Райгуыран баста сочинение

Ирыстон — мё зёрдёйы

          Мё райгуырён бёстё  — Республикё Цёгат Ирыстон – Алани у Уёрёсейы Федерацийы субъект. Хауы Цёгат  Кавказы федералон зылдмё. Йё сёйраг горёт  у Дзёуджыхъёу. Зёгъён ис, рагон, культурон ёмё историон цыртдзёвён кёй у, уымён ёмё дзы фендзынё бирё зёрдылдарён бынёттё. Мё зёрдёйён  у уарзон!

       Диссаг ёмё рёсугъд у мё райгуырён Ирыстоны ёрдз дёр. Йё алыварс лёууынц бёрзонд хёхтё. Уёлдай удёнцой ёмё ёхсызгондзинад хёссы бёрзонд Хъазыбеджы хох – хёхты бёрзонддёр. Цы цёугёдёттё сё гуыры, уыдон  уайынц хъёлдзёгёй, сё уылёнтё алырдёмыты пырхгёнгё. Фёлё дзы ёппёты стырдёрыл нымад у Терчы дон. Ёз дзы тынг сёрыстыр дён, уымён ёмё йыл нёхи поэттё нё, фёлё ма суанг Уёрёсейы хъуыстгонддёр генитё —  Пушкин ёмё Лермонтов — ныффыстой се ‘нёмёлгё ёмдзёвгётё. Теркён йё фёндаг цёуы цалдёр кавказаг республикёйыл.

       Ёвёццёгён, ёрдзёй рёсугъддёр ницы ис зёххыл. Зёрдё райы йё уындёй, алыхузон ёнкъарёнтё  мём  гуырын кёны нё хёхбёстё. Нё кёмттё ёлвасынц сёхимё адёмы се ’нёкёрон рёсугъддзинадёй, нё улёфён бынёттё бирётён баззайынц сё зёрдёты! Куыд мёхицён дёр!

        Ирыстон канд йё рёсугъд ёрдзёй зындгонд нёу, фёлё ма у хъёздыг нё диссаджы хорз адёмёй дёр. Нё фыдёлты ном арвнёрёгау айхъуыст ёппёт дунейыл. Ныууагътой нын хъёздыг хёзнатё, истори ёмё культурё, кёцытё абоны онг ёрхёццё сты махмё, кёстёртём  дёр. Ёма сё хъуамё хъахъхъёнём, ма сё бауадзём фесафын. Уыдонимё сты не ’взаг дёр ёмё не ’гъдёуттё дёр. Уыдон сты нё адёмы фарн. Уыдон сты мёнён дёр хъахъхъёнинаг!

         Мах, ирёттё, стём Хуыцаумё кувёг адём. Нё бёрёгбёттём азёй — азмё ёнхъёлмё фёкёсём. Ёз тынг бирё уарзын Тымбыл къохы — Хетёджы бёрёгбон, Хоры Уациллайы бёрёгбон. Уёлдай кадджындёр бёрёгбон та на бинонтён у Джеоргуыбайы бёрёгбон. Мёнмё гёсгё дёр, уымёй сёйрагдёр, ахсджиагдёр бёрёгбон нёй. Лёгты дзуар у Хуыцауы минёвар ирон адёммё,  нё фыдёлтё йыл кёддёриддёр ёмё кёмдёриддёр сёхи фёдзёхстой ёмё абон дёр фёдзёхсынц.

        Уёдё куыд нё загъон нё хорз, фёзминаг фёсивёды тыххёй. Сё алыхуызон ёнтыстдзинёдтёй уыдон дёр хъуыстгонд ёмё зындгонд сты ёппёт  дунейыл. Бирётё дзы суанг сё цард дёр суёлдай кодтой бёстёйы сабырдзинад ёмё хорзёхты тыххёй.

         Ёз, мёхёдёг райгуырдтён ёмё цёрын Цёлычы хъёуы. Тынг зынаргъ мын у. Бирё йё уарзын, кёд дзы цыдёр чысыл хъуагдзинёдтё ис, уёддёр. Уёдё мё хъёуёй цы бирё хорз адёмтё рацыд, уыдонён та сё нымёц бёрёг дёр нёу. Фёлё дзы кёй зонын, уыдон сты, фыццаджыдёр, нё ветерантё, Фыдыбёстёйы хёсты архайджытё, Кодзырты Муслимёт – фёллойы ветеран, Мёскуыйы хъёууон-хёдзарадон равдысты архёйаг, Чекаев Вячеслав ёмё Эльджарты Руслан – Афганы хёсты хъёбатыртё, Сёбётхъуаты Светё ёмё Хёбёлаты Олег – Уёрёсейы Президенты Гранты лауреаттё, Хъантемыраты Рая- Бетъырбухы  клиникёйы сёргълёууёг, Хъазыбегты Валерий ёмё Кочынаты Иринё – барадхъахъхъёныны оргёнты кусджытё, Боциты Ирё — Ирыстоны телекомпани ёмё радиойы журналист, Быценты Руслан, Хабёты Руслан, Музаты Сослан – Мёскуыйы цирчы аивады дёснытё, Уалыты Гиви – ирон театры сгуыхт актер, ёмё ма бирётё…

      Мё дарддёры царды та цы нысантё сёвёрдтон, уыдон ёнгом баст сты мё Ирыстонимё. Никуыдём ацёуин ардыгёй. Кёмфёнды куы уон, уёддёр – иу мё мё зёрдё хондзён нёхимё!

      Фёнды мё, цёмёй мё уарзон бёстё рёсугъдёй — рёсугъддёр кёна, цы кёстёртё дзы рёзы, уыдон та раст зондыл, раст фёндагыл хёст  уой, сё хистёртыл куыд аудой ёмё сын ныфс куыд уой! Сё къухы куыд ёфтой хорз ёнтыстдзинёдтё. Фидар куыд хёцём нё уидёгтыл: нё райгуырён зёхх, фыдёлты хорз ёгъдёуттё, нё мадёлон ёвзагыл. Уымён ёмё нын нё фыдёлтёй баззади куырыхон фёдзёхст: «Хъёздыгдзинад мулкёй баргё нёу, фёлё зёрдёйы рёсугъдзинадёй, фёрныг ёгъдёуттёй ёмё хорз хъуыддёгтёй».

                                                                         Рахизфарсы районы Цёлычы хъёуы иумёйагахуырадон  астёуккаг  скъолайы

9 къласы ахуырдзау

Хъазыбегты Регинёйы сочинени

(Ахуыргёнёг  Боциты А.В.

Тел. 89188351651)

Обновлено: 11.03.2023

райгуырын — ↑ гуырын Хуымæтæг, аразгæ, æдзæугæ мивдисæг. Æххæст хуыз. Æбæлвырд формæ бирæон нымæцы: райгуырынтæ Æбæлвырд формæ æн ыл: райгуырæн Æбæлвырд формæ æн ыл бирæон нымæцы: райгуырæнтæ йедтæ Ифтындзæг: Æргомон здæхæн. Нырыккон афон. æз р … Словарь словообразований и парадигм осетинского языка

МАУЛИД — см. МАУЛИД – перевод Маулид – Пехуымпар Мæхæмæты райгуырæн бон. Пысылмон дин чи кæны, уыдонæй Пехуымпар Мæхæмæты чи нæ зоны, ахæм нæ разындзæн. Hæ райгуырды мæй нымад у кадджын бæрæгбоныл, вæййы раби аль аввалы мæйы дыууадæсæмы. Араббæгтæ ацы… … Словарь по этнографии и мифологии осетин

ЧЫНДЗХАСТ — см. ЧЫНДЗХАСТ – перевод Чындзхæссæг чи цæудзæн, уыдонæн рагацау бамбарын кæнынц. Раздæр иу сын фехъусын кодтой цалдæр боны, суанг къуыри раздæр. Чындзхæссæг алы адæймаджы нæ хонынц, уыцы кад æппæтмæ нæ хауы. Чындзхæсджытæ хъуамæ уой уæздан, зараг … Словарь по этнографии и мифологии осетин

ТХОСТ — Хæстонты бардуаг, ирон адæмы тыхгæнджытæй, знæгтæй хъахъхъæнæг бардуаг. Уымæ гæсгæ, фылдæр ауды хæстонтыл, у зын сахаты сæ фæдисон, се ххуысгæнæг. Фынджы хистæр ын æртæ чъирийæ йæ ном аргæйæ фæзæгъы: «Тхосты дзуар, табу дæхицæн! Нæ бæстыл… … Словарь по этнографии и мифологии осетин

БЕЗАН — Даредзантæй. Уæйгуыты бæстæйы Пиллонгомы фæзынд иу æвирхъау налат хуы. Уый тых кодта адæмæн, стæй уæйгуытæн дæр. Йæ амарынмæ йæ ныфс бахаста æрмæст Даредзанты Безан. Хуы та ахæм уыд, æмæ таурæгъы Безанæн йæхæдæг афтæ зæгъы: «Акæс ма уыцы сау… … Словарь по этнографии и мифологии осетин

Мæнгард — – ирон æхсæнад ард фехалæджы æрмæст уайдзæфы аккагыл нæ нымадта, фæлæ ма иу ыл арæх хъоды дæр бакодта æмæ иу æй афтæмæй йæ райгуырæн хъæуæй нæ, фæлæ Ирыстонæй дæр фæлидзын кодта. Раздæр иу ирон адæмæй Ирыстоны арæнты æдде чи ‘рцардис, уыдон æхсæн … Словарь по этнографии и мифологии осетин

ТÆТÆРТУППЫ БÆРÆГБОН — см. ТÆТÆРТУППЫ БÆРÆГБОН – перевод Раздæр Тæтæртуппы бæрæгбон уыд сæрды, ахаста иу дыууæ æртæ боны. Фæстæдæр бæрæгбон кæнын райдыдтой кæфты мæйы, фæззыгон куыстытæ куы фæвæййынц, адæм сæ хор, сæ тыллæг куы бафснайынц, уæд (кæс ТÆТÆРТУПП,… … Словарь по этнографии и мифологии осетин

ХЕТÆДЖЫ УАСТЫРДЖИЙЫ КУВÆНДОН — см. Священная роща Хетага – Хуыцау, табу Дын уæд! – Хуыцау, хистæрæй, кæстæрæй, сылгоймагæй, нæлгоймагæй Дыл нæхи фæдзæхсæм æмæ нын ахъазгæнæг у. – Хуыцау, зæххыл цыдæриддæр цæуы – цинæй дæр, зианæй дæр – иууылдæр Дæуæй аразгæ сты, æмæ Дæм фылдæр … Словарь по этнографии и мифологии осетин

Оценить 362 0

Гом урок – презентациты равдыст

Темæ: Мæ уарзон Ирыстон

Нысан: Рацыд æрмæг бафидар кæнын;

Ныхасы рæзтыл бакусын;

Патриотизмы æнкъарæнтæ хъомыл кæнын

Эпиграф: « Адæймаг æгъдауджын æмæ кадджын вæййы, йæ

бинонтæ æмæ йæ адæмы куы æмбара, йæхи

фæллойæ куы цæра,Райгуырæн бæстæ куы

уарза, æрмæстдæр уæд.

Организацион хай. Радгæсы ныхас.

Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Ирыстоны сæйраг горæт, Ирыстоны горæттæ, районтæ, хъæутæ, цæугæдæттæ, хæхтæ, кæмттæ, суардæттæ, Ирыстоны фæзуат, Терчы дæргъ, хæхты бæрзæнд æ. а. д.

Ахуыргæнæг: 13-14 æнусты нæ фыдæлты паддзахад знæгтæ куы ныддæрæн кодтой, уæд ирон адæмæн хæхтæ систы сæ ирвæзынгæнæг. Зынвадæтты цардысты, фæлæ се ‘взаг, сæ культурæ, се ‘гъдæуттæ нæ фесæфтой – уыдоны руаджы та ногæй йæ къæхтыл слæууын кодтой Райгуырæн бæстæ, æмæ йæ æнусæй-æнусмæ хъахъхъæдтой цæсты гагуыйау, уарзтой æнæкæрон уарзтæй. Ууыл дзурæг у нæ урочы эпиграф дæр.

Æцæгæйдæр, йæ Райгуырæн бæстæ цы адæймаг нæ уарзы, ахæм нæй. Кæд ис, уæд, æвæццæгæн, ахæм адæймаг бынтон æххæст нæу – цух у цæмæйдæрты: удæй, фарнæй, æ. а. д.

Цæй, дардыл æй цы дзурын! Сæдæ хатты фехъусыны бæсты, дам, иу хатт фенын хуыздæр, зæгъгæ, зæгъы уырыссаг æмбисонд.

Цæй уæдæ, мах дæр абалц кæнæм нæ Райгуырæн Ирыстоныл нæ чысыл корреспондентты æххуысæй.

Табуафси, хонут нæ балцы Ирыстоны алы районтæм, хъæутæм, горæттæм.

(Скъоладзаутæ æвдисынц сæ презентацитæ, цыбыр хъусынгæнинæгтимæ)

Хатдзæг: Æвæдза, куыд хъуамæ хона адæймаг йæхи æнамонд, Райгуырæн бæстæ кæмæн ис, чи цæры, кусы, уарзы, зæронд кæны йæ уарзон адæмы ‘хсæн, йæхи зæххыл?!

Æмбисæндтæ Райгуырæн бæстæйы тыххæй (Слайд)

1. Райгуырæн бæстæ адджын у.

2. Фыдыбæстæ ныййарæг мадау – адджын.

3. Искæй уæзæгыл мæ Хуыцау æхсин дæр ма скæнæд.

4. Уызын дæр йæхи къудзийы бынмæ лыгъди.

5. Лæгæн дунейыл аджындæр цы баззади? – Мад, хæдзар, ррайгуырæн бæстæ.

6. Дард бæлццон йæ райгуырæн бæстæм куы ‘рыфты, уæд ног райгуырæгау вæййы.

Нажмите, чтобы узнать подробности

2. Хъуыдыйады тыххæй скъоладзауты зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæнын.

3. Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын.

Иры, Уæрæсейы, Английы тырысатæ, тестытæ, компьютер, интерактивон фæйнæг, карточкæтæ, Ирыстоны презентаци, ирон орнамент.

– Уæ бон хорз, сывæллæттæ!

– Нæ буц уазджытæ, сымах дæр нæм алыбон æгас цæут. Сывæллæттæ, сымах дæр-ма нæ уазджытæн салам раттут.

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, сымах дæр абон мæнау чысыл фæлварæны бахаудтат, æмæ иумæ равдисæм нæ ирондзинад, не ‘гъдау, нæ арæхстдзинад. Æгъдаумæ гæсгæ уазæг ирон хæдзары вæййы кадджын, æмæ нæ уазджытæн арфæ ракæнæм.

Скъоладзау: Нæ буц уазджытæ, нæ зæрдæ уын зæгъы, нæ уарзон Ирыстоны цæрынæй бафсæдут, æмæ уæ ацы къуырийы бæрæгбоны хорзæх уæд. (Джеоргуыбайы)

Рацыдысты æртæ лæппуйæ сæ къахфындзтыл, бæрзонд систой Иры, Уæрæсейы æмæ Англисы тырысатæ.

«Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ,

Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!

Скæнæм нæ тырыса дзыллæйы номæй,

– Чи ныффыста ацы æмдзæвгæ? (Къостайы)

– Цæмæ сиды Къоста? (иудзинадмæ)

– Тырыса та уырыссагау куыд уыдзæн? (флаг)

– Кæй тырысатæ сты дыууæ кæройнæг тырысайы? (Уæрæсейы, Английы)

– Иры тырысайы хуызтæ цы нысан кæнынц?

– Цы ис иудзинадæй тырысатæм?

2). Мæ къухы тырыса.

3). Мæ къухы бæрзонд систон Ирыстоны тырыса.

— Хъуыдыйады уæнгтæ сбæрæг кæнæм.

— Цæмæй хицæн кæнынц хъуыдыйæдтæ?

— Нæ абоны грамматикон темæ цавæр у? Цæуыл дзурдзыстæм?

Ныффыссут абоны нымæц, темæ, къласы куыст.

I хæс. Хæдзармæ куыст – рацыд æрмæг сфæлхат кæнын (тест лæвæрд цæуы сыфтыл)

1. Синтаксис ахуыр кæны:

æ) мыртæ æмæ дамгъæтæ

в) дзырды хæйттæ

2. Бæрæггæнæн фæбæрæг кæны предметы:

3. Хуымæтæг цыбыр хъуыдыйад арæзт вæййы:

а) æрмæст сæйраг уæнгтæй

æ) æрмæст фæрссаг уæнгтæй

б) сæйраг æмæ фæрссаг уæнгтæй

в) ) æрмæст фадатон дзырдтæй

Ирыстон у мæ райгуырæн бæстæ.

а) хуымæтæг цыбыр

æ) хуымæтæг даргъ

Хъуыдыйад даргъгонд æрцыд

а) бæрæггæнæнæй, фадатон дзырдæй

æ) фадатон дзырдтæй

Дзырдбыд æрхъуыды кæнын

Æмбисæндтæ райгуырæн бæстæйы тыххæй Ирон, уыпыссаг, англисаг

Нывмæ гæсгæ æрхъуыды кæнын хуымæтæг цыбыр æмæ хуымæтæг даргъ хъуыдыйæдтæ.

Нывтæ хъуамæ уой ахæмтæ: Ирыстоны æрдз, Уæрæсейы æрдз æмæ Англисы æрдз. Ссарут Ирыстоны æрдзы ныв, Уæрæсейы æрдзы ныв, Англисы æрдзы ныв. Цæмæй хицæн кæнынц нывтæ? Хъуыдыйæдтæ саразын.

Ахуыргæнæг: Адæймаг рухс дунемæ куы фæзыны, уæд ын йæ цæрæнбонмæ æрдз балæвар кæны æппæты стырдæр хъæздыгдзинад – Райгуырæн бæстæ, кæцы йын суанг йæ амæлæты бонмæ дæр ивд никуыуал æрцæуы, раст дыккаг хатт райгуырæн куыд нæй, афтæ.

Æмбисондæн дзуринаг у Ирыстоны æрдз. Уарзын æй алы афон дæр. Фæллад фæцыдæр вæййы, куы акæсы адæймаг йæ алыварс урссæр хæхтæм, цъитиджын къæдзæхтæм, æхсырхуыз дæттæм, бæркадджын хъæдтæм!

Тынг рæсугъд у мæ Ирыстон (презентаци)

Хуымæтæджы нæ райстам абон нæ урочы æпигрæфæн Баситы Мысосты ныхæстæ:

«Ды искуы федтай дидинæгджын фæзтæ,

Æгæндæг хъæдтæ, зад мæнæуы хуым?

Мæ райгуырæн хæхбæстæ, —

Фарст: Ацы ныхæстæм байхъусгæйæ уæм куыд кæсы, цæй кой кæндзыстæм абон нæ урочы?

Дзуапп: Ирыстоныл, Райгуырæн бæстæйыл, Фыдыбæстæйыл.

Фарст: Куы хуыйнынц ацы дзырдтæ æвзагзонынады?

II хæс. Дзырдуатон куыст.

Сывæллæттæ, лæмбынæг кæсæм фæйнæгмæ (слайдтæм) æмæ тетрæдты фыссæм иронау, цы дзы уынут, уыдон.

Иронау уырыссагау англисагау

ком ущелье gorge хъæд лес forest

æхсæрдзæн водопад waterfall

æрдз природа nature

хæхтæ горы mountains

бæлæстæ деревья trees

дæттæ реки rivers

Дзырдтæй иуимæ ирон æвзагыл æрхъуыды кæнут хуымæтæг цыбыр хъуыдыйад. Ратæлмац æй кæнут уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтæм. Хъуыдыйад фæдаргъдæр æй кæнут фæрссаг уæнгтæй.

Цавæр фæрссаг уæнгтæ ис хъуыдыйады?

Абарут хъъуыдыйæдтæ. Цавæр ивддзинæдтæ æрцыд хъуыдыйады?

( йæ структурæ, йæ дзырдты рæнхъæвæрд аивта, …. )

Хъуыдыйæдтæ синтаксисон æвзæрст ракæнæм.

Цы хъуыдыйадыл куыстам, уымæй пайдагонд цæуы тексты. Цавæр у хъуыдыйады функционалон нысаниуæг тексты? Цы æххуыс у тексты сæйраг хъуыды раргом кæнынæн?

Мæ уарзон Ирыстон.

Ирыстон у мæ райгуырæн бæстæ. Тынг рæсугъд у нæ Фыдыбæстæ. Бæрзондæй фæлгæсынц рухс цæстæй æнусон цъититæ. Ныгъуылынц бæрзонд хæхты цъуппытæ кæмдæр арвы цъæхы. Фидарæй лæууынц фæрсæй-фæрстæм рагон къæдзæхтæ. Сæ астæу ацыдысты арф кæмттæ. Æрттивынц ранæй-ран къултæ зæлдаг кæрдæгæй. Комы нарæгæй уæлæмæ хъуысы доны хъæлæба. Æз тынг бирæ уарзын мæ райгуырæн зæхх.

Цавæр орфограммæтæ дзы ис?

Цы хонæм дзырдбаст?

6.Цæмæй хицæн кæны дзырдбаст хъуыдыйадæй?

7.Цавæр хъуыдыйæдтæ зонут сæ загъды нысанмæ гæсгæ?

Байгом кæнут уæ чингуытæ æмæ сбæрæг кæнæм хуымæтæг хъуыдыйæдтæ цавæртæ вæййынц, уый. §14 (кæсæм раиртæст). Фæлтæрæн 101(1-2 хъуыдыйады дзургæйæ).

Фыццаг рæнхъ фыссынц текстæй номдартæ (кæцы хауæнты сты, уый фæнысан кæнын). Дыккаг рæнхъ фыссынц мивдисджытæ (афон,нымæц,цæсгом). Æртыккаг рæнхъ фыссынц миногонтæ (бæрц).

_Синтаксисон æвзæрст ракæнын ставддæрæй фыст хъуыдыйад.

Ахуыргæнæг: Æцæгæй дæр Ирыстоны у Хуыцауы зæхх. Сывæллæттæ, сымах, æвæццæгæн, ахуыр кодтат æмдзæвгæтæ Райгуырæн бæстæйы тыххæй иронау, уырыссагау, англисагау. Нæ зæрдыл ма сæ æрлæууын кæнæм. (Скъоладзаутæ дзурынц æмдзæвгæтæ)

V хæс. Æмдзæвгæтæ.

Родина моя, Что будет и что было, – Все я пополам, С тобою разделю, Вовсе не затем, Чтоб ты меня любила, Просто потому, Что я тебя люблю.

Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц, Йæ бинонтæ, йæ мад. Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы Йæ рæзгæ бонты цард, Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх, Дæуæн æмбал кæм и, Дæуæй зæрдæйæн адджындæр, Зæгъ-ма мын, чи у, чи?!

Бузныг, хорз бацæттæ кодтат, хорз радзырдтат.

VI хæс. Ныхасы рæзтыл куыст.

Ныффыссын нывмæ гæсгæ цыбыр сочинени. 3-5 хъуыдыйады. 5 мин.

VII хæс. Хатдзæгтæ скæнын.

Зæгъут-ма, сывæллæттæ, цæуыл дзырдтам на урочы.

– Цæмæн нæ хъæуы æрдз хъахъхъæнын?

Зонут, ис нæм Сырх чиныг – Красная книга – The Red Book (англ.)

Цæмæн фæзындис Сырх чиныг?

–Уымæн æмæ, алы аххосæгтæм гæсгæ куынæг цæуынц цæрæгойтæ, зайæгойтæ, сырдтæ, мæргътæ.

Фæзуат (площадь) дæр кæны къаддæрæй-къаддæр.

Хъæдырмæджы тыххæй куынæг кæнæм бæлæстæ, кæм не ‘мбæлы, уым арт кæнын нæ хъæуы, науæд расайы зынг сирвæзт дæр.

Фарст. Цавæр цæрæгойтæ, зайæгойтæ, сырдтæ хаст æрцыдысты Сырх чиныгмæ?

– Махæн нæ хæс цы у? (Хъахъхъæнын æрдз)

_ Искуы федтат знаггад цы хæссы, ахæм цымыдисаг цау? (Дзурынц цымыдисаг цаутæ).

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, хъахъхъæнут нæ чысыл Ирыстон.

Æцæг ирондзинад, æцæг ирон фарн Ирыстоны ис. Фæнды мæ, цæмæй арæхдæр хъуыса фыдæлты нæртон куывдтыты азæлд, цæсты гагуыйау куыд хъахъхъæнæм нæ ирон мадæлон æвзаг, нæ диссаджы æгъдæуттæ.

IX хæс. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын. (орнаментыл)

Адон (орнамент) уын зæрдылдарæн бæрæггæнæнтæ сты. Цымæ cа уæ ныййарджытæ базониккой , кæцы предметæй уын лæвæрд æрцыдысты, уый?

  • Для учеников 1-11 классов и дошкольников
  • Бесплатные сертификаты учителям и участникам

Темæ: Ирыстон – нæ Райгуырæн бæстæ.

Нысан: 1. Рацыд лексикон-грамматикон æрмæг рафæлхат кæнын.

2. Ног лексикон-грамматикон æрмæгыл бакусын.

3. Ныхасы рæзтыл куыст.

хæс: — скъоладзаутæн гуырын кæнын уарзондзинады æнкъарæнтæ сæ фыдæлты зæхмæ;

— ахуырдзаутæн ирон аив дзырд уарзын кæнын.

Урочы методтæ: — дзургæ ныхасыл бакуыст;

— фысгæ ныхасыл куыст.

Урочы æрмæг: — карточкæтæ текстимæ, нывтæ, фæйнæгыл лæвæрд æрмæг.

Скъоладзауты цæттæдзинад урокмæ сбæрæг кæнын.

Абон кæны тыхджын дымгæ.

Уары мит. Цæуы къæвда.

Ныр у сæрд. У тынг хъарм.

Хур кæсы, фæлæ хъарм нæу.

II . Рацыд æрмæг рафæлхатын.

1. Анахарсисы хъуыдытæ (цитатæтæ) адарддæр кæнын.

Фæйнæгыл кæнæ карточкæйыл.

Адæмимæ … (дзурын зон).

Хæларæн æххуыс кæн, … (дæ бон куыд у, афтæ).

Ды фыдæлты къонайæн … (кад кæн).

Зонд … (базонынмæ тырн).

2. Ссарын дзырдбæстытæ æмæ сæ рафыссын. Фæйнæгыл кæнæ карточкæйыл.

Ахуыр кæнын, рацу-бацу кæнын, хъарм бон, газет кæсын, сæдæ цыппор, хи дарын, тагъд згъорын, дзырдтæ фыссын, хъæр кæнын, бæрзонд хох, лæппуйы боныг, хъæуы цæрын.

3. Сбæрæг кæнын дзырдты нысаниуджытæ.

1. аргъау 1. богатый

2. фæтк 2. держать

3. мыггаг 3. фамилия

4. къус 4. рабочий

5. хъæздыг 5. сказка

7. дзæбæх кæнын 7. соревнование

8. фыстæг 8. письмо

9. хæцын 9. распорядок

10. хуымæтæг 10. до нашей эры

Уæлдай дзырдтимæ хъуыдыйæдтæ саразын.

до нашей эры – нæ эрæйы агъоммæ.

1. Анахарсис архайдта риторикон ерысты æмæ Олимпаг хъæзтыты.

Уый (Анахарсис) цардис VII — VI æнусты нæ эрæйы агъоммæ.

4. Хæдзармæ куыст равзарын.

Раздæр уал сфæлхат кæнын текст иумæ, стæй уæд ахуырдзаутæй тест дзурын хи ныхæстæй. .

1. Чи уыд Анахарсис?

2. Цавæр ерысты фæуæлахиз?

3. Анахарсис цавæр пайда дзæумæттæ æрхъуыды кодта?

4. Кæцы æнусты царди?

5. Цал азы цыд Анахарсисыл, куы йæ амардтой, уæд?

Бамбарын кæнын Анахарсисы зондджын хъуыдыйæдтæ.

1. Дæ хæдзары къонайæн кад кæн.

2. Хистæрæн кад кæн, кæстæры та ахуыр кæн.

3. Дæ фыдæлты нымай.

4. Лæппуйæ æфсармджын у, лæппу-лæгæй – хиуылхæцгæ, ас лæгæй-рæстаг, зæрондæй та – зондджын.

Ацы дзырдтæн. ратт æмбарынгæнæг хъуыдыйæдтæ.

1. Дургæнæн зилакк.

3. VII — VI æн. нæ эр. агъонтæ.

5. Риторикон ерыстæ.

1. Уый æрхъуыды кодта Анахарсис.

2. Скифаг зындгонд философ, дохтыр.

3. Уæд цардис Анахарсис.

4. Уый уыд Анахарсисы æфсымæр.

5. Уым æрхайдта Анахарсис.

III . Ног æрмæгыл бакусын.

1. Урочы эпиграфыл куыст.

Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар

Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:

Фыдыбæстæ æмæ Сæрибар –

Циу цард æнæ сымах ?! – Ингæн.

2. Ахуыргæнæджы раныхас. Ирыстоны æрдзы нывтæ фæйнæгыл. Зæгъын, цавæр у нæ æрдз, уый.

Бамбарын кæнын дзырдты нысаниуджытæ: Фыдыбæстæ, Сæрибар æмæ дзырдбаст Сæрибар Фыдыбæстæ.

ахуыргæнæг кæсы текст.

Дзырдуатмæ бахæссын, ратæлмац кæнын.

æрбынат кодта (æрбынат кæнын)

бауырны (бауырнын кæнын)

дзырдуатон дзырдтæ адих кæнын ис дыууæ хайыл (дыууæ урокыл).

æ) ног дзырдтимæ (дзырдбæстытимæ) дзырдбæстытæ (хъуыдыйæдтæ) саразын.

ахуыр фæци, каст фæци скъола.

Мæргътæ æрбынат кодтой бæлæсты цъуппытыл.

Æнахуыр ран æрбынат кодта уыцы хъæу – хæхты астæу.

Уыцы цъай донæй æфсады адæмы.

Ирыстоны цы æхсæрдзæн кæлы, уый у дунейы æхсæрдзæнты рæсугъддæртæй иу.

Нæ фыдæлты æмбисæндтæ кæсгæйæ, адæймаджы бауырны, уыдон æцæгæйдæр куырыхон адæм кæй уыдысты, уый.

скъоладзаутæ кæсынц æмæ тæлмац кæнынц текст.

Дзуæппытæ раттын фарстатæн.

Цавæр таурæгъ ис?

Цы сфæлыста Хуыцау?

Кæм æрбынат кодта Ирыстон?

Кæцæй райгуырынц уынæрджын цæугæдæттæ?

Цавæр дидинджытæ ракалдтой цъæх-цъæхид сæрвæтты?

Цы бауырны адæймаджы?

скъоладзаутæ аразынц хъуыдыйæдтæм сæхи фæрстытæ. (иу хъуыдыйадимæ цалдæр).

тексты бындурыл лæвæрд диалог баххæст кæнут. (тексты II -хаймæ скъоладзаутæ аразынц диалог сæхæдæг).

Иуы-æнусон хæхтæ, иннæйы-æнæкæрон быдыртæ.

7. Текстæй рафыссын. Ратæлмац кæнын.

закончил свою работу

4. Грамматикон æрмæгыл бакусын.

1. Тесктæй рафыссын дзырдтæ, кæцытæ домынц фарст чи? æмæ фарст цы? Бамбарын кæнын, уыдон кæй сты номдартæ, уый.

Абарын уырыссаг æвзагимæ.

Имя существительное в осетинском языке, в отличие от русского, не имеет категории рода.

Байхъусын текстмæ æмæ фæрстытæн дзуæппытæ раттын. (фæйнæгыл).

Чи царди зæххыл?

Цавæр адæм уыдысты уыдон?

Иухатт уыдон цы сфæнд кодтой?

Кæй зæрдæмæ нæ фæцыд уыцы хъуыддаг?

Тексты дыккаг хаймæ байхъусын æмæ йæ ратæлмац кæнын.

V . Кæронбæттæн хай.

хæдзармæ куыст фæбæрæг кæнын;

скъоладзауты афæндараст кæнын.

хæдзармæ куыст фæнысан кæнæн ис урочы райдайæны.

Текстытæ: Хуыцауы зæхх.

Вавилонаг мæсыг (аудировани).

Æнахуыр рæсугъд ран æрбынат кодта Ирыстон – Кавказы астæу. Йæ иу кæрон – Арвы комы æнусон хæхтæ, иннæ кæрон та – Мæздæджы æнæкæрон быдыртæ.

Хæхты цъититæй райгуырынцуынæрджын цæугæдæттæ. Сæ фæндагыл донæй æфсадынц уыгæрдæнтæ æмæ дыргъдæттæ.

Цъæх-цъæхид сæрвæтты, арвы цъæх хъæбысы, дидинæг калынц рододендронтæ æмæ эдельвейстæ. Æмæ уæлдæф та: нуаз æмæ йæ нуаз!

Адæмаг куы ракæсы урссæр хæхтæм, æвзсит æхсæрдзæнтæм, уæд æй æцæгдæр бауырны, Ирыстон Хуыцау зæхх кæй у, уый.

Уый уыди раджы заманы. Зæххыл царди бирæ адæм. Уыдон дзырдтой иу æвзагыл æмæ хастой иу ном. Адæм уыдысты хъал æмæ тыхджын.

Иухатт адæм æрæмбырд сты æмæ сфæнд кодтой мæсыг саразын: ахæм бæрзонд, æмæ арвмæ куыд хæццæ кæна.

Адæм ссардтой стыр быдыр, скодтой амайæн дуртæ, басыгътой сæ арты, æрымбырд кодтой писи, райдыдтой мæсыг амайын.

Ныххæлиу кодта Хуыцау адæмы зæххыл. Уæдæй фæстæмæ адæм дзурынц алыхуызон æвзæгтыл æмæ хæссынц алыхуызон нæмттæ.

Текст: Рагон Дзæуджыхъæу (ног æрм.)

Грам. æрмæг: — Номдарты нымæц.

Нысан: 1. Рацыд лексикон-грамматикон æрмæг рафæлхатын.

2. Ныхасы рæзтыл бакусын.

3. Ног лексикон-грамматикон æрмæг равзарын.

хæс: — скъоладзаутæм райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ гуырын кæнын;

— сывæллæттæн ирон аив дзырд уарзын кæнын.

Урочы методтæ: — дзургæ ныхасыл бакусын.

— фысгæ ныхасыл бакуыст.

Урочы æрмæг: — карточкæтæ текстытимæ, карточкæтæ индивидуалон хæслæвæрдтимæ, фæйнæгыл лæвæрд æрмæг, рагон Дзæуджыхъæуы къамтæ.

I . Организацион хай.

скъоладзауты цæттæдзинад урокмæ сбæрæг кæнын.

(боныхъæд, нымæц, къласы абон чи нæй, уыдоныл æрдзурын).

II . Рацыд æрмæг рафæлхатын.

Лексикон зарядкæ. (2 скъоладзау карточ.)

Чи? Цы? Цавæр? Цы кодта? Цы кæнынц? Цас?

(-) Адæймаг дуне арæзта.

(+) Хуыцау сфæлдыста Ирыстон.

(-) Ирыстон æрбынат кодта Кавказы кæрон.

(-) Цъæх-цъæхид сæпвæтты . дидинæг калынц уардитæ.

(-) Сабыр цæугæдæттæ райгуырынц хæхты цъититæй.

(+) Ис ахæм рагон таурæгъ.

(+) Рæсугъд ран не рбынат кодта Ирыстон.

(+) Цæугæдæттæ донæй æфсадынц уыгæрдæнтæ æмæ дыргъдæттæ.

(+) Ирыстоны ис тынг сыгъдæг уæлдæф.

(+) ирыстонæн йæ иу кæроны ис æнусон хæхтæ.

Уыцы рæстæг ахуыргæнæг иннæ скъоладзаутимæ æвзары хæдзармæ куыст.

Я живу в Осетии. Столица Осетии – город Владикавказ. Здесь проживает более 300 тыс. людей. В центре города протекает река Терек. А недалеко от города расположились Кавказские горы. Они высокие и белоснежные. Природа нашей Осетии очень красива.

Диалог рольтæм гæсгæ бакæсын, ратæлмац кæнын. (лæвæрд цæуы).

III . Ног æрмæгыл бакусын. Ахуыргæнæгимæ цы къамтæ ис, уымæ гæсгæ.

Рагон Дзæуджыхъæу къамтыл (нывтыл) æрдзурын.

Зæгъын, куыд хуындысты раздæр нæ уынгты нæмттæ æмæ цæмæн? цавæр историон цаутимæ баст сты ацы къамтæ.

3. Дзырдуатон куыст. Дзырдуатмæ бахæссын.

æ) спайда кæнын ног дзырдтæй хъуыдыйæдты.

Донласæг цъайæ дон æрбаласта.

Абон нæ горæтыис бирæ рæсугъд бирæуæладзыгон уазæгхæдзæрттæ.

Рагон Дзæуджыхъæуы уыд Цæнгæт хид.

б) тексты ног дзырдтимæ цы хъуыдыйæдтæ ис, уыдон ратæлмац кæнын.

Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

1. Цы у Дзæуджыхъæу? Кæд арæзт æрцыд?

2. Раздæр цавæр уыд нæ горæт?

3. Куыд хуынд Ленины фæз? Цы уыд ам?

4. Цы уыд раздæр цæнгæт хидыл?

5. Кæд ацыд фыццаг трамвай?

Тексты дыккаг хаймæ скъоладзаутæ аразынц фæрстытæ (иу хъуыдыйадимæ цалдæр фарсты).

6. Текстæй рафыссын. Ратæлмац кæнын.

раньше был другим

первый раз поставили

стоимость бочки с водой

два раза в неделю

7. Баххæст кæнын (тексты бындурыл).

Тексты дыккаг æмбисмæ гæсгæ сывæллæттæ аразынц диалог сæхæдæг.

Бакæсын рольтæм гæсгæ.

Граматикон æрмæгыл бакусын. Зæрдылдаринаг: форма мн. ч. сущ. в осет. яз.

образуется при помощи тæ – т – æ . При этом происходят следующие фонетические изменения.

а) замена одного гласного другим

б) при такой замене в словах, оканчившихся на р, л, м, н, й, у т — удваивается

ком – кæмттæ, бæлон – бæлæттæ.

в) когда слова оканчиваются на группу согласных, то между ними и т – часто появляется гласный – ы.

кæрт – кæртытæ, цæст – цæстытæ.

г) образование слов.

(Ратæлмац кæнын) æрвад – æрвадæлтæ.

Во мн. ч. склоняются так же, как в ед. ч. (отл. п. — æм — мæ ).

1. текстæй (Раг. Дз.) рафыссын бир. н. номдартæ.

З/м; уынгты, нæмттæ, хъуымæцтæ, дыргътæ, дуканитæ æмæ а.д.

2. Баххæст кæнын номдартæ (бир. н.).

1) Скъоладзау… бадынц урочы. 2) Ахуыргæнæг райста Зарæйы æмæ Мураты альбом… . 3) Сывæллæт… куысты… уыдысты тынг аив. 4) Сæ бæрæггæнæн… сын сæвæрдта сæ альбом… .

IV . Аудировани.

Байхъуысын, ратæлмац кæнын, цыбыртæй радзурын.

Ирæттæ цæрынц хæхты хъæбысы – Цæгат Ирыстоны æсæ Хуссар Ирыстоны. Хæхты ис бирæ æрзæдтæ, минæралон дæттæ. Уыдоны раз арæзт цæуынц санаторитæ æмæ фæлладуадзæн хæдзæрттæ. Цъититæй фæзтæм кæлынц цæугæдæттæ. Уыдоныл сарæзтой электрон станцæйтæ. Ирыстоны ис цалдæр горæты æмæ бирæ хъæутæ. Горæттæ тынг стыр не сты, фæлæ сæ уынгтæ сты аив дидинджытæй æмæ бæлæстæй.

V . Кæронбæттæн хай. Х/к дзырдтæ текст х/к (радзур – 2 урок).

Скъоладзауты афæндараст кæнын.

Алан: — Мæнæ лæппу, ирон нæ дæ?

Æхсар: — О, ирон дæн.

Алан: — Горæты цæрыс?

Æхсар: — Щ, Дзæуджыхъæуы.

Алан: — Æз ам рагæй нал уыдтæн, базармæ куыд цæуын хъæуы?

Æхсар: — Сбадын дæ хъæуы дыккаг троллейбусы кæнæ æстæм маршруткæйы.

Алан: — Терчы рдæм сбадын хъæуы æви иннæрдæм?

Дзæуджыхъæу у рагон горæт. Уый арæзт æрцыд мин æвдæсæ æстай цыппæрæм азы. Раздæр нæ горæт уыд æндæрхуызон, æндæр уыдысты йæ уынгты нæмттæ дæр.

Цæнгæт хид раздæр уыд Ольгæйы хид. Ам къуыри дыууæ хатты уыдис базар. Базары уыд бирæ адæм. Уым уæй кодтой хъуымæцтæ, хор, мыд, сапон, сæрак æмæ бирæ цыдæртæ. Дыргътæ æмæ сæн ластой Тифлисæй.

Цæнгæт хидыл ацыд фыццаг трамвай. Уыйд 1904 азы.

Сæрибардзинады проспект хуындис Алыксандры проспект. Уым уыдысты уазæгхæдзæрттæ, типографитæ, чиныгуæйгæнæг дуканитæ, банктæ. Уыд уыд тынг рæсцгъд уынг. Ам уыд бирæ бæлæстæ æмæ дидинджытæ.

Дзæуджыхъæуы уынгты дон ластой донласджытæ. Доны боцкъйы аргъ уыд 10 капеччы. Иу ведрайы аргъ та – капеччы æрдæг.

Рагон Дзæуджыхъæуы уыдысты Чехов, Толстой, Островский, Чайковский.

Темæ: Ирыстон – нæ Райгуырæн бæстæ.

Текст: — Дзæуджыхъæу (ног æрм.) Рагон Дзæуджыхъæу (фæлхат).

Грам. æрмæг: Номдарты тасындзæг. Номон хауæн.

Нысан: 1. Рацыд лексикон-грамматикон æрмæг ныффидар кæнын.

2. Ног æрмæгыл бакусын.

3. Ныхасы рæзтыл куыст.

хæс: — скъоладзауты зонгæ кæнын нæ горæты историимæ;

ахуырдзаутæн ирон аив дзырд уарзын кæнын.

Урочы методтæ: — дзургæ ныхасыл бакуыст;

— фысгæ ныхасыл бакуыст.

Урочы æрмæг: — фæйнæгыл лæвæрд æрмæг, карточкæтæ текстытимæ, индивидуалон карточкæтæ хæслæвæрдтимæ.

— скъоладзауты цæттæдзинад сбæрæг кæнын.

II . Рацыд æрмæг рафæлхатын.

1. Текстыл бакуыст.

Къуыриты бонтæй абон у:

а) дыццæг, æ) сабат, б) хуыцаубон.

2. Афæдзы афонтæй ныр у:

а) сæрд, æ) уалдзæг, б) хуыцаубон.

3. Сымах ахуыр кæнут ацы (ахæм) скъолайы:

а) æстæм, æ) æвдæм, б) æвдæм.

4. Къоста райгуырди:

а) 1896 азы, æ) 1959 азы, б) 1859.

5. Къостайы чиныджы ном у:

6. Ныр уæм ис ахæм урок:

а) нывкæныны, æ) ирон æвзаджы, б) уырыссаг æвзаджы.

7. Ирон театр хæссы:

а) Тæбæхсæуты Балойы ном, æ) Къостайы ном, б) Таутиаты Солæманы ном.

8. Номдар домы фæрстытæ:

а) чи? цы?, æ) цавæр?, б) цы кæнын?

а) иууон æмæ бирæон нымæц, æ) æрмæст иууон нымæц, б) бирæон нымæц.

2. Хæдзарон куыст равзарын. (2 скъоладзау кусынц карточк.)

Карт. № 1. Дзырдтæ (номд.) бир. н. сæвæрын.

Кард, цæст, карк, мад, зарæг, мæсыг, дур, фыссæг, мæй, куыст.

Карт. № 2. Дзырдтæй хъуыдыйæдтæ саразын.

Сывæллæттæ, бацæуын, фæззæг, скъола,

Зымæг, уалдзæг, фæстæ, уазал, райдзаст, æрцæуын.

Зæронд, бадын, устытæ, кæрт.

Ссарын хъуыдыйæдты номдартæ.

3. Радзур дæхи тыххæй. (фæйнæгыл).

Мæныл цæуы (цал?) азы.

Æз цæрын (кæм?) мæ бинонтимæ.

Ахуыр кæнын (кæм?).

Мæ дæсныйад у (цавæр?).

Мæ уарзон предметтæ сты (цавæртæ?).

4. Раст саразын текст хъуыдыйæдтæй. Фæйнæгыл кæнæ карточкæйыл.

1) Уымæн уыди уазал. 2) Рудзынджы цур лæуыдысты сабитæ. 3) Цъиу уыдиæххормаг. 4) Уыди уазал зымæг. 5) Рудзынгмæ æрбатахт дзывылдар. 6) Дзывылдар уатмæ батахт. 7) Сабитæ байгом кодтой рудзынг. 8) Уый райдыдта стъолæй уидзын дзулы муртæ. 9) Æнæхъæн зымæг дзывылдар царди сывæллæттæм, уалдзæджы та атахт. 10) Уыдон фæтæригъæд кодтой дзывылдарæн. (Раст у: 4, 5, 1, 2, 10, 7, 6, 3, 8, 9).

Цæнгæт хид раздæр…

Ацы театры фыццаг…

Ам къуыри дыууæ…

У рагон горæт. (Дзæуджыхъæу).

Уыд раздæр Ольгæйы хид. (Цæнгат хид).

Хуындис раздæр Алыксандры проспект. (Сæрибардзинады проспект).

Уыдон уынгты ластой дон. (донласджытæ).

Ахæм уыд доны боцкъайы арг. (10 капеччы).

Ам уыдис уырыссаг театр. (Театралон фæз).

Афтæ хуындис Ленины фæз. (Театралон фæз).

Уым уыдис бирæ адæм. (базары).

Уæд ацыд I трамвай. (1904 азы).

Уыдон ластой Тифлисæй. (дыргътæ, сæн).

7. Логикон рæхыстæ саразын дзырдтæй. Рагон фæз.

Дзырд дзырдбаст хъуыд. хъуыд. уымæн æмæ…

III . Ног æрмæгыл бакусын.

1. Æмбисондыл бакусын.

Адæймагæн дунейыл æппæты зынаргъдæр сты мад, Фыдыуæзæг, Райгуырæн бæстæ.

Фылдæр кæнын дзырдуатмæ бахæссын.

3. Ног дзырдтимæ дзырдбæстытæ (хъуыдыйæдтæ) саразын.

4. Скъоладзаутæ кæсынц тескт æмæ йæ тæлмац кæнынц.

5. Текстмæ саразын фæрстытæ æмæ сын дзуæппытæ æмæ сын дзуæппытæ раттын.

6. Текстмæ пълан саразын (абзацтыл адих кæнын).

7. Текстæй рафыссын:

одним из культурных городов

с нашим городом связаны

8. Баххæст кæнын текстмæ гæсгæ

— Хъазахъхъ, ирæттæ, уырыссæгтæ.

— Аргъуан, дуканитæ, хид.

— Культурон горæттæй иуыл.

9. Грамматикон æрмæгыл бакусын. Существительные в осетинском языке изменяются по падежам, т.е. сколяются. Всего в осетинском языке 8 падежей.

1. Именительный (номон).

Добрый день, Дзерасса.

Текстæй рафыссын номдартæ ном. хау.

Хуыцау цы федта?

Уый цы сфæнд кодта?

Цавæр нæмттæ райдыдта дæттын адæмæн?

Чи æрбацыд Хуыцаумæ? Цæмæн?

Цы ис алы адæмæн дæр?

Цавæр æвзагыл дзурынц адæм?

V . Кæронбæттæн хай. Дзырдтæ текст к/к (2 ур. — радзурын).

— скъоладзауты афæндараст кæнын.

Дзæуджыхъæу у Ирыстоны сæйраг горæт. Уый арæзт æрцыди мин авдсæдæ æстай цыппæрæм азы. Раздæр Дзæуджыхъæу горæт нæ уыд, фæлæ уыд фидар. Ма цардысты хъазахъхъ, ирæттæ, уырыссæгтæ. Уынгты арæх фенæн уыди хæрæгуæрдæттæ.

Фæстæдæр горæты уынгты фæзындысты рæсугъд дурæйамад хæдзæрттæ, уазæгдзæрæн, аргъуан, дуканитæ, хид. Байгом сты гимназ æмæ театр.

Революцийы размæ Владикавказ нымад уыд Кавказы культурондæр горæттæй иуыл. Нæ горæтимæ баст сты Пушкины, Къостайы, Булгаковы, Вахтанговы нæмттæ.

Абон нæ горæт йæ хуыз аивта. Бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, театртæ. Парктæ азæй-азмæ фыдлæр кæнынц.

Фæлæ нын рагон Владикавказ нæ зæрдыл æрлæууын кæны Сабырдзинады проспект. Ацы ран баззадис нудæсæм æнусы архитектурæ. Проспекты æнусон бæлæсты бын куы фæцæйцæуай, уæд дæм афтæ фæкæсдзæн, ццма зæронд Владикавказы уынгты тезгъо кæнын. Горæтæгтæ уарзынц ам сæ фæллад уадзын.

Тезгъо кæнын – гулять, прогуливаться.

Ном зынаргъ æмæ кадджын у.

Хуыцау федта , ад æ м з æ ххыл к æ й сбир æ сты . Уый сфæнд кодта уыдоны къордтыл ныддихтæ кæнын, цæмæй хæларæй цæрой, кæрæдзийы хуыздæр æмбарой. Адæмæн райдыдта дæттын алыхуызон нæмттæ: уырыссæгтæ, немыцæгтæ, францусæгтæ, ирæттæ, грекъæгтæ. Адæмы цинæн нал уыд кæрон.

Рацыд рæстæг. Хуыцаумæ æрбацыд иу гыццыл адæмы къорд.

— Хуыцау, курæм дæ æмæ нын ном ратт.

— Сымах цыдæр талынг адæм стут, кæд уыдыстут нырмæ? Нал ис мæнмæ нæмттæ.

Æмæ ацыдысты æнæном адæм æнкъардæй. Бирæ фæзылдысты бæстæтыл, фæлæ сæ йæхимæ ничи бауагъта. Афæдзы фæстæ уыдон фæстæмæ æрьацыдысты Хуыцаумæ.

— Хуыцау, ном нын ратт, æнæ номæй цæрын тынг зын у зæххыл.

Æмæ сын Хуыцау радта цавæрдæр ном. Афтæ алы адæмæн дæр ис ном, алчи дæр уарзы æмæ аргъ кæны уыцы номæн. Алы адæм дæр дзурынц сæ мадæлон æвзагыл.

Читайте также:

      

  • Сочинение слово великое слово
  •   

  • Сочинение на тему это страшное слово война
  •   

  • Верю ли я в гадание сочинение
  •   

  • Сочинение перевод на английский
  •   

  • Сочинение однажды на уроке

Гом урок – презентациты равдыст

Темæ: Мæ уарзон Ирыстон

Нысан: Рацыд æрмæг бафидар кæнын;

Ныхасы рæзтыл бакусын;

Патриотизмы æнкъарæнтæ хъомыл кæнын

скъоладзауты зæрдæты.

Эпиграф: « Адæймаг æгъдауджын æмæ кадджын вæййы, йæ

бинонтæ æмæ йæ адæмы куы æмбара, йæхи

фæллойæ куы цæра,Райгуырæн бæстæ куы

уарза, æрмæстдæр уæд.

Урочы цыд:

Организацион хай. Радгæсы ныхас.

Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Ирыстоны тыххæй зонындзинæдтæ сфæлхат кæнынæн саразын хъазт «Æз зонын», «Æз загътон, ды дæр зæгъ»:

Ирыстоны сæйраг горæт, Ирыстоны горæттæ, районтæ, хъæутæ, цæугæдæттæ, хæхтæ, кæмттæ, суардæттæ, Ирыстоны фæзуат, Терчы дæргъ, хæхты бæрзæнд æ. а. д.

Ахуыргæнæг: 13-14 æнусты нæ фыдæлты паддзахад знæгтæ куы ныддæрæн кодтой, уæд ирон адæмæн хæхтæ систы сæ ирвæзынгæнæг. Зынвадæтты цардысты, фæлæ се ‘взаг, сæ культурæ, се ‘гъдæуттæ нæ фесæфтой – уыдоны руаджы та ногæй йæ къæхтыл слæууын кодтой Райгуырæн бæстæ, æмæ йæ æнусæй-æнусмæ хъахъхъæдтой цæсты гагуыйау, уарзтой æнæкæрон уарзтæй. Ууыл дзурæг у нæ урочы эпиграф дæр.

Эпиграфыл куыст.

Æцæгæйдæр, йæ Райгуырæн бæстæ цы адæймаг нæ уарзы, ахæм нæй. Кæд ис, уæд, æвæццæгæн, ахæм адæймаг бынтон æххæст нæу – цух у цæмæйдæрты: удæй, фарнæй, æ. а. д.

Ирон адæмæн сæ туджы ис Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад. Нæ кадджын фыдæлтæй нын баззад ацы миниуæг. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм Нарты хистæрты ныхæстæ: «Нарт Нарт уæд уыдысты, арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди, æмæ мæлын куы зыдтой сæ дзыллæйы, сæ Фыдыбæстæйысæрыл…»

Махæн, Ирыстоны цæрджытæн (уæлдай нæу – ирæттæ кæнæ æндæр адæмыхæттытæ), тынг æнцон у нæ Райгуырæн бæстæ уарзын. Искуыдæр-ма нæ?! Ирыстоны географион уавæр ахæм у, æмæ дзы цы нæ диссаг ис: хæхтæ, быдыртæ, кæмттæ, цæугæдæттæ, цъититæ, æхсæрдзæнтæ, хъæдтæ, суардæттæ… Æмæ уæд нæ диссаджы сыгъдæг уæлдæф æмæ нæ алæмæты адджын дон та?.. Дæ фæлллад суадзын дæ куы фæнда, уæд равзар, дæ зæрдæ цы зæгъы, уый: хæхбæстæ, комрæбын, быдыр, цæугæдон, æхсæрдзæн, комрæбын, цады был… Мæнæ зарæджы куыд загъдæуы: «Не нужен нам берег турецкий и Африка нам не нужна…»

Цæй, дардыл æй цы дзурын! Сæдæ хатты фехъусыны бæсты, дам, иу хатт фенын хуыздæр, зæгъгæ, зæгъы уырыссаг æмбисонд.

Цæй уæдæ, мах дæр абалц кæнæм нæ Райгуырæн Ирыстоныл нæ чысыл корреспондентты æххуысæй.

Табуафси, хонут нæ балцы Ирыстоны алы районтæм, хъæутæм, горæттæм.

(Скъоладзаутæ æвдисынц сæ презентацитæ, цыбыр хъусынгæнинæгтимæ)

Хатдзæг: Æвæдза, куыд хъуамæ хона адæймаг йæхи æнамонд, Райгуырæн бæстæ кæмæн ис, чи цæры, кусы, уарзы, зæронд кæны йæ уарзон адæмы ‘хсæн, йæхи зæххыл?!

Æмбисæндтæ Райгуырæн бæстæйы тыххæй (Слайд)

1. Райгуырæн бæстæ адджын у.

2. Фыдыбæстæ ныййарæг мадау – адджын.

3. Искæй уæзæгыл мæ Хуыцау æхсин дæр ма скæнæд.

4. Уызын дæр йæхи къудзийы бынмæ лыгъди.

5. Лæгæн дунейыл аджындæр цы баззади? – Мад, хæдзар, ррайгуырæн бæстæ.

6. Дард бæлццон йæ райгуырæн бæстæм куы ‘рыфты, уæд ног райгуырæгау вæййы.

7. Æнахуыр бæсты æлдарæй дæр зын цæрæн у.

Рафыссын æмбисæндтæ тетрæдтæм.

Хæдзармæ куыст: Æмбисæндтæ ратæлмац кæнын, хи ныхæстæй сæ дзурын зонын.

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын комментаритимæ.

Адрес публикации: https://www.prodlenka.org/metodicheskie-razrabotki/379000-m-uarzon-iryston

Журнал «Мах дуг», 2010 аз, №11

«Ацы адæймаджы ном зоны æгас дуне дæр, йæ Райгуырæн бæстæ Советон Цæдисæй фæстæмæ. Афтæмæй уый у, „Меркури“ æмæ „Аполлон“-ы проектыл чи куыста, уыцы ахуыргæндтæй иу, стæй „Конкорд“-ы проекты автор. 1973 азы йын америкаг астронавттæ Мæйыл сæвæрдтой йæ портрет Вернер фон Брауны портретимæ иумæ». Афтæ фыста «Независимая газета» 2005 азы (№ 15–16).
Токаты Ахмæты фырт Гогки райгуырди Цæгат Ирыстоны Сечеры хъæуы. 1937 азы каст фæци Мæскуыйы Жуковскийы номыл хæстон-уæлдæфон академи, æмæ йæ уым баурæдтой — аэродинамикæйы лабораторийы кусæгæй. Йемæ куыстой Сергей Илюшин, Артем Микоян, Борис Стечкин æмæ æндæр зынгæ конструктортæ, ахуыргæндтæ. 1945 азы Сталины амындæй Берлинмæ æрвыст æрцыди сæрмагонд Паддзахадон къамис. Йæ хæс — хæдтæхджытæ æмæ ракетæтæ аразыны фæдыл трофейон документаци æмбырд кæнын æмæ иртасын. Уыцы къамисы уыди Гогки дæр.
Токаты ахуыргонд, раст лæг уæвгæйæ, цыдæр хъуыддæгты разы нæ кодта Берияйы хæдивæг Серовимæ. Уыйадыл æм уыцы фыдлæг схæрам æмæ йын йæ размæ алы цæлхдуртæ æвæрын байдыдта. Берияимæ цыдæр сусæгвæнд кæй кæнынц йæ ныхмæ, уый бамбæрста Гогки. Уымæ гæсгæ хæстон-уæлдæфон тыхты хистæр афицер Токайы-фыртæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ 1947 азы Берлины англисаг сектормæ йæхи айста æд бинонтæ. Царди æмæ куыста Лондоны. Амарди 2002 азы.
Дауыраты Дамир Гогкийы цард æмæ куысты тыххæй ныффыста документалон уацау «Ироны портрет Мæйыл». Дæлдæр мыхуыр кæнæм скъуыддзæгтæ уыцы уацмысæй.

Гогюс «Зæххы къорийы адæм Мæйыл æрбадынмæ фæндаг нæ зыдтой, стæй фæстæмæ раздæхын дæр, цалынмæ сын æй ирон нæ бацамыдта, уæдмæ…
Скъуыддзаг Лондоны уагъд чиныг «Who is who»
 

«Токаты Георги (Гогки) 50-æм азты кæрон куыста Америчы Иугонд Штатты… 1961 азы йæм Англисы хицауад арвыстой сæрмагонд делегаци, йæ сæргъы бæстæйы Хъахъхъæнынады министр Литон Доэд æмæ нефты кампанийы директор лорд Томсон Оливер. Уыдон ын загътой сæ фæндон: бæстæйы разамынд дæ куры, цæмæй ды фæстæмæ раздæхай æмæ Крайфильды университеты бындурыл разамынд дæттай ракетон техникæйы сæрмагонд институт саразынæн. Æмæ Гогки фæстæмæ Англисмæ раздæхти».

Университет ис сабыр æмæ нарæг уынг Сити Джони Страты. Уым мах сæмбæлдыстæм, Гогки кæимæ фæкуыста, уыцы профессортæ æмæ, йæ номыл ам цы сæрмагонд стипенди ис ныр цалдæр азы, уый чи исы ныртæккæ, уыцы студенттимæ. Фембæлд кæм хъуамæ уыдаид, уыцы аудиторийы цур нæ Гогки баурæдта, къулы цурмæ нæ бакодта æмæ загъта: «Мæнæ кæсут, ам ауыгъд ис, абон нæм чи ахуыр кæны, уыдоны нæмттæ æмæ мыггæгтæ фыст кæм ис, уыцы стенд, бакæнынц æй алы азы райдианы дæр…
Сæмбæлдзыстут дзы алыхуызон мыггæгтыл Америкæйæ, Германийæ, Шотландийæ, Испанийæ… Æрмæст дзы ирон мыггагыл нæ сæмбæлдзыстут. Уыцы традици цæй æмæ иумæ фехалæм»… Æмæ æнкъард худт бакодта.
Уырдыгæй фембæлды фæстæ мах йæ фæдыл æнæнымæц асинтыл ныххызтыстæм зæххы бынмæ.
— Афтæ уæм кæсæд, цыма ныртæккæ сымах стут ирон лабораторийы, — сæрыстырæй нын дзырдта Гогки, — мах ам ме ’ххуысгæнджытимæ фæлтæрæнтæ скодтам, Мæйыл чи æрбадт, мæхæдæг кæй сарæзтон, уыцы аппарат «Аполлон» æмæ зындгонд хæдтæхæг «Конкорд»-ы фылдæр хæйттæн. Мæнæ ам цыдæриддæр уынут, уыдон иууылдæр сарæзтой мæ хахнывтæм гæсгæ, мæ размæ ахæмæй ам ницы уыд… Уæ зæрдыл æй бадарут: дунейы адæмтæ уæлæ Мæймæ фæндаг нæ зыдтой, цалынмæ сын æй Ирон нæ бацамыдта, уæдмæ…
Фæстæмæ дæр та зæххы бынæй ссыдыстæм уыцы æнæнымæц асинтыл, æмæ нæ бакодта егъау райдзаст залмæ, æртæсæдæйы бæрц дзы къæлæтджын бандæттæ æвæрд, бæрзонд æмæ уæрæх сценæ дзы нарæг даргъ стъолимæ, йæ цуры та уæззау хъæдын трибунæ цалдæр микрофонимæ. Æз æм схызтæн, зæгъын, не стыр æмзæххон арæх кæцæй фæдзуры, йæ сызгъæрин армытъæпæнтæ кæм æрæвæры, æз дæр уыцы бынаты алæууон. Стæй цыппарæй дæр залы раззаг рæнхъыл фæрсæй-фæрстæм æрбадтыстæм, æмæ та Гогки мæ курдиатмæ гæсгæ махæй йæ адджын мысинæгтæ нæ бамбæхста, нæ цымыдис фарстатæн нын зæрдиаг дзуаппытæ лæвæрдта, мæнæн та мæ иузæрдион æххуысгæнæг, ме ’нæзивæг æмбал — мæ диктофоны æнæуынæр лентæ зылдис, зылдис æмæ зылдис. Æз дзы абон дæр бузныг дæн, æз уый руаджы йæ райгуырæн къонамæ сластон Ирыстоны хуыздæр хъæбулы рох, чи зоны æмæ, сæфт хъæлæс…
— Мæ лæмæгъдзинадыл мын-иу æй ма банымайут — райдыдта йæ ныхас Гогки, — фæлæ иу хатт æз ацы залы мæ цæссыгтæ нал баурæдтон… Ацы зал Англисы мыхуыры фæрæзтæ мæ номыл схуыдтой, <…>. Цæй тыххæй?.. 1972 азы америкаг астронавттæ, æз кæй сарæзтон, уыцы аппарат «Аполлон»-ыл Мæйыл æрбадтысты. Фæстæмæ куы раздæхтысты, уæд сын Америчы Иугонд Штатты хицауад радта сæрмагонд хæдтæхæг, рагацау мæм æрдзырдтой, фæцæуæм дæм, зæгъгæ, æмæ мæнæ ацы залы сæмбæлдыстæм. Уый дæр историон фембæлдыл банымадтой. Бирæ адæмы астæу мын уыдон арфæйы ныхас загътой, мæнæй æппæлынæй нал æмæ нал æнцадысты… Æз ма уæд мæ тæккæ лæгæй уыдтæн, фæлæ æрлæмæгъ дæн, мæхи нал баурæдтон…

ГОГКИЙЫ ЧИНЫГ «ÆМБАЛ ИКС»-ÆЙ
Скъуыддзаг
(англисаг æвзагæй тæлмацгонд)
 

Иу изæр æрбаздæхтæн Потстдамæй. Уыцы рагон горæты æз архайдтон Трумэн, Черчилль æмæ Сталины фембæлды. Æз ма уæд цардтæн, раздæр кæм æрбынат кодтон, уыцы дыууæуæладзыгон хæдзары Югерштрассе, 25-ы. 12 уаты уыдысты ме ’вджид, аив хæдзары дзаумæттæй дзаг, уæрæх æмæ райдзаст рудзгуытæ сын. Горæты комендант инæлар-майор Федотов мын хъазæн ныхас дæр ма загъта:
— Цард æрцыд æмæ дæуæн, кæм федтаис ахæм уавæртæ, зæххон дзæнæты бахаудтæ…
Мæ машинæйæ куы рахызтæн, уæд хæдзары ныккæнды рухс куыд ахуыссыд, уый федтон. Чи дзы хъуамæ уа? Асинтыл бынмæ нызгъордтон, дуар бахостон, уырыссагау, стæй та немыцагау сдзырдтон. Уым мыл баууæндыдысты, дуар байгом. Мæ цуры лæууыдысты тарст сылгоймаг, гыццыл лæппу æмæ чызг ын йæ куатæйы кæрæттыл ныддæвдæг сты. Исчи ма дзы хъуамæ уа? Сæ цæстытæ мын дзырдтой: ис ма дзы. Æз мидæмæ бахызтæн, хъуамæ мæхи хъахъхъæдтаин, фæлæ цæмæндæр мæ дамбаца фæстæмæ сæвæрдтон.
— Герр афицер, дæ хорзæхæй, ма нæ амар, — кæуынхъæлæсæй дзырдта сылгоймаг.
— Герр афицер, нæ мады нын ма фехс! — цъæхахст кодтой сывæллæттæ.
Æз дзыхълæуд æркодтон, ныккастæн сæм, тынг фæдис кодтон:
— Афтæ уæм цæмæн кæсы æмæ уæм марынмæ æрбацыдтæн?
— Сымах ныл фæуæлахиз стут, — загъта бынмæ кæсгæйæ сылгоймаг.
Мидæггаг дуар байгом æмæ дзы хъавгæ рахызт мæ карæн æнæдаст нæлгоймаг, йæ рахиз къух бинтæй баст.
— Ай уæ хæдзар у? — бафарстон æй æз.
— Нæу, — загъта нæлгоймаг, — нæ хæдзарыл бомбæ æрхаудта. Ам сусæгæй æрбынатон стæм.
— Ма тæрсут, ам уал ацæрут, — загътон ын æз.
— Æцæг зæгъыс, марынмæ нæм не ’рбацыдтæ? — скатай сылгой— маг. — Уæдæ афтæ куы дзурынц, уырыссаг афицертæ бирæты марынц, зæгъгæ.
— Се ’ппæт уырыссæгтæ марджытæ не сты. Стæй æз уырыссаг нæ дæн, æз кавказаг дæн.
— Фыццаг хатт уынын уырыссаг кавказаджы, — ныддис кодта лæг.
— Æз уырыссаг кавказаг нæ дæн, æз хуымæтæг кавказаг дæн.
Иу дзырдæй, æрсабыр сæ кодтон. Лæджы хуыдтой Кехерманн, уыди биологон наукæты доктор, хæцыдис нæ ныхмæ. Цалдæр хатты мын лæгъстæгæнгæ дзырдта:
— Æз аххосджын нæ дæн…
Куы бацыдтæн, уæд æнхъæлдта, маргæ йæ кæндзынæн, зæгъгæ, фæлæ йæ фæндыд йæ ус æмæ йæ сывæллæтты фервæзын кæнын. «Цæмæн нæ хъуыдис, адæмы ахæм тас чи бауагъта, уыцы уæлахиз?» — хъуыды кодтон æз. Зæгъын, æз уæм марынмæ не ’рхызтæн, мæ хæдзары ныккæнды чи æмбæхсы, уый бæрæггæнæг æрхызтæн. Уыдтон æй: æрæууæндыдысты мыл. Бамбарын сын кодтон: цалынмæ æз ам цæрон, уæдмæ сымах дæр цæрут. Иу дзырдæй, æз уыцы ныккæнды нæхи уырыссæгтæй дæр, стæй немыцæгтæй дæр æмбæхстон, мах ныхмæ чи хæцыд, ахæм ахуыргонд лæджы. Æрæджиау, ома, нæ Уæлахизы фæстæ мæм йæ бафхæрын раст нæ касти.
Дыууæ боны фæстæ мæ къæбицы бафиппайдтон мæ хæринæгты паек къаддæрæй-къаддæр куыд кæны, уый: нæ цыппарæн уыдон фаг нал кодтой. Горæты комендант инæлар Федотовмæ комкоммæ бацыдтæн, зæгъын, дыууæ къуырийæн мын уæлæмхасæн продукттæ рафыссут.
—Цæмæн? — тызмæгæй мæ бафарста уый.
Æз ын хабар радзырдтон.
— Сывæллæттæ сты?.. Советон эмигранттæ?
— Иутæй дæр нæ æмæ иннæтæй дæр.
— Власовы хъузæттæй?
— Нæ, æмбал инæлар. Немыцæгтæ сты…
— Ды æмбарыс, цы кусыс, уый? — мæстыхуызæй дзырдта мæ хæлар инæлар, — немыцæгты æфсадыны хæс ныл нæй.
— Дæуæн дæр æмæ мæнæн дæр ис уыдоны халдих сывæллæттæ, — сабырæй йæм дзырдтон æз, — дыууæ æнахъом немыцаг сабийы æххормагæй куыд хъуамæ ныууадзон, цавæр Хуыцау мын æй ныббардзæн? Стæй, æмбал инæлар, Советон Цæдис уымæй мæгуырдæр нæ фæуыдзæн, мæнæн та ме уæхсчытæй уæззау уаргъ ахаудзæн, искуы сыгъдæг зæрдæимæ амæлдзынæн…
Инæлар, æцæг советон патриот, сырх кърандас райста, хæринæгты уæлæмхасæн хай та мын рафыста.
Дыууæ къуырийы фæстæ мын мæ цæрæнбынат хъуыди баивын Берлины æндæр районмæ. Афтæ домдта мæ куыст. Уый сын куы загътон, уæд катайы бацыдысты, ныллæгъстæ мын кодтой, баххуыс нын кæн, зæгъгæ. Мæнæн æндæр гæнæн нæ уыд. Мæ машинæйæн уыди сæрмагонд гæххæтт, кæцымæ гæсгæ мæнæн цæуыны бар уыдис Берлины алырдæм дæр, никуы мæ урæдтой, никуы мын кастысты мæ документтæм.
Раздæр уал лæджы аластон Ныгуылæн Германимæ, стæй йыл сæмбæлын кодтон йæ ус æмæ йæ сывæллæтты. Фæстæдæр мын ме ’мбæхст ахуыргонд цыдæр хъуыддаджы баххуыс кодта… Уый мын дзурæн нæма ис.

ГОГКИ: «МÆН АНГЛИСАГÆЙ НИЧИ ЗОНЫ,
ÆЗ ИРОН ДÆН, ÆНУСОН ХЪАЗЫБЕДЖЫ ХОХЫ ХЪÆБУЛ…»

— Æз ам мæ сабыр уынджы мæ фæрныг хæдзары æхсæв мæ сæр базыл куы æрæвæрын, мæ цæстыхаутæ кæрæдзиуыл куы аныдзæвынц, уæд арæх æрымысын Ирыхъæу. Уырдæм-иу мæ каистæм куы ссыдтæн, уæд-иу къуыбырæй кастæн митсæр Хъазыбеджы хохмæ. Цыдæр тых мæ-иу бауагъта, цыдæр ныфс-иу мын радта балцы размæ… Фæстæмæ-иу куы раздæхтæн, уæд-иу мæнæй амондджындæр ирон лæгæй нал уыд. Ставд Дурты алыварсы æрдз мемæ ис ам, æз æнæ уымæй цæрæг уд нæ уаин. Арæх æрымысын, Æрæфы доны фыццаг хатт кæсаг куыд æрцахстон, уый, йæ уд мын куы систа, уæд мæхи кæуынæй мардтон. Иннæ хатт та скуыдтон, Змейкæйы фале суадон куы скъахтон æмæ мын дыккаг бон куы бахус, уæд… Цыдæр æбæрæг тых мæ ласта æдзухдæр Елхотмæ, уымы быдырты бирæ рæстæг нæ бакуыстон, уæддæр. Мæнмæ-иу хорз кастис ауындзгæ хидыл Терчы сæрты уыцы хъæумæ бахизын. Никуы мæ ферох уыдзæн, 1932 азы Ленинградæй куы ссыдтæн, уыцы бон. Уыдтæн æрыгон, хъарутæ æмæ алыхуызон идеалтæй дзаг, уыцы азты Сталины йеддæмæ мæ зæрдæ йæхимæ æмгæрон дæр никæй уагъта, мæ тракторы сæрмæ-иу дымгæмæ фæйлыдта сырх тырыса нæ фæтæджы хуызимæ, хуым кодтон, хортæ карстон, мæ бæгъæввад къæхтæ-иу тæвд æфсæйнагыл сыгъдысты… Æз та уæд уыцы ауындзгæ хидыл Терчы сæрты Елхотмæ бацыдтæн, æмæ мæхи зæрдæ дæр ныммæгуыр уымы уынгты уæды мæгуырдзинадæй. Мæрдты кæм ис, уым ма схъæрзæд, ныббарæд мын æй, фæлæ уæд æз фыццаг хатт æвзæр ахъуыды кодтон Сталинæй… Суанг ма дзы куыйты бон дæр нæ уыд мæ фæдыл срæйын фырæххормагæй. Мæ фынты мæм уыцы нывтæ арæх раздæхынц фæстæмæ.
Арæх æрымысын хъæу Александровскæ, уæд афтæ хуынди, Ставд Дурты цæгатфарс. Уым иу хъазахъхъаг чызджы уарзтон æмæ-иу ын тракторыл сырх тырысайы фарсмæ быдираг дидинджыты баст нылластон… Æз-иу арæх уыдтæн Æрхонкæйы станицæйы дæр, йæ хæдзар уым уыд, трактор скъæрын мын чи бацамыдта, мæ уыцы ахуыргæнæг Белокудрий, æз сын йæ цæрджыты цардыуагыл сахуыр дæн, сæ хæринæгтæ сын бауарзтон. Ам, Лондоны, ис дукани, уæй дзы кæнынц æнахуыр хæринаг, хуыйны пиццахан. Æз æм сæрмагондæй ацæуын, балхæнын дзы, æмæ та мæ цæстытыл ауайынц Æрхонкæйы хъазахъхъæгтæ сæ диссаджы зæлланггæнаг ныхасыхъæдимæ хуымы астæу… Мæхицæй не ’ппæлын, фæлæ мын-иу уыцы азты æхсызгон уыди, фæллойы хъазуатон мæ-иу куы хуыдтой, уæд. Ныртæккæ дæр ма мын куы вæййы æхсызгон, куы мæ феппæлынц, уæд, æз та ма уæд æрыгон уыдтæн… Мæн мæ тракторæй раргъæвтой æмæ мæм Дзæуджыхъæумæ профцæдистæм бадзырдтой, мæ хъазуатон фæллойы тыххæй мæ Ленинградмæ ахуырмæ арвыстой. Мæнæн уый абон дæр ма æхсызгондзинад хæссы. Кæд цыфæнды фаутæ æвæрдтой советон хицаудзинадыл, уæддæр дзы æз бузныг дæн, хорздзинад дзы зонын…
— Цалдæр азæй цалдæр азмæ Англисы рацæуы чиныг «Чи цы у чи?» Мæн тыххæй дзы афтæ райдайынц: «У ирон, райгуырд Цæгат Ирыстоны. У 9 хатты наукæты доктор, 6 хатты наукæты кандидат, 11 бæстæйы академиты кадджын уæнг», æмæ афтæ дарддæр. Сæйрагдæр у йæ фыццаг рæнхъ: «У ирон»… Ацы бæстæйы ис ахæм æгъдау: фылдæр хæрзты йын чи бацыд, йæ къæбицмæ йын хуыздæр бавæрæн чи бахаста, уыцы адæймæгтæн раттынц æппæты кадджындæр ном — сэр. Уыдоны номхыгъдмæ бахæссынвæнд кодтой мæн дæр. Уый тыххæй мæнæй цы хъуыдис? Сæрмагонд декларацийы æз, ирон, хъуамæ ард бахордтаин Англисы ус-къарол Елизаветæйæн, мæнæ цыма æцæгдæр англисаг дæн, уыйау. Æз уыцы ардбахæрд мæ сæрмæ не ’рхастон. Æз англисаг нæ дæн, æз ирон дæн, æз мыггагмæ æгæрон бузныг дæн ацы бæстæйæ, кæй мыл баууæндыд, ахæм кад мын кæй кæны, уый тыххæй, фæлæ, нæ фыдæлтæ-иу куыд дзырдтой, дæлæ кæнайуæлæ кæнай, уæддæр æз англисаг нæ дæн, æз Кавказæй дæн, æз Хъазыбеджы хохы фырт дæн, æз царды уæлдæф уым сулæфыдтæн фыццаг хатт. Мæн цыфæнды рæсугъд ныхæстæй дæр, цыфæнды хæрзиуджытæй дæр нæ басæтдзынæ, цæмæй æз ирон нæ дæн, зæгъгæ, зæгъон. Уый искæмæ хорз кæсы кæнæ æвзæр кæсы, уый сæхи хъуыддаг у, фæлæ мæн искæйы дæр æмæ мæхи дæр сайын нæ фæнды. Мæ кармæ царды изæр куы æрбахæстæг вæййы, райсом та йын куы нал вæййы, уæд адæймагæн хъуамæ худинаг уа, уæлдайдæр та наукæйы кусæгæн де ’фсармы цур гæдывад уæвын, кæйдæрты сæртæ та дзæгъæл кæнын. Уымæ гæсгæ йæ алкæмæн дæр комкоммæ фæзæгъын: æз ирон дæн æмæ мæ фæнды, тынг мæ фæнды иронæй амæлын. Зæгъæм, абон ам хæст райдыдта, зæгъгæ, уæд æз ацы бæстæйы сæрыл рахæцин, алы бритайнагæн дæр куыд æмбæлы, афтæ, чи зоны, æмæ зæрдиагдæрæй, фæлæ æз ацы бæстæйы сæрыл рахæцин куыд бритайнаг нæ, фæлæ куыд ирон, Ирыстоны райгуырæг. Æз йæ сæрыл тохы бацæуин, кæй мæ нымайы, кæй мæ рæвдауы, мæ куыстытæн мын фаг аргъ кæй кæны, уый тыххæй.
Мæнæн ам аргъ кæнынц, комкоммæ дзурæг кæй дæн, Рæстдзинад, цы хъуыды кæнын, мæ зæрдæмæ цы нæ цæуы, уый сын кæй фæзæгъын, уый тыххæй. Англисы хицауад мын мæ удыхъæды уыцы миниуæг зонынц, хорз сæм кæй кæсы, уый, Дамир, ды абон хъуамæ бафиппайдтаис. Æз та абон уыцы Робинсонæн загътон, Англис цыфæнды хъуыддагыл дæр æгæр бирæ кæй хъуыды кæны, уый, рæвдздæр сын хъуыды кæнын æмбæлы. Дæхæдæг æй федтай, Робинсон куыд бахудти, фехъуыстай, цы загъта, уый дæр, нæй, дам, гæнæн, нæ конд ахæм у. Æз амы хицауадæн се ’ппæтæн дæр фæзæгъын, ирон кæй дæн, уый, кæд уæм афтæ кæсы, æмæ уый хорз нæу, уæд хæйрæджыты амæддаг фæут… Мæ буар мын алыг кæн æмæ дзы фемæхсдзæн ирон туг. Æндæр хуызы ма йæ зæгъын хъæуы?.. Уымæн нæ хæссын æз абон уыцы кадджын ном, сэр. Искуы мæ изæр æнæ райсом куы æрлæууа, уæд мæн фæндид, цæмæй исчи ныффысса, æз арæх, ирон дæн, зæгъгæ, кæй дзырдтон æмæ уымæй сæрыстыр кæй уыдтæн. Ныййарæг мады фæуарзынц, рæсугъд кæй у, уый тыххæй нæ. Мады фæуарзынц, уымæн æмæ уый Мад у, уымæн æмæ дæ уый ныййардта, йæ тугæй дæ. Æз æрмæстдæр афтæ хъуыды кæнын ме ’фсармы цур сыгъдæг зæрдæимæ. Цæмæн хъуамæ сайон æз искæй, Англисыл иузæрдион дæн, зæгъгæ, уымæй? Мæнæн мæ райгуырæн бæстæ Ирыстон у, уым мæ ныййардта мæ мад. Иу хатт мæ Кремлы Сталин куы бафарста, иронау ма зоныс, Токайы-фырт, зæгъгæ, уæд мæнæй амондджындæр ирон адæмæй нал уыд. Æз лæууыдтæн æргъæвст салдатау Генералиссимусы цур. Уырыссагау ын дзуапп куы радтон, «конечно, товарищ Сталин, я же осетин», уæд ницыуал сдзырдта, йæ сæр банкъуыста, бахудт, æвæццæгæн мыл йæ зæрдæ фæхудт. Мæн Англисы Къарол Сталины хуызæн куы бафæрсид, уæд уымæн дæр ахæм дзуапп раттин: бæгуыдæр æз ирон дæн. Мæнæ бæхæй хæрæг куыд нæуал рауайдзæн, афтæ мæн дæр æндæрхуызон нал скæндзынæ. Мæнæн мæ тугдадзинты ирон туг кæлы, æз ирон дæн, искæй фæнды æви нæ фæнды, уæддæр.
Сымахмæ, Уæрæсейы, ис Тæтæры Президент Шаймиев. Уыцы адæймагæй мæ зæрдæмæ цы цæуы, уый — йæ ныхас. Уый афтæ фæдзуры: «Æз тæтæйраг дæн, æз цæрын Уæрæсейы, фæлæ æз Уæрæсейы дæн тæтæйраг». Æз уыцы адæймаджы уый тыххæй бирæ уарзын. Афтæ куы дзурид, æз, тæтæйраг уæвгæйæ, суырыссаг дæн, зæгъгæ, уæд мæ цæсты ничиуал уаид, мисхалы аргъ дæр ын нал кæнин…

Темæ: Хуымæтæг цыбыр æмæ даргъ хъуыдыйæдтæ.

(«Мæ уарзон Ирыстон»)

Нысан:

1. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.

2. Хъуыдыйады тыххæй скъоладзауты зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæнын.

3. Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын.

Цæстуынгæ æрмæг:

Иры, Уæрæсейы, Английы тырысатæ, тестытæ, компьютер, интерактивон фæйнæг, карточкæтæ, Ирыстоны презентаци, ирон орнамент.

Урочы цыд:

Организацион хай.

– Уæ бон хорз, сывæллæттæ!

– Æгас цу!

– Нæ буц уазджытæ, сымах дæр нæм алыбон æгас цæут. Сывæллæттæ, сымах дæр-ма нæ уазджытæн салам раттут.

– Сбадут!

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, сымах дæр абон мæнау чысыл фæлварæны бахаудтат, æмæ иумæ равдисæм нæ ирондзинад, не ‘гъдау, нæ арæхстдзинад. Æгъдаумæ гæсгæ уазæг ирон хæдзары вæййы кадджын, æмæ нæ уазджытæн арфæ ракæнæм.

Скъоладзау: Нæ буц уазджытæ, нæ зæрдæ уын зæгъы, нæ уарзон Ирыстоны цæрынæй бафсæдут, æмæ уæ ацы къуырийы бæрæгбоны хорзæх уæд. (Джеоргуыбайы)

Рацыдысты æртæ лæппуйæ сæ къахфындзтыл, бæрзонд систой Иры, Уæрæсейы æмæ Англисы тырысатæ.

Лæппу дзуры Къостайы æмдзæвгæ «Балцы зарæг».

«Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ,

Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!

Скæнæм нæ тырыса дзыллæйы номæй,

Рухсмæ æнæзивæг, цомут æнгомæй!»

– Чи ныффыста ацы æмдзæвгæ? (Къостайы)

– Цæмæ сиды Къоста? (иудзинадмæ)

– Тырыса та уырыссагау куыд уыдзæн? (флаг)

– Кæй тырысатæ сты дыууæ кæройнæг тырысайы? (Уæрæсейы, Английы)

– Иры тырысайы хуызтæ цы нысан кæнынц?

– Цы ис иудзинадæй тырысатæм?

Ахуыргæнæг: Уæдæ, нæ урочы темæ «Хуымæтæг цыбыр æмæ даргъ хъуыдыйæдтæ». Амонæм нæ уарзон Ирыстоны темæмæ гæсгæ.

Дзырд «тырыса»-имæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнын. Иу хъуыдыйад – хуымæтæг цыбыр, иннæ – хуымæтæг даргъ.

Зæгъæм:

1). Тырыса.

2). Мæ къухы тырыса.

3). Мæ къухы бæрзонд систон Ирыстоны тырыса.

— Хъуыдыйады уæнгтæ сбæрæг кæнæм.

— Цæмæй хицæн кæнынц хъуыдыйæдтæ?

Хатдзæг скæнæм.

— Нæ абоны грамматикон темæ цавæр у? Цæуыл дзурдзыстæм?

Ныффыссут абоны нымæц, темæ, къласы куыст.

I хæс. Хæдзармæ куыст – рацыд æрмæг сфæлхат кæнын (тест лæвæрд цæуы сыфтыл)

1. Синтаксис ахуыр кæны:

а)ныхасы хæйттæ

æ) мыртæ æмæ дамгъæтæ

б) хъуыдыйад

в) дзырды хæйттæ

2. Бæрæггæнæн фæбæрæг кæны предметы:

а) бынат

æ) афон

б) хуыз

в) архайд

3. Хуымæтæг цыбыр хъуыдыйад арæзт вæййы:

а) æрмæст сæйраг уæнгтæй

æ) æрмæст фæрссаг уæнгтæй

б) сæйраг æмæ фæрссаг уæнгтæй

в) ) æрмæст фадатон дзырдтæй

Ирыстон у мæ райгуырæн бæстæ.

Хъуыдыйад у

а) хуымæтæг цыбыр

æ) хуымæтæг даргъ

Хъуыдыйад даргъгонд æрцыд

а) бæрæггæнæнæй, фадатон дзырдæй

æ) фадатон дзырдтæй

  1. Дзырдбыд æрхъуыды кæнын

  1. Æмбисæндтæ райгуырæн бæстæйы тыххæй Ирон, уыпыссаг, англисаг

  1. Къордты куыст

  1. Нывмæ гæсгæ æрхъуыды кæнын хуымæтæг цыбыр æмæ хуымæтæг даргъ хъуыдыйæдтæ.

  1. Нывтæ хъуамæ уой ахæмтæ: Ирыстоны æрдз, Уæрæсейы æрдз æмæ Англисы æрдз. Ссарут Ирыстоны æрдзы ныв, Уæрæсейы æрдзы ныв, Англисы æрдзы ныв. Цæмæй хицæн кæнынц нывтæ? Хъуыдыйæдтæ саразын.

Ахуыргæнæг: Адæймаг рухс дунемæ куы фæзыны, уæд ын йæ цæрæнбонмæ æрдз балæвар кæны æппæты стырдæр хъæздыгдзинад – Райгуырæн бæстæ, кæцы йын суанг йæ амæлæты бонмæ дæр ивд никуыуал æрцæуы, раст дыккаг хатт райгуырæн куыд нæй, афтæ.

Æмбисондæн дзуринаг у Ирыстоны æрдз. Уарзын æй алы афон дæр. Фæллад фæцыдæр вæййы, куы акæсы адæймаг йæ алыварс урссæр хæхтæм, цъитиджын къæдзæхтæм, æхсырхуыз дæттæм, бæркадджын хъæдтæм!

Тынг рæсугъд у мæ Ирыстон (презентаци)

Хуымæтæджы нæ райстам абон нæ урочы æпигрæфæн Баситы Мысосты ныхæстæ:

«Ды искуы федтай дидинæгджын фæзтæ,

Æгæндæг хъæдтæ, зад мæнæуы хуым?

Уый у мæ Ир,

Мæ райгуырæн хæхбæстæ, —

Зæххы фидыц

Дунейы фарны къуым».

Фарст: Ацы ныхæстæм байхъусгæйæ уæм куыд кæсы, цæй кой кæндзыстæм абон нæ урочы?

Дзуапп: Ирыстоныл, Райгуырæн бæстæйыл, Фыдыбæстæйыл.

Фарст: Куы хуыйнынц ацы дзырдтæ æвзагзонынады?

Дзуапп: Синонимтæ.

II хæс. Дзырдуатон куыст.

Сывæллæттæ, лæмбынæг кæсæм фæйнæгмæ (слайдтæм) æмæ тетрæдты фыссæм иронау, цы дзы уынут, уыдон.

Иронау уырыссагау англисагау

Фыдыбæстæ родина

ком ущелье gorge хъæд лес forest

æхсæрдзæн водопад waterfall

æрдз природа nature

хæхтæ горы mountains

бæлæстæ деревья trees

дæттæ реки rivers

Дзырдтæй иуимæ ирон æвзагыл æрхъуыды кæнут хуымæтæг цыбыр хъуыдыйад. Ратæлмац æй кæнут уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтæм. Хъуыдыйад фæдаргъдæр æй кæнут фæрссаг уæнгтæй.

Цавæр фæрссаг уæнгтæ ис хъуыдыйады?

Абарут хъъуыдыйæдтæ. Цавæр ивддзинæдтæ æрцыд хъуыдыйады?

( йæ структурæ, йæ дзырдты рæнхъæвæрд аивта, …. )

Хъуыдыйæдтæ синтаксисон æвзæрст ракæнæм.

Цы хъуыдыйадыл куыстам, уымæй пайдагонд цæуы тексты. Цавæр у хъуыдыйады функционалон нысаниуæг тексты? Цы æххуыс у тексты сæйраг хъуыды раргом кæнынæн?

III хæс.

Мæ уарзон Ирыстон.

Ирыстон у мæ райгуырæн бæстæ. Тынг рæсугъд у нæ Фыдыбæстæ. Бæрзондæй фæлгæсынц рухс цæстæй æнусон цъититæ. Ныгъуылынц бæрзонд хæхты цъуппытæ кæмдæр арвы цъæхы. Фидарæй лæууынц фæрсæй-фæрстæм рагон къæдзæхтæ. Сæ астæу ацыдысты арф кæмттæ. Æрттивынц ранæй-ран къултæ зæлдаг кæрдæгæй. Комы нарæгæй уæлæмæ хъуысы доны хъæлæба. Æз тынг бирæ уарзын мæ райгуырæн зæхх.

Хæс:

Бакæсæм текст.

Цæй тыххæй у?

Цæмæн хуыйны текст «Мæ уарзон Ирыстон»?

Цавæр орфограммæтæ дзы ис?

Цы хонæм дзырдбаст?

6.Цæмæй хицæн кæны дзырдбаст хъуыдыйадæй?

7.Цавæр хъуыдыйæдтæ зонут сæ загъды нысанмæ гæсгæ?

Байгом кæнут уæ чингуытæ æмæ сбæрæг кæнæм хуымæтæг хъуыдыйæдтæ цавæртæ вæййынц, уый. §14 (кæсæм раиртæст). Фæлтæрæн 101(1-2 хъуыдыйады дзургæйæ).

IV хæс.

Хуыцауы зæхх.

Ис ахæм рагон таурæгъ. Хуыцау, дам, Дуне арæзта. Йæ куыст фæци æмæ загъта: «Ныр та аразын ахæм бынат, мæхæдæг кæм цæрин». Æмæ сфæлдыста… Ирыстон. Æнахуыр рæсугъд ран æрбынат кодта Ирыстон – Кавказы астæу. Йæ иу кæрон – Арвы комы æнусон хæхтæ, иннæ кæрон та – Мæздæджы æнæкæрон быдыртæ. Хæхты цъититæй райгуырынц цæугæдæттæ. Сæ фæндагыл донæй æфсадынц уыгæрдæнтæ æмæ дыргъдæттæ. Адæймаг куы ракæсы урссæр хæхтæм, æвзист æхсæрдзæнтæм, уæд æй æцæгдæр бауырны, Ирыстон Хуыцауы зæхх кæй у, уый.

Хæс.

Фыццаг рæнхъ фыссынц текстæй номдартæ (кæцы хауæнты сты, уый фæнысан кæнын). Дыккаг рæнхъ фыссынц мивдисджытæ (афон,нымæц,цæсгом). Æртыккаг рæнхъ фыссынц миногонтæ (бæрц).

_Синтаксисон æвзæрст ракæнын ставддæрæй фыст хъуыдыйад.

Ахуыргæнæг: Æцæгæй дæр Ирыстоны у Хуыцауы зæхх. Сывæллæттæ, сымах, æвæццæгæн, ахуыр кодтат æмдзæвгæтæ Райгуырæн бæстæйы тыххæй иронау, уырыссагау, англисагау. Нæ зæрдыл ма сæ æрлæууын кæнæм. (Скъоладзаутæ дзурынц æмдзæвгæтæ)

V хæс. Æмдзæвгæтæ.

1. Уырыссагау.

Родина моя, Что будет и что было, – Все я пополам, С тобою разделю, Вовсе не затем, Чтоб ты меня любила, Просто потому, Что я тебя люблю.

(Михаил Танич)

2. Англисагау.

ТЕКСТ?

3. Иронау. «Фыдыбæстæ»

Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц, Йæ бинонтæ, йæ мад. Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы Йæ рæзгæ бонты цард, Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх, Дæуæн æмбал кæм и, Дæуæй зæрдæйæн адджындæр, Зæгъ-ма мын, чи у, чи?!

Бузныг, хорз бацæттæ кодтат, хорз радзырдтат.

VI хæс. Ныхасы рæзтыл куыст.

Ныффыссын нывмæ гæсгæ цыбыр сочинени. 3-5 хъуыдыйады. 5 мин.

VII хæс. Хатдзæгтæ скæнын.

Зæгъут-ма, сывæллæттæ, цæуыл дзырдтам на урочы.

– Цæмæн нæ хъæуы æрдз хъахъхъæнын?

Зонут, ис нæм Сырх чиныг – Красная книга – The Red Book (англ.)

Цæмæн фæзындис Сырх чиныг?

–Уымæн æмæ, алы аххосæгтæм гæсгæ куынæг цæуынц цæрæгойтæ, зайæгойтæ, сырдтæ, мæргътæ.

Фæзуат (площадь) дæр кæны къаддæрæй-къаддæр.

Хъæдырмæджы тыххæй куынæг кæнæм бæлæстæ, кæм не ‘мбæлы, уым арт кæнын нæ хъæуы, науæд расайы зынг сирвæзт дæр.

Фарст. Цавæр цæрæгойтæ, зайæгойтæ, сырдтæ хаст æрцыдысты Сырх чиныгмæ?

– Махæн нæ хæс цы у? (Хъахъхъæнын æрдз)

_ Искуы федтат знаггад цы хæссы, ахæм цымыдисаг цау? (Дзурынц цымыдисаг цаутæ).

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, хъахъхъæнут нæ чысыл Ирыстон.

Æцæг ирондзинад, æцæг ирон фарн Ирыстоны ис. Фæнды мæ, цæмæй арæхдæр хъуыса фыдæлты нæртон куывдтыты азæлд, цæсты гагуыйау куыд хъахъхъæнæм нæ ирон мадæлон æвзаг, нæ диссаджы æгъдæуттæ.

Бахъхаъхъæнæм, уæдæ, нæ чысыл Ирыстоны, цæмæй нæ фыдæлты Къонайы зынг макуы ахуысса! (зарæг «Къонайы фарн» – Секинаева)

IX хæс. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын. (орнаментыл)

Адон (орнамент) уын зæрдылдарæн бæрæггæнæнтæ сты. Цымæ cа уæ ныййарджытæ базониккой , кæцы предметæй уын лæвæрд æрцыдысты, уый?

X хæс. Хæдзармæ куыст раттын.

Нывмæ гæсгæ куыст.

«Мæ уарзон Ирыстон» – цыбыр нывæцæн баххæст кæнын.

Сывæллæттæ, бузныг!

Fashion
 Beauty & Style
 Perfumes and cosmetics
 Career Center
 Health
 Pregnancy, childbirth, parenting
 Yoga
 Psychology
 Stories of life
 Adult
 My house and interior
Cars for stiletto
 Men’s Tips
 Holidays
 Dolls
 In the world of colors
 Cottage, garden, vegetable garden
Holidays. History, tradition, greetings
Wonders of his hands
 Magic, divination, paranormal
In a country of dreams
 Daily Horoscope
  Astrological forecast for the week
  Literary room
  Proverbs and tales
 Column film criticism
News (archive)
In the country and the world
Culinary exclusive
Dream book
Needlework
Consultation
Aerobics and fitness
Diets and weight loss
Women’s magazines
Galleries

 

Resort Romance Библиотека : Отдых Biblioteca: Recreación

Курортный роман Resort Romance

Любимая тема сочинений в начале осени «Как я провел лето» все еще актуальна. Favoritos composiciones tema a principios de otoño «How I Spent My Summer» sigue siendo pertinente. Для молодой девушки в наше время выведена новая формула счастья: курортный роман равно хорошее лето. Para una muchacha en nuestro tiempo se obtiene una nueva fórmula de la felicidad: el centro es una novela buen verano.

La red de publicidad Rorer

О курортном романе мечтают почти все. El sueño de la novela del complejo de casi todo. Даже те девушки, у которых есть свои любимые. Incluso las niñas que tienen sus favoritos. Из уст одной из таких я услышала следующее объяснение: «Ну там, в городе, это большое, светлое и надолго, а здесь — отдых, и всё несерьезно. De la boca de uno de estos he oído la siguiente explicación: «Bueno, ahí, en una ciudad de este descanso, grande, brillante y larga, pero en este caso -, y todos los graves. Поэтому собственно и изменой-то считать нельзя». Así que en realidad una traición a algo que no puede ser considerado.

Это, конечно, вопрос спорный. Esto, por supuesto, discutible. Но теперь хотя бы понятна логика таких девушек. Pero ahora por lo menos entender la lógica de esas niñas. Приезжает молодая и привлекательная девушка на море. Llega una joven y atractiva para el mar. Усиленно делает вид, что приехала сюда исключительно купаться, загорать и отсыпаться, поэтому в первый день, сбросив всю лишнюю одежду, в купальнике и с полотенцем в руке бежит на пляж. Fue enérgicamente simulando que había venido aquí solamente para nadar, tomar el sol y el sueño, así que el primer día, dejando caer toda la ropa en exceso en un traje de baño y toalla en mano, corre a la playa.

На все комплименты не реагирует, морща личико: «Как вы мне все в городе надоели, еще и здесь пристаете». Todos los elogios no responden, con un mohín: «¿Cómo puedo hacer en una ciudad harto, sin embargo, aquí molestando. Вдоволь накупавшись, идет домой. Nakupavshis Basta, va a su casa. Лежит, спит, читает. Durmiendo, la lectura. И все же понимает, что энергии хоть отбавляй и деть её совершенно некуда. Y sin embargo, entiende que la energía muy extendida y nada que ver con ello por completo. Значит, надо выползать на свет Божий, т.е. Eso significa que necesitamos para rastrear salir a la luz de Dios, es decir, на ближайшую дискотеку. para el siguiente disco.

На дискотеку просто в купальнике не пойдешь (хотя многие оценили бы такой выход), надо одеться прилично, привести себя в порядок. En el disco sólo con un traje de baño que no se van (aunque muchos agradecería retirada), debe vestir decentemente, se puso en orden. И вот, после всех этих процедур, у девушек в голове происходит сдвиг. Y ahora, después de todos estos procedimientos, las niñas en el cambio de la cabeza. Волей-неволей они начинают кокетничать, стрелять глазками и искать кавалера на вечер. Quiera o no, empiezan a coquetear, para disparar los ojos y mirar para el caballero de la noche.

Такой кавалер всегда найдется. И вот он — курортный роман. Este caballero siempre está ahí. Y aquí es — romance de vacaciones. Пара коктейлей, пара танцев и рассвет на берегу моря. Un par de cócteles, pareja bailando, y el amanecer en la playa. На следующий день девушка уже не побежит с утра на пляж. Al día siguiente la niña no había corrido en la mañana en la playa. Полдня она проведет в размышлениях, как бы так привести себя в порядок, чтоб и выглядеть хорошо, и в глаза не бросалось, что накрасилась. La mitad de los días, se llevará a cabo en la contemplación, a fin de ajustarlas a mí mismo, y ve muy bien, y nunca han llamado la atención que el maquillaje.

Придя на пляж , она долго ищет глазами вчерашнего кавалера, находит, ложится неподалеку и ждет, когда он пройдет мимо. Al llegar a la playa, que buscaba los ojos de ayer, el caballero, se encuentra, se encuentra cerca y esperar a que cuando se pasará. Потом, все же столкнувшись, делает удивленные глаза, мол, я даже и представить не могла, что ты тоже ходишь на пляж. Entonces, todavía se enfrenta, se asombró ojos, que dicen, yo aún no podía imaginar que también caminar en la playa.

Вежливый намек, что хочется кушать. Un toque cortés que desea comer. Обед в кафе, приятная беседа при свете дня. И отношения закрепились. Теперь уже можно официально считать его своим курортным кавалером, ходить вместе на пляж, ездить на всякие экскурсии и гулять ночи напролет. Almuerzo en un café, una agradable conversación a la luz del día. Y las actitudes arraigadas. Ahora puede tomar oficialmente como su caballo de la localidad, a caminar por la playa, ir para todo tipo de excursiones y caminando toda la noche.

Самое интересное в таких романах то, что влюбленные проявляют с первых дней такую заботу друг о друге, как будто золотая свадьба не за горами. Lo más interesante de estas novelas es que los amantes a menudo los primeros días de esa atención de los demás, como si las bodas de oro se avecina. Потом проходят дни. Luego pasaron los días. Надо уезжать. Debe irse. Кто-то уедет первым. Alguien irá primero. Вокзал. La estación. Слезное прощание. Llorosa despedida. Обмен телефонами. Convertir los teléfonos. Это дань вежливости. Esta es una cortesía. Никто из них никогда не позвонит. Ninguno de ellos nunca llamada.

Это никому не нужно, ведь курортный роман – это роман без продолжения . Nadie quiere esto, porque la novela de vacaciones — una novela sin continuar. У него есть точная дата окончания, и дата эта стоит на обратном билете. Él tiene la fecha exacta de terminación y la fecha en que se encuentra en la entrada opuesta.

Автор: Любовь Германова Autor: Love Germanova

Свежие статьи в рубрике «Отдых»: Индийское кино: танцы вместо слов , Правила удачного шопинга , Кения , Мы в город Изумрудный… , Монастырь , Подруга-осень… , Реалити-шоу… Artículos frescos en la categoría «Vacaciones»: cine indio: la danza en lugar de palabras, las normas de la cesta de éxito, Kenya, estamos en la ciudad … La Esmeralda, El Monasterio, amigo de otoño …, Reality show … ЗА и ПРОТИВ , Как приучить котенка к туалету , Жизнь Замечательных Людей… , Венгрия Pros y Contras, cómo enseñar a un gatito a un cuarto de baño, mucha gente grande …, Hungría,

 

Салдат – Райгуырӕн бӕстӕ хъахъхъӕнӕг
Эпиграф: «Вы мир отстояли,
а мы сохраним»
Уӕ бонтӕ хорз нӕ зынаргъ уазджытӕ!
Абон махӕн у стыр бӕрӕгбон. Хъӕлдзӕгӕй сӕмбӕлӕм
ӕфсады рӕнхъыты йӕ кад чи ахицӕн кодта ӕмӕ йӕ кад
ӕххӕст кӕнынмӕ чи цӕуы, уыцы фӕсивӕдимӕ.
Ирон лӕг… Ирон адӕймаг… Йӕ удыхъӕды сӕйрагдӕр
миниуджытӕ цавӕртӕ сты?
Нӕ символикӕйы уыцы миниуджытӕ ӕвдыст ӕрцыдысты
сырх,урс,ӕмӕ бур ахорӕнты хуызы.
Ранымайӕм ма сӕ:
1.Сырх – патриотизм ӕмӕ сӕрибар, сӕрыстыр уӕвын.
2.Урс – удварны сыгъдӕгдзинад.
3.Бур – фарны миниуджытӕй хъӕздыг уӕвын.
Патриотизм нӕ адӕмӕн сӕ туджы ис. Райсӕм ма 19 ӕнусы
фыццаг ӕрдӕджы хабарттӕ.
Алыккаты Хазби ӕмӕ йӕ фӕдонтӕ. Цӕйнӕфӕлтау сӕ
Райгуырӕн бӕстӕ ӕфхӕрдӕй, хъалондарӕй уыдтаиккой,
уый бӕсты райстой кады мӕлӕт. Йӕ фӕстаг ныхӕстӕ
мӕлгӕйӕ Хазбийӕн уыдысты:
«Цин кӕнын, мӕрдтӕм цӕугӕйӕ хъалондар кӕй нӕ
уыдтӕн, ууыл». Хазбийы хуызӕн хъӕбатырты хъомыл
кодтой фӕрнджын, хъӕбатыр, ныййарджытӕ. Нана, Хазбийы
мад, йӕ мард хъӕбулы уӕлхъус афтӕ загъы: «Ӕз мӕ
иунӕгыл нӕ кӕуын, уый мын йӕ хӕс дывӕлдагъӕй
бафыста. Ӕз Иры худинагыл кӕуын, нӕ бӕстӕ, нӕ
Рагуырӕн зӕххабонӕй фӕстӕмӕ ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст кӕй
уыдзӕни, ууыл кӕуын». (Хазбийы зараг)
Ныр дыууӕ ӕнусы дӕргъы ирон адӕм ӕнӕкъӕмдзӕстыгӕй
кад кӕнынц Уӕрӕсейӕн.
1914 азы райдыдта фыццаг дунеон хӕст. Ирон фӕсивӕд
уыцы хӕсты равдыста стыр хӕстон дӕсныдзинад ӕмӕ
хъӕбатырдзинад.
Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст куы райдыдта, уӕддӕр та ирдӕй
разындис ирон лӕджы удыхъӕд, йӕ хъару. Сӕрыстыр у
Ирыстон йӕ хӕстон инӕлӕрттӕ ӕмӕ адмиралтӕй дӕр:
Плиты Иссӕ, Хетӕккаты Габо, Мамсыраты Хаджумар ӕмӕ
бирӕ ӕндӕртӕ.
(Музыка, стих.)
Кӕд бирӕ ӕнӕгъдау митӕ ис абон Ирыстоны,
уӕддӕр нӕ уырны, ӕмӕ дзы кӕй ис сахъгуырд фӕсивӕд
дӕр, кӕцытӕ нӕ фыдӕлты фарн сӕфын нӕ бауаддзысты.
Нӕ фӕсивӕды хуыздӕр минӕвӕрттӕ сты иузӕрдион
Фыдыбӕстӕйыл. Сӕ уыцы хорз миниуджытӕ сбӕрӕг сты
фӕстаг азты Ирыстоны сӕрвӕлтау гуырдзиаг ӕмӕ
мӕхъӕлон фыдгӕнджытимӕ тохы.
Уыцы рӕстӕджы Джыккайты Шамил фыста:
«Нӕртон фӕсивӕд нӕ бауаддзысты хынджылӕг кӕнын сӕ
зӕхх ӕмӕ сӕ адӕмӕй, сӕ мадӕлтӕ ӕмӕ сӕ уарзӕттӕй.
Тыхгӕнӕг Мукаратӕ ӕмӕ Алӕфтӕ гуылмызтӕ ӕмӕ
уӕнгсӕстытӕй агурдзысты ӕрхыты лидзӕн фӕндӕгтӕ.
Фӕрныг у Ирыстон Нӕртон ӕхсар ӕмӕ лӕгдзинадӕй».
— Чысыл ыстӕм, фӕлӕ ӕнӕ тых не стӕм
Ӕнӕныфсӕй нӕ бахизӕд Хуыцау,
Нырма Сослантӕ сты нӕ фӕйнӕгфӕрстӕ,
Нӕма курӕм Батрадзтӕ дӕр ӕфстау.
Ир не лхӕны ӕндӕр рӕтты Иссӕтӕ, Хӕстон бӕх нӕм йӕ бахъуыджы – цӕттӕ…
Гъей – ей, фыдгул, фӕсайдзӕн дӕ дӕ зӕрдӕ
Фыды фарн Иры н ацӕуы мӕрдтӕм.
Ведущая.
Здравствуйте, наши дорогие папы и мамы!
Сегодня мы с Вами собрались не случайно. Приближается
самый любимый праздник женщин и девочек – 23 февраля.
Потому что только в этот день мы говорим нашим папам,
дедушкам, братикам много теплых и ласковых слов.
Дети нашего дружного класса тоже подготовили Вам,
дорогие наши папы и дедушки небольшой праздничный
сюрприз.
(стихи, сценка «Уайсадӕг чындз», хонгӕ кафт, сценка «Урок
пения»….
Ведущая.
Сегодня 23 февраля – день Защитника Отечества.
Солдаты и командиры нашей Армии стоят на службе днем и
ночью. Мы пока малыши, но готовимся стать хорошими
защитниками нашей Родины.
Сейчас наши ребята споют песню о том, какими они будут
солдатами.
Песня «Мы шагаем как солдаты»
Мы мальчишками отважными растем
Придет время все мы в армию пойдем
Будем Родину надежно охранять
Чтобы люди в ней могли спокойно спать.
Припев
А пока мы шагаем как солдаты Все мы дружные и смелые ребята
Раз два левой, мы идем
Да еще красиво слажено поем
Раз два левой, мы идем
Да еще красиво слажено поем.
Чтобы нам на страже Родины стоять
Организм свой надо строго закалять
Чтоб зарядка и прогулка каждый день
Не хотелось закалять бы свою лень.
Припев.
Кӕронбӕттӕн.
Хъусӕм зарӕг «Мӕ Ирыстон»- мӕ.

Понравилась статья? Поделить с друзьями:
  • Разыскной или розыскной егэ
  • Разыграть безынвентарный суперискусный егэ по русскому
  • Разъехался быстрее егэ
  • Разумные существа дегтев сочинение
  • Разумеется человек не рождается политиком как не рождается он ни личностью текст егэ