. Азæй – азмæ нæ разы сыстынц ног фарстытæ. Нарты кадджыты хицæн проблемæтæ æнтыстджынæй æвзарынц Бязырты Алыксандыр, В.Кузнецов, Гуыриаты Тамерлан, Къæбысты Рутен, Джыккайты Шамил, Гаглойты Юрий, Дзиццойты Юрий. Ацы ахуыргæндтæ æвзарынц эпосы мотивты равзæрд, нæмтты этимологи. Ахъаззаг бакусинаг у эпосы поэтикæ дæр. Ацы темæйыл ис хицæн иртасæн куыстытæ Бязырты Алыксандр “Нарты эпосы поэтикæ” æмæ æндæртæ. Фæлæ йыл уæддæр хъæуы монографион куыстытæ бакæнын. Эпос ныр бирæ æнусты дæргъы зæронд нæ кæны. Нæ адæмы царды йын ис стыр ахадындзинад. Абон дæр ирон фынгыл кувынц: “ Сатана къух фæу, зондæй та – нæртон Уырызмæг.”

Нарты кадджыты цы адæймæгты фæлгонцтæ ис, уыдон сты тынг æххæст, индивидуализацигонд æмæ монументалон. Дыууæйæн дзы кæрæдзимæ схæццæ гæнæн нæй, алы фæлгонцæн дæр ис йæхи сæрмагонд миниуджытæ.

Уырызмæг – Нарты номдзыддæр æмæ уарзондæр хъайтартæй иу, Æхсæртæг æмæ Дзерассæйы фырт, Хæмыцы фаззон æфсымæр. Уырызмæг у нæртон адæмы цытджын хистæр, зондджын, хиуылхæцгæ. Ничи дзы фехъусдзæн тызмæг дзырд, йæ зонд æмæ хъару йæ адæмæн нæ хæлæг кæны. Бынтон куы базæронд æмæ нартæн уæлдай уаргъ æмæ хъазæнхъул куы сси, уæд сын баххуыс кодта се знаг Сайнаг – æлдары æфсады ныппырх кæнын ( иуæй – иу варианты та Кæфты сæр Хуадон æлдары ). Йæ мæлæты ссардта нартимæ Хуыцауы ныхмæ тохы.

Хæмыц – ис ахæм ирон æмбисонд: “Хъулæттæ иу мады хуылфæй дæр цæуы.” Уырызмæг æмæ Хæмыцимæ иухуызонæй ницы ис. Хæмыц сгуыхтдзинадæй ницы æвдисы, у рог адæймаг. Чындзæхсæвтыл зилын, бахæрын, бануазын, рæстæг хъæлдзæгæй арвитын, сылваз митæ кæнын – уыдон сты Хæмыцы бæрæггæнæнтæ. Уыдис æм æмбисонды дæндаг – Æрхызы дæндаг ( балæвар ын æй кодта йæ фыды хо, æндæр вариантмæ гæсгæ та – Æрхъызы дзуар; дæндагæн дæр йæ ном уымæн афтæ хуыйны ). Уыцы дæндагмæ уыдис алæмæттаг миниуæг – æппæт сылгоймæгты дæр фæливын, уымæ гæсгæ Хæмыц ныууагъта балцы æмæ стæры цæуын. Йе ’нæуаг миты тыххæй дзы бирæтæ се сæфт федтой, уæлдайдæр та Борæты мыггаджы лæгтæ.

Сослан (Созырыхъо) – Нарты нæрæмон Сослан – æндон хъæбатыр, æнæхатыр нæртон гуырд. Нымад у Нарты æппæты номдзыддæр хъайтарыл. Æнæном фыййауы, æндæр варианты та Уастырджийы фырт, кæнæ Сайнаг – æлдары фырт, йæхи бахсыста уæларв Куырдалæгоны æххуысæй, бирæгъы æхсыры. Йæ тых æмæ хъару кæм нæ фæфаг кæнынц, уым йæ хотых скæны хин æмæ кæлæн. Афтæмæй амардта Алæгаты мыггагæй чысыл Тотрадзы. Йæх­æдæг кæм нæ фæзоны, уым æм æххуысмæ фæзыны йæ ныййарæг мад Сатана. Зæгъæм, кадæг “Сослан æмæ Тары фырттæ”. Тыхгæнæг ын тых нæ ары, фæлæ Хуры чызджытæй иуы кæй бафхæрдта, уый аххосæй фæмард Балсæджы цалхимæ тохы.

Нæртон Æфсин Сатана – нæртон сылгоймæгты тæккæ зондджындæр, адæмы иумæййаг мад. Сатана у уæларвцæрæг, Уастырджийы æмæ Донбеттыры чызг Дзерассæйы чызг. Нæртон зондамонæг Уырызмæджы бинойнаг. Сатана схъомыл кодта нæртон адæмæн Сослан æмæ Батрадзы.

Сатана йæ цыргъзонды фæрцы нæртон адæмы фервæзын кæны зындзинæдтæй. Зæгъæм Нартыл стонг аз куыд скодта , Уырызмæджы фæстаг фосы конд . Сатанайы номимæ баст у ирон бæгæныйы фæзынд ( “Нартæм бæгæны куыд фæзынд”). “Можно Нартов представить без любого из героев,даже главнейших, — зæгъы Абайты Васо. – Но нельзя их представить без образа Сатаны.”4 Ахæм аргъ ын кæны Жорж Дюмезиль дæр: “Прекрасная, умная, предприимчивая, она – образец хозяйки дома, кавказской хозяйки. Она предвидит всё и ко всему готова… Она умна…Сам бог питает к ней слабость: он столь исправно выполняет её просьбы, что даже превращает зиму в лето.”5 Зындгонд ирон фыссæг Нигер Сатанайы хоны “идеальная супруга , верная жена, идеальная хозяйка дома”. Нарты Кадджыты Сатана иннæ хъайтартæй уæлдай у æнæмæлгæ, æнусон. Эпосы нæй Сатанайы мæлæтæн йæ кой.

Батрадз – Нарты кадджыты зындгонддæр хъайтартæй иу. Хæмыц æмæ Быценоны фырт. Цæры кæнæ денджызы йæ мады хæстæджытæм – Донбеттыртæм, кæнæ та – уæларвбæстæйы йæ байсæрæг Куырдалæгонмæ. Батрадз у болат æмæ æхсарджын лæг, æдзухдæр æххуыс кæны йæ адæмæн. Батрадз йæ фыд Хæмыцы туг исгæйæ, йæ мæлæт ссардта уæларвцæрджытимæ тохы. Хуыцау Батрадзыл æртæ цæссыджы æрæппæрста æмæ равзæрд Ирыстоны зæххыл æртæ кувæндоны: Таранджелос, Реком, Мыкалгабыртæ.

Сырдон – Арвы хин æмæ зæххы кæлæн, Нарты фыдбылыз Гæтæджы фырт гæды Сырдон, — ахæм ныхæстæй бæрæггонд цæуы кадджыты мидæг Сырдон. Нарты кадджыты геройтæй алкæцы дæр у хицæн миниуæджы хицау, хицæн идейæ æвдыст кæм цæуы, ахæм. Сырдон у фыддзинад, фыд миниуджытæ хæссæг. Лермонтов куыд загъта: “Собранье зол – его стихия!” Нарты ’хсæн фыдбылызæй цыдæриддæр цыд, уыдон цыдысты Сырдоны аххосæй . Уый аххосæй амардысты Батрадз æмæ Сослан, æппæт Нарты сæфты дæр у азымджын. Сырдон йæ фыртты цонджы стджытæй æмæ нуæрттæй фæндыр куы скодта, уæд æй Нарт се ’хсæнадмæ райстой, сæхицæн дзы загътой æфсымæр.

Ацæмæз – Нарты кадджыты сызгъæрин удæвдзы хицау. Йæ фыдæн ын æй балæвар кодта Æфсати. Ацæмæзы диссаджы цагъдмæ тайынц æнусон цъититæ, кафынц хъæддаг сырдтæ, зарынц мæргътæ, æрдз райхъал вæййы.

Нарты Хуыздæртæ иугæндзон сагъæс кæнынц сæ фидæныл. Кадæг «Нарты æмбырд» — ы кæсæм: “Нарты гуыппырсартæ æмбырдæй бадтысты сæ къæлæтджын бандæттыл. Тæрхон кодтой уыдон сæ дзыллæйы сæрыл.”6 Къостайы «Додой» — ы тæрхоны лæгтæй хъауджыдæр уыдонмæ хъардта адæмы хъыг, уыдон æвзæрстой хорз æмæ взæр, уыдон хорз фæзминаг хъуыддæгтæй та сæ цард цух никуы уыд. Зæгъæн ис, æмæ кадæг “Нарты æмбырд” у Нарты моралон кодекс. Йæ райдайæны фæд – фæдыл нымад цæуынц адæмы сæйрагдæр этикон принциптæ: “патриотизм, хиуыл хæцын, рæстдзинад дзурын, сæр сæрмæ хæссын, нозтæй бæрц зонын, хистæр æмæ кæстæры ахастытæ, сылгоймагæн аргъ кæнын .”7 Эпосы лейтмотивæй цæуы бæрзонд этикон хъуыды: адæймаг æххæст æмæ нæртон у æрмæст Фыдыбæстæйы; адæймаг йæ адæм æмæ йæ зæххæй иппæрдæй у æгад æмæ ницæйаг. Нартæн сæ цард дæр æмæ сæ мард дæр кадджын у æрмæст фыды уæзæгыл. Уымæн æвдисæн ирон æмбисæндтæ: “Райгуырæн бæстæ адджын у”, “Æнахуыр бæсты æлдарæй дæр зын цæрæн у”, “Искæй уæзæгыл мæ хуыцау æхсин дæр ма скæнæд.”8

Кæй зæгъын æй хъæуы,фыды уæзæг тынг зынаргъ уыд нæ фыдæлтæн. Нæ эпос у адæмон,ирдæй дзы зыны адæмы зондахаст. Нарты мæт у адæмы иумæйаг амонд. Раст бафиппæйдта Нигер: “Тых æмæ хъару кæмæ ис Нартæй, уый йæхи кой нæ кæны, йæхи пайдайæн нæ кусы, фæлæ адæмы – Нарты се ’ппæты пайдайæн, се ’ппæты кадæн, се ’ппæты номæн.”9 Ныртæккæ дæр ма ацы рæсугъддзинад ис ирон адæммæ.

Нæртон царды хъæзтыты æмрæнхъ лæууы кафыны аивад. Нарты эпос хъæздыг у нæртон кафты нывтæй. Зилахары быдыры, хъазæн фæзы, уыцы гуыпп – æмбырд сты Нарты фæсивæд. Симд самадтой уыдон хъазæн лæгъзы. Сосланæй хуыздæр ничи сарæхсти симынмæ Нарты фæсивæдæй. Зæххыл куыд арæхст, фæсивæды уæхсчытыл дæр афтæ арæхст Нарты сгуыхт адæймаг. Адæмæн диссаг у Нарты симд: “Уæд иу бон куы уыди, уæд Нарты гуыппырсартæ, Уырызмæгæй фæстæмæ, Сау хохы сæрмæ æрæмбырд сты æмæ уым симд сарæзтой. Симгæ та афтæ кодтой, æмæ хæхтæ згъæлдысты, сау хъæды бæлæстæ фæстытæ кодтой, зæхх сæ быны лæпп – лæпп кодта” (НК, 231).

Уыцы кæфтытæ канд аивад æмæ ритуалон архайд нæ уыдысты, фæлæ уыимæ уыдысты хæстон фæлтæрæнтæ дæр. Симд тыхæвзарæн кæй уыд, уымæн æвдисæн Батрадз æмæ Алæфы кафт.

Нартæ стыр аргъ кодтой аивадæн. Адæймаджы зонд æмæ курдиат цы стырдæр трагедитæ сфæлдыстой, уыдонæй иу у кадæг “Фæндыр куыд фæзынди”. Сырдон – дæлимонты фæдон, Нартæн фæндыр кæй сарæзта,уый тыххæй йæ райстой Нарты æхсæнадмæ, скодтой дзы æфсымæр.

Абайты Васо фыссы, зæгъгæ, кард æмæ фæндыр сты Нарты царды символтæ: кард – æхсары нысан, фæндыр – аивады нысан. Куыд уынæм, афтæмæй Нартæ уыдысты хъаруджын, æмæ хæрзæгъдау уæздан адæм, — афтæ сæ сфæлдыста нæ фыдæлты поэтикон курдиат, уыдон тырныдтой идеалмæ. Лæг кардæй куыд арæхсы, афтæ хъуамæ дæсны уа фæндырæй цæгъдынмæ дæр. Фæлтæрæнты руаджы адæймаг свæййы фидауцджын æмæ арæхстджын – ахæм у эпосы идейон хатдзæг.

Нарты кадджытæн се ’взагæн æмбал нæй: хъæздыг æмæ сыгъдæг, æнцонæмбарæн æмæ нывæфтыд, цыргъ æмæ ахорæнджын. Фæлæ иу хъуыддаг ис: нывæфтыд æмæ ахорæнджын дзырдтыл тынг рæдау не сты Нарты кадджытæ – дæттынц сæ бæрцæй, æмæ уымæ гæсгæ сæ ахадындзинад кæны тынг бирæ. Нывæфтыд ныхæстæ, эпитеттæ, арæх не сты Нарты кадджыты, фæлæ дзы цы ис, уый æгъгъæд у. Нарты кадджыты æвзаг синтаксисы æрдыгæй дæр у иттæг хæрзхуымæтæг, лæгъз, æнцон: “Арвы рухс æмæ зæххы фидауц басгуыхти авд æфсымæры иунæг хо Акулæ – рæсугъд. Саразын кодта йæ авд æфсымæрæн дыууæ денджызы ахсæн, авд фæндаджы астæу, æфсæн мæсыг, æмæ уым бадти, æддæмæ нæ каст; йæ цæстæй нæлгоймаг никуы федта. Нарты хæрзæджытæ йæ уындмæ бæргæ бæллыдысты, фæлæ уый сæ къухы не ’фтыди “. Ацы скъуыддзаг ист у “Нарты симд ” — æй æмæ дзы бæлвырд уынæм се ’взаджы рæсугъддзинад.

Кæй зæгъын æй хъæуы, персонажтæн алкæмæндæр ис йæхи æвзаг æмæ ныхасыхъæд. Сырдон у цыргъæвзаг, Уырызмæг та кæны æнцонæмбарæн æмæ аив ныхас. Сослан арæх фæкæны гуымиры ныхæстæ.

Нæ дзыллæ сæ героикон эпосы равдыстой сæ уды бæллицтæ æмæ фæлтæры сагъæстæ. Æрæмбырд дзы кодтой сæ тæккæ хуыздæр миниуджытæ æмæ сæ рæсугъд историон фæндагыл цæмæдæриддæр тырныдтой, уый.

1 Абаев.В.И. Нартовский эпос.-Известия СОНИИ,т.х,вып. 1- Дзауджикау,1945.-с.-10.

2 Сб.сведений о Кавказе.Вып. 1. – Тифлис,1971. – с.167.

3 Гуыриаты Тамерлан. Сатана: йæ сурæт æмæ йæ номы равзæрд// Мах дуг. – 1975. – №4. – ф.107.

4 Абаев В.И. Нартовский эпос осетин. Нарты. Осетинский героичский эпос. Кн.1. – М.,1990. – с.22.

5 Дюмезиль. Ж. Осетинский эпос и мифология. – М.,1976. – с. 244 – 245.

6 Нартæ. Ирон адæмы героикон эпос. 1 чиныг – М.: Главная редакция восточной литературы, 1990. – 286ф.

7 Нарты кадджытæ. – Дзæуджыхъæу, 1946. – 243ф. ( Дарддæр ацы чиныгæй ист ныхæстæ бæрæггонд цæудзысты тексты къæлæтты мидæг, фарс нысангондæй ).

8 Ирон æмбисæндтæ. – Орджоникидзе: Ир,1976 . – 1976. – 70ф.

9 Нигер. Уацмысты æххæст æмбырдгонд æртæ томæй. 3 – аг. т. – Чиныгуадзæн «Ир». – 1968. – 335ф.

1

Эпос “Нарты
кадджытæ”- ирон адæмон сфæлдыстады  стырдæр хæзна.
(Презентаци)

Дзырдтой
нæ буц фыдæлтæ раджы: «Мæнг дуне, дам, уыди фынæй, æмыр æмæ саудалынг. Стæй
арвыл фæзынди мæйы зынг, стъалыты æрттывд æмæ кæрæй-кæронмæ нывæндгæ рацыд
Æрфæны фæд. Уый фæстæ ссыгъди сæуæхсид, æмæ цъæх арвыл фæзынди хуры цалх. Стæй
сæ рухсы æндæрг фæрдыгау цæхæртæ ацагъта æмæ арвæй фесхъиудта зынджы стъæлфæн.
Æмæ куы рхаудта, уæд сау фæныкк фестади зæххыл. Хуыцау

сфæлдыста
уыцы æрвон арты сыгъдонæй Нарты…»

Narton%20Kuyvd%20raznyxasima

Нарты
кадджытæ сты нæ зонды суадон, нæ царды
айдæн.                                                                Алы адæймаг
дæр хъуамæ зона йæ адæмы æгъдæуттæ, æххæст                                        
 сæ кæна, уымæн æмæ уыдон сты адæмы æхсæнадон,  культурон,                         æрвылбоны
царды фæлтæрдзинад æвдисæн.

«Натры кадджытæ»
сты хъæбатырон эпос. Æвдыст сæ  цæуы бæгъатырты тох æмæ сгуыхтытæ. Сты аив æмæ
цымыдисаг таурæгътæ, хъусæн — æхцон, зæрдæйæн – æхсызгон. Адæймагæн хæссынц
цин, æфтауынц æй сагъæстыл æмæ уæздан хъуыдытыл.

                                                                                                     
Джыккайты Шамил.

Нарты кадджыты сæйраг
циклтæ сты:

1.     Уæрхæг æмæ йæ
фырттæ

2.     Уырызмæг æмæ
Сатана

3.     Сослан

4.     Батрадз

Нарт Нарт уæд
уыдысты, арв сæ нæрын нæ уæндыди, æмæ мæлын            куы  зыдтой сæ дзыллæйы
сæрыл.

Нæ дзыллæ
дзыллæ уæд уыдысты æмæ сæ сæр сæрмæ куы хастой.

Фыдвæдæй æвæд
хуыздæр, æнусты царды бæсты куырдтой Хуыцауæй æнусты кад.

Untitled-3Батрадзы тох зæдтæ æмæ
дауджытимæ

    
Нарты кадджыты
  æппæт сурæтты ‘ хсæн уæлдай уарзондæр   
æмæ номдзыддæр хъæбатыр у Батырадз. Уый у Сатанайы  хæсгæ фырт. Батрадз у
æндонбуар, нарты хистæртæ йæ банымадтой нæртон адæмы хуыздæрыл. Рæстзæрдæ, хин
æмæ галиу  митыл кæны  æлгъ.

Untitled-4Куырдалæгон

      Уæларвон
куырд, куырдты  бардуаг ирон мифологийы. Аразы згъæртæ, хотыхтæ æмæ æндæр
хæстон дзауматæ; цалцæг кæны тохы чи фæхъæн ис, уыцы нарты сæры кæхцытæ; сæ
бæхтæн сын садзы цæфхæдтæ. Куырдалæгон йæ уæларвон куырдадзы бахсыста Сослан
æмæ Батрадзы. Сарæзта нартæн гутон. Нартимæ цæры хæларæй: уæларвы йæм бирæ
рæстæджы дæргъы уазæгуаты вæййынц номдзыд нарт. Куырдалæгон йæхæдæг дæр у
зынаргъ уазæг нарты куывдты.

Untitled-1Нарты сæфт

           Нарт
сæ сæртæ дæлæмæ нæ уагътой, суанг  Хуыцауы раз дæр: ”Нæ дуæртты  уæлкъæсæртæ  бæрзонд
аразæм, кæннад нæ сæртæ гуыбыр кæнын  куы бахъæуа,  уæд  Хуыцау мыййаг афтæ  куы
банхъæла,  æмæ уымæн  кувæм,” — дзырдтой Нарт.

             Нæртон адæммæ нæ уыд сæрмагонд  ахуырад æмæ  хъомыладон
кусæндæттæ . Фæлæ кæстæртæ зыдтой хистæртæн лæггад кæнын, кастысты  сæ коммæ,  æххæст
 кодтой  сæ фæдзæхстытæ , уымæн æмæ  сæ  хистæртæ  ахуыр  кодтой  сæ  фæлтæрдзинадыл.

нарты

                                                        
Нарты Сырдон

          Сырдон у
Нарты кадджыты уарзондæр хъайтартæй иу.    «Арвы хин æмæ зæххы кæлæн, Нарты
фыдбылыз, Гæтæджы фырт, гæды сырдон». Нарты ’хсæн фыдбылызæй цыдæриддæр уыд,
уыдон цыдысты Сырдоны аххосæй. Фæлæ йæ хинтæ йæ сæрыл æрцыдысты. Йæ фырттæ куы
бабын сты, уæд йæ хистæр фырты цонджы стджытæй фæндыр сарæзта , иннæ лæппуйы
зæрдæйы тæгтæй та фæндырæн скодта 12 тæны. Ныхасмæ бацыд, ныццагъта æмæ йемæ
ныззарыд:

      — Нарт, ай уын мæ лæвар  æмæ мæ уемæ цæрын
бауадзут.

Нарт фæндыр райстой æмæ кæрæдзийæн загътой:

«Иууыл цагъды куы фæуæм , уæддæр ацы фæндырæн ма уæд
фесæфæн. Уый чи цæгъда æмæ мах ном чи мыса, уый уыдзæн нæхион».

нарты3           

                                                              
Ацæмæз

            Ацæмæз – сыгъзæрин уадындзы
хицау  Нарты кадджыты.   Йæ фыдæн ын æй балæвар кодта «цырдкъах» Æфсати. Ацæмæз
йæ диссаджы уадындзæй æдзух цæгъды, Сæйнаг – æлдары чызг Агуындæ- рæсугъд кæм
цæры, уыцы Сау хохы сæр. Йæ сызгъæрин уадындзы цагъдмæ тайынц æнусон цъититæ,
кафынц хъæддаг сырдтæ æмæ хæдзары фос, зарынц мæргътæ.

нарты2

           Нарты кадджыты сæйрагдæр хотыхыл нымад уыд
адæймаджы зонд, æрхъуыдыдзинад, уыдысты хъæбатыр æмæ хсарджын.  Уацамонгæйы
дарынц Алæгаты хæдзары, Нарты æмбисонды куывдтæ дæр адонмæ вæййынц, куывды
сæйрагдæр  æгъдæуттæй  иумæ гæсгæ — иу хъуамæ нарт радзырдтаиккой се
сгуыхтдзинæдты тыххæй.

Untitled-2Сослан æмæ Балсæджы цалх

            Балсæджы цалх — уæларвцæрæг æвирхъау æмæ
быларæфтауæг зынг цалх нарты кадджыты. Созырыхъо  (Сослан) Балсæджы чызджы
ракурыныл кæй не сразы æмæ афтæмæй чызджы кæй бафхæрдта, уый тыххæй йæ Б.ц.
амардта æмæ эпосы зындгонд у куыд Созырыхъо  марæг. Дыгурæтты кадджыты Сосланы
марæг цалхы  хонынц              «Ойноны цалх»

Сослан

Сослан

Сослан, Созырыхъо – ирон Нарты эпосы æппæты номдзыддæр хъайтар (Ж.Дюмезиль) Нарты кæстæр фæлтæры минæвар æнæном фыййауы фырт (æндæр вариантты – Уастырджийы кæнæ Сайнæг-æлдары фырт, бирæгъы æхсыры йæ бахсыста Куырдалæгон, схъомыл æй кодта æрвон Сафа. Сослан Нарты эпосмæ бацыдис куыд культурон хъайтар – дзуæрттæ йын радтой – уый фæрцы æгас Нартæн дæр – хоры зайæгхалты гагатæ (мыггаг) (Уацилла, Реком æмæ Мыкалгабыртæ), дзывыр (Куырдалæгон), донгуырæйттæ (Донбеттыр). Уæддæр Сослан зындгонддæр у, куыд Нарты æппæт хъæзтыты æмæ Нарты знæгтимæ тохы уæлахиздзау. Фæлæ йæ ном къаддæр кæмæн нæу, уыцы æгæрон хъару æмæ намысы хицау, æргом архайæг хъайтар Бæтрадзæй хъауджыдæр, Сослан йæхицæй тыхджындæр знагимæ тохы хин æмæ мæнгарддзинадæй дæр æлгъ нæ кæны, лæмæгъдæртæ æмæ, састы бынаты чи баззайы, уыдонимæ та у дурзæрдæ æмæ æгъатыр (йæ туджджын Алæгаты мыггагæй æрыгон Тотырадзы мæнгард мард кæй акодта, уый «сау» гаккæй баззадис йæ кадджын номыл). Ирон Нарты кадджытæ иртасджытæй иуæй-иутæ Сосланы фæлгонцы уынынц хуры Хуыцауы æууæлтæ: уый, Нартæй иунæг адæймаг, у Хуры чызджытæй иуы – Ацырухсы мой; Хур æмæ Хуры тынты руаджы басæтты æмæ ныддæрæн кæны йе знæгты, Хуры чызджытæй иуы кæй бафхæрдта, уый аххосæй фæмард Хуры (зынджы-арты) цалх – Балсæджы цалхимæ тохы. Сослан адæмы уарзон хъайтар кæй у, ууыл дзурæг сты, йæ номыл æнæхъæн цикл кæм ис, æрмæст уыцы Нарты кадджытæ нæ, фæлæ Сосланы номимæ баст бирæ кадджытæ дæр, уæлдайдæр та Дыгуры. Сослан у Нарты кадджыты иунæг хъайтар, кæцыйы кадæн алы аз дæр Дыгургомы цæрæг адæм кодтой бæрæгбон – Сосланы куывд. Сосланы ном ныффидар арвæрдыны дыгурон номы – Сослани æндурæ.

Словарь по этнографии и мифологии осетин.
2014.

Полезное

Смотреть что такое «Сослан» в других словарях:

  • СОСЛАН — Созрыко, герой осетинского нартского эпоса. С. родился из камня, оплодотворённого пастухом (по другому варианту Уастырджи, или Бесом, или Сосаг Алдаром) при виде обнажённой Сатаны на берегу реки. Кузнец Курдалагон разбил камень и оттуда вынули… …   Энциклопедия мифологии

  • СОСЛАН — тж. СОЗЫРЫХЪО Нарты кадджыты зындгонддæр, бирæвæрсыгдæр, ныхмæвæрддæр фæлгонцтæй иу. Йæ райгуырдæй йæ мæлæтмæ йæ алы ми дæр, йæ удыхъæд суанг йæ конд æмæ йæ уæлæдарæс дæр диссаг кæмæн сты, ахæм хъæбатыр у Сослан. Йæ хъæбатырдзинад, йæ тых, йæ… …   Словарь по этнографии и мифологии осетин

  • Сослан на планету Земля — Hard Time On Planet Earth Жанр Научная фантастика Создатель Эд Цукерман В главных ролях Мартин Коув Страна …   Википедия

  • Сослан – перевод — см. Сослан Сослан, Созрыко – «величайший» герой осетинского нартовского эпоса (Ж.Дюмезиль), представитель младшего поколения нартов, сын безымянного пастуха (в других вариантах – Уастырджи или Саинаг алдара), закаленный Курдалагоном в волчьем… …   Словарь по этнографии и мифологии осетин

  • Сослан — …   Википедия

  • Сослан Борадзов — …   Википедия

  • Сослан Джанаев — …   Википедия

  • Сослан Феликсович Борадзов — …   Википедия

  • Давид Сослан — В Википедии есть статьи о других людях с именем Давид (имя). Давид Сослан осет. Дауыт Сослан, груз. დავით სოსლანი, Davit Soslani   Смерть: 1207 …   Википедия

  • Джанаев, Сослан Тотразович — В Википедии есть статьи о других людях с такой фамилией, см. Джанаев. Сослан Джанаев …   Википедия

Слайд 1Нарты
Кадджыта

Нарты        Кадджыта


Слайд 2Пир нартов

Пир нартов


Слайд 3Нарты сражаются с семиглавыми великанами

Нарты сражаются с семиглавыми великанами


Слайд 4


Слайд 5Дзлау на оленях

Дзлау на оленях


Слайд 6Сослан и Мукара

Сослан и Мукара


Слайд 7Нарт Бора убивает малик-алдаров

Нарт Бора убивает малик-алдаров


Слайд 8Череков панцирь и Челахсартаг

Череков панцирь и Челахсартаг


Слайд 9Айсана похищает Бурдзабах

Айсана похищает Бурдзабах


Слайд 10Тренировка нартских женщин

Тренировка нартских женщин


Слайд 11Бора на охоте

Бора на охоте


Слайд 12Бора доит оленя

Бора доит оленя


Слайд 13Приглашение Бора на пир Донбеттыров

Приглашение Бора на пир Донбеттыров


Слайд 14Пир у Донбеттыра

Пир у Донбеттыра


Слайд 15Ацамаз играет на свирели

Ацамаз играет на свирели


Слайд 16Нарт Курдалагон — небесный кузнец

Нарт Курдалагон - небесный кузнец


Слайд 17Нарт Суасса убивает маликов

Нарт Суасса убивает маликов


Слайд 18Последний поход Урызмага

Последний поход Урызмага


Слайд 19Бора и царь Далимонов

Бора и царь Далимонов


Слайд 20Сослан на вихре

Сослан на вихре


Слайд 21Батрадз на стреле

Батрадз на стреле


Слайд 22Батрадз в борьбе с небом

Батрадз в борьбе с небом


Слайд 23Нарты в гостях у семиглавых великанов

Нарты в гостях у семиглавых великанов


Слайд 24Нарт Сырдон

Нарт Сырдон


Слайд 25Плач Дзерассы

Плач Дзерассы


Слайд 26Сослан и сын Албега (Смерть Тотрадза)

Сослан и сын Албега (Смерть Тотрадза)


Слайд 27Сослан в загробном мире

Сослан в загробном мире


Слайд 28Балсагово Колесо

Балсагово Колесо


Слайд 29Смерть Сослана

Смерть Сослана


Слайд 30Последние дни Нартов

Последние дни Нартов


Слайд 31

МКОУ СОШ №1 г.Дигоры
Калоева М.В.
2014 год


Слайды и текст этой онлайн презентации

Слайд 1

Нарты кадджытæ, слайд 1

Нарты кадджытæ
Работу выполнили
Багаева Сабина, Касаева Мадина – 8 а кл. Руководитель
Тотрова З.Х., учитель осетинского языка и литературы

Слайд 2

Нарты кадджытæ, слайд 2

Цель:
Показать связь Нартовского эпоса с эпосом других народов

Слайд 3

Нарты кадджытæ, слайд 3

Задачи:
Раскрыть образы нартовских героев.
Значение их в эпосе.

Слайд 4

Нарты кадджытæ, слайд 4

Алы адæмæн дæр ис йæхи эпос.Ирон адæмы эпос у Нарты кадджытæ.

Слайд 5

Нарты кадджытæ, слайд 5

Нарты хуыдтой Бирæгъ æмæ Хуры зæнæг.

Слайд 6

Нарты кадджытæ, слайд 6

УÆРХÆГ Нартæн уыд сæ хистæр.
Уæрхæгæн уыди дыууæ лæппуйы, фаззæттæ ÆХСАР ÆМÆ ÆХСÆРТÆГ

Слайд 7

Нарты кадджытæ, слайд 7

Нарт дих кодтой æртæ мыггагыл: Æртæ сыхыл: Уæллаг Нарт, Астæуккаг Нарт , Дæллаг Нарт.

Слайд 8

Нарты кадджытæ, слайд 8

Слайд 9

Нарты кадджытæ, слайд 9

Слайд 10

Нарты кадджытæ, слайд 10

Нарт Сослан- хуыдтой йæ Хуры бардуаг

Слайд 11

Нарты кадджытæ, слайд 11

Стæры цæугæйæ Уырызмæг уыд нартæн сæ сæргълæууæг

Слайд 12

Нарты кадджытæ, слайд 12

Ирон сылгоймаджы фæлгонц райдайы Нарты Сатанайæ. Æнæ уый уынаффæйæ Нарт нæ цыдысты хæстмæ, нæ лыг кодтой иу хъуыддаг дæр.Сатана скодта фыццаг хатт ирон бæгæны.

Слайд 13

Нарты кадджытæ, слайд 13

Сырдон-Нарты фыдбылызгæнæг, хинæйдзаг.Сарæзта дыууадæстæнон фæндыр.

Слайд 14

Нарты кадджытæ, слайд 14

Ацæмæзæн йæ диссаджы уадындзы зардмæ –иу æрыхъуыстой канд адæм нæ, фæлæ сырдтæ, дæттæ, хæхтæ

Слайд 15

Нарты кадджытæ, слайд 15

Батраз-æндонриу, æдзух бадти уæларв.

Слайд 16

Нарты кадджытæ, слайд 16

Æппæты стырдæр ныв «Нарты куывд», ис Дзæуджыхъæуы Тугъанты Махарбеджы музейы.

Слайд 17

Нарты кадджытæ, слайд 17

Нарты хæзнатæй иу-Уацамонгæ

Понравилась статья? Поделить с друзьями:

Новое и интересное на сайте:

  • Нарт л1ыхъужьхэр сочинение
  • Нарспи сочинение рассуждение
  • Нарспи сочинение на чувашском языке 8 класс
  • Нарост ударение егэ
  • Народы центральной европы создали уникальную богатую традициями культуру под влиянием различных егэ

  • 0 0 голоса
    Рейтинг статьи
    Подписаться
    Уведомить о
    guest

    0 комментариев
    Старые
    Новые Популярные
    Межтекстовые Отзывы
    Посмотреть все комментарии