Сочинение ныййараг мад

Уæ бонтæ хорз æмæ уыл хъæлдзæг бонтæ цæуæд нæ зынаргъ ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, уазджытæ, хæлæрттæ.

Абон нæ бæрæгбон,

Абон нæ цины бон,

Абон ныййарæгæн

Арфæ кæнæм!

Мад! Хæрз цыбыр дзырд, фæлæ дзы æппæт дуне дæр бацæудзæн. Зæххыл мадæй зынаргъдæр ничи ис. Мадæй хуыздæр ничи бамбардзæн сабийы зæрдæйы рисс.

Мад! Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхсызгондæр мысинæгтæ. Кæд зæххыл нæй, фæлæ, уый буц даргæйæ, уымæн ирон рæсугъд æгъдау дæтгæйæ, бамбарæн ис, цы у амонд. Тæхудиаг у уыцы кæстæр, йæ хистæры буц дарын чи зоны æмæ афтæмæй адæмы æхсæнмæ рухс цæсгомæй чи цæуы.

Æмдзæвгæ: «Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст».

Ехх уæдæ, удæн куыд вæййы æнцон,

Хур ныл куы скæсы дзæбæхæй.

Æмæ куыд хорз у, дæ уарзон бæлццон

Кæрты куы рхиза йæ бæхæй

Цæстытысыгæн цæй уромæн ис ?!

Зæрдæ куы рухс кæна иугæр

Мады фæндиагæй ма фенут низ

Мадæй уæ ма схъыг уæд уæ иу дæр !

Судзгæ цæссыгтæй , мæ хуртæ, ут хызт

Макуы мын фенут зæрдæниз.

Иугæр ыстыр цинад риуы ныххызт,

Уый та æнустæм цæрдзæнис.

Иунæг цæстысыг дæр мастæн у фаг,

Мады зæрдæйæн æгæр у.

Риуы æхсидгæ цæхæр у.

Мад ма сымахæй кæмæн у æгас,

Уымæ куыд кæнын тæхуды.

Мад у сæумæрайсом хуры ыскаст,

Æмæ дам мидбылты худы.

Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст.

Мадæн йæ хъæбул зынаргъ у.

Мады рæвдыдæй ут уе ‘ппæт æфсæст,

Мад нын æнусон цырагъ у!

Мад – царддæттæг. Хæрзконд, фæлмæнзæрдæ, уды рæсугъддзинад. Уыдон иууылдæр мады лæвæрттæ сты. Мад сæ куы нæ ратта, уæд уыцы хорздзинæдтæ тыгъд быдыры ссаргæ не сты. Мады уарзондзинадæй сæ удтæ хъæздыг кæмæн сты, уыдонæй рæсугъд у цард дæр.

Зарæг: «Мадæн аргъ нæй».

Мад! Цæй диссаг дзырд у æвæдза. Адæймаджы уæнгты бауадзы ныфс, хъару. Сывæллонæн йæ фыццаг ныхас вæййы — «мамæ».

Царды рухс ын фенын кæны мад. Цас æнæхуыссæг æхсæвтæ æрвиты, цас . Нæ ног æмбæлттæ. Зарæг «Базонгæ уæм»

4-6. Уазæгуаты Хъилхъусмæ. Зарæг «Салам»

7-9. Уазæгуаты Къæбæдамæ

10-12. Чи цы уарзы? Зарæг «Къæбæда»

13-15. Хъилхъус æмæ Къæбæдайы сыхæгтæ. Зарæг «Хъуг æмæ род»

16-18. Хъæдхой – хъæды дохтыр. Зарæг «Хъæдхой»

19-21. Адджын хъæлæрдзы. Зарджытæ «Хъæлæрдзы», «Дыргъдоны»

22-24. Фæндагыл. Зарджытæ «Балцы», «Хъæды ис бæлæстæ»

25-27. Кæдæм цæут?

28-30. Æз зонын ленк кæнын. Зарæг «Хæдзарон мæргътæ»

31-33. Цы загътай? Зарæг «Зæрватыкк»

34-36. Кæс, хъус, хъаз!

37-39. Хистæртæн кад кæнут!

40-42. Бын, раз, фæстæ, цур – махимæ сæ ды дæр дзур!

43-44. Фæлхат кæнæм

45. Цы зонæм, уый бæрæг кæнæм (тесттæ)

уарзондзинад ратты йæ хъæбултæн, йе’ суинаг стъалытæн. Фæлæ, хъыгагæн, ныййарджыты зындзинæдтæ цотæй иутæ нæ бамбарынц, аккаг аргъ ын не скæнынц йæ фыдыбонæн.

Сценкæ: «Ныййарæджы тæрхон».

Бæласы бын бады Азау æмæ кæсы роман «Уарзт æмæ денджыз». Йæ рæзты рацæуы Зæлинæ. Куы йæ федта, уæд æрлæууыд, салам ын радта. Чиныгмæ фæкомкоммæ, йæ цæстытæ цины рттывд фæкодтой.

Зæлинæ: — Æвæдза куыд хорз равдыста, ныййарæджы сурæт, ныййарæджы уарзт хъæбулмæ! Ныййарæджы зæрдæйы уидæгтимæ баст у дунейы æппæт дæр: сывæллоны фыццаг цъæхахст, хъæбулы фыццаг бахудт, авдæны фæлмæн зарæг…Уæд йæ цин та! А-зæххыл ныййарæджы хуызæн ничи зоны цин кæнын. Уый цæстыты хуызæн дам никæй цæстытæ бахуддзысты, ныййарæджы цæстæнгас дæ куыд барæвдауа, йæ мидбылхудт дæ куыд батава, афтæ никæй æмæ ничи. Зæрдæйы хъæдгом байгас кæнынмæ дæр уымæй дæсныдæр ничи у «Дæ сæрыл хаст фæуон», «цард дын фестон», «дзыцца дæ рынтæ ахæра».

Кæй арфæтæ сты уыдон. Чи нын фæисы йæхимæ нæ рис, нæ тухитæ? Чи ‘рхæссы нæ сæрыл йæ сæр нывондæн! Мад! Ныййарæг мад! Бæстыл æмбал кæмæн нæй, уыцы фæлмæнзæрдæ мад! (Сæ рæзты æрбахызтысты цалдæр æрыгон адæймаджы цыдæр æнахуыр дарæсы æмæ бацыдысты сыхæгты хæдзармæ. Уалынмæ райхъуыст цавæрдæр фæсарæйнаг музыкæ. Зæлинæ джихауæй аззад, стæй цымыдисæй Азаумæ бакаст).

Зæлинæ: — Мæ хæдзар! Уый та цавæр музыкæ у?

Азау: — Ма тæрс, дæ хуыз куы аныхъуырдтай. Уый мæнæ нæ сыхæгтæ сты, Гуыдзиаты ахболы сахъгуырд Азанбеджы музыкæ та у.

Ацы Гуыдзиаты диссаджы хорз бинонтæ уыдысты, æгъдауджын, кадджын куыстуарзаг. Адæм-иу сæм хæлæг кодтой. Сæ чызг æмæ хистæр лæппу – адæмæн уарзон, фæлæ йæ кæстæр Азæмæт куы рахъомыл, уæдæй нырмæ сæ Хуыцау ралгъыста, арвæй сæм иу хъугдзармы бæрц нал зыны. Сæ маст сæ сæрты кæлы, сæ цард зындон фестад.

Зæлинæ æмæ Азау ацыдысты. Азæмæты музыкæ дардыл нæры. Йе ‘мбæлттимæ йæ рæстæг æрвиты, сæ разы хæринаджы дзæбæх, равзæргæ нозт, пъæртт кæнынц хъылма, ныххæцыдысты æнæгъдау митыл…

Иу афон уыцы «æрхонгæ уазджытæ» дæр ацыдысты. Азæмæт афтид æвгтæ æддæмæ – рахаста, стæй сынтæджы йæхи æруагъта.

Ахбол (бады кæрты бандоныл):

  • О, Фæрнион! (Уый йæм æрбаввахс) Мæнæ цы диссаджы уавæры стæм! Цы ракодтам Хуыцауæн? Цæмæн нын радта ахæм фырты? Куы нæ худинаг кæны, адæммæ акæсын куынæуал уæндæм, уæд афтæмæй куыд цæрдзыстæм?

(Фæрнион фæхъуыста йæ лæгмæ, стæй йæ сæр аххосджынау дæлæмæ æруагъта. Иу афон Азанбег кæртмæ рахызт, фыд дæр бадти уым).

Ахбол: — О, мæ фырт, æввахс ма мæм рацу. Уый цавæр цардыуаг у? Хорз æмæ æвзæр æппын нал хицæн кæныс? Худинаджы къубал бынтон аскъуыдтой æви? Ацы дæлимонтимæ дæхи цæмæн сбастай? Кæм сæ ссардтай? Цæмæн цæуынц ардæм, мæ хæдзар хынджылæггаг у? Цы ми ма дын бакæнон, цы дын нæ фаг кæны, зад хуымы дын хизын нæ фидауы?! Уæдæ ахæстоны дæр бадтæ, уæд дын бамбарын афон нæма у? Ныууадз дæ нуазт, адæмы хъæр бамбар!

Азамбег: — Чи дæ фæрсы! Цæуыл дзурыс?! Дæ къус кæм нæй, уым дæ уидыг ма тъысс, науæд…

(Азамбег йæ къух фæхъил кодта. Æрцыд йæ фæдыл).

Фæрнион: — Мæ къона куыд байхæлд!

Азамбег: — Æна, æнцад, куы нæ лæууай, уæд дзы дæуыл дæр æрхаудзæн! (Азамбег йæ къухтæ кæрæдзийыл ацагъта æмæ уатмæ бахызти йæхицæй разыйæ).

Фæрнион: — Мæнæ цы дыссæгтæ уынын, мæнæ мæ сæр зæронды ‘рдæм цытæ баййæфта! Мæнæ калмы мæ зæрдæйы бын куыд фæхастон! Мæнæ цы фыдбылыз схъомыл кодтон! Мæ хæдзар фехæлд! Мæ фыртыл фæтых сты арахъ æмæ цавæрдæр хъылма, уыдон махæй тыхджындæр разындысты.

Мæнæ стыр диссæгтæ!

Куыд ис уый гæнæн æмæ фырт йæ къух сиса йæ фыртмæ! (Фехъус ис, стæй арф ныуулæфгæйæ): — Нæ, нæ, а-зæххыл дæуæн цæргæйæ нал у. Ничи мын æй ныббардзæн, лæгмары, мæ фæстæ ныууадзон, уый. (Мад æдзынæгæй алæууыд, стæр зыр-зыргæнгæ хъæлæсы уагæй загъта).

  • Мæ хъæбул «… æз дæ ныййардтон, хуры рухс дын æз фенын кодтон æмæ дын æй дæуæн бынат нал ис, мæ къухæй хъуамæ уатмæ. Фæзынд Зæлинæ».

Зæлинæ: — Ахæм карз тæрхон рахаста мад йæ фыртæн. Уый ныййарæджы тæрхон у æмæ раст тæрхон у. Йæ фыдмæ йæ къух чи систа, йæ фыды мæрдтæм чи барвыста, уыцы хъæбул æмæ уый хуызæттæ а-зæххыл хъуамæ ма цæрой.

Æппæт ныййарджытæ, æппæт адæм дæр уыцы фарстамæ хъуамæ иухуызон цæстæй кæсой. Арф хъуамæ ныхъхъуыды кæной, кæй æмæ цæй аххосæй слæууыдысты нæ фæсивæд уыцы фæндагыл, ууыл. Æмæ сæ ныхмæ расидой тох.

Раст у ирон æмбисонд: Йæ ныййарæджы чи нæ уарзы, уый никæй бауарздзæн. Мад у æппæт хæрзты райдайæн, дунейы царддæттæг. Уымæн йæ зынтæ авдæнæй райдайынц. Уыцы уавæр, æвæццæгæн, Ирыстоны Хетæгкаты Къостайæ хуыздæр ничи бамбæрста. Уымæн снывæста йæ зæрдæйы æлвæст тæгтæй мады æвидигæ фæлгонц.

Бирæ поэттæ скодтой зарджытæ мадыл. Уыдонæй сæ иу уыди, хæсты быдыры хæрз æрыгонæй чи баззади, уыцы ирон лæппу Кочысаты Мухарбег.

О, уарзон ныййарæг!

О, ме схæссæг мад!

Кæд арæх æнæ мæн

Фæкæныс æнкъард.

Куы ‘рбайхъуысы уынгæй

Къæхты хъæр, ныхас

Æрхæццæ мæ хъæбул,

Фæзæхыс, æваст!

    1. Æмдзæвгæ: «Ныййарæг мад!»

Ехх, куы зонис, буц ныййарæг мад!

Байдыдтон æнкъард кæнын дæ фæстæ.

Цыма ныр кæд фæуаин нымад.

Мады фæллой, мады бирæ хæрзтæ

Мады зæрдæ хъæбултæм – тæнæг,

Мад фæдзуры: «Бахæрон дæ низтæ!».

Мадæлтæн куыд адджын у зæнæг.

Уымæн ныл зæрдæйæ кæнынц рисгæ

Буц хъæбулы афæрсы йæ мад:

Цæй куыд дæ, мæ рахиз цæст «мæ зæрдæ»

Сты мæнмæ кæддæриддæр нымад

Мады лæггад, удхайраг изæртæ.

Мад, дæ зæрдæ хсайаг у фæлмæн

Буц хъæбултæм мидбылхудгæ кастæ

Ныр, зæгъ-ма, куыд кæнгæ у мæнæн?

Мады комдзаг, мады хсырæй хаст дæн.

Мад, дæ хæрзтæ æз куыд кæнон рох!

Ма мын райс æнафоны зæрдæниз

Æз дæу тыххæй афæлдахин хох,

Мин азы мæ фæндиаг фæцæрис.

Мад ныййарæг, фыд – схæссæг

Цæстыгагуыйау сæ хъахъхъæнын хъæуы.

Фæлæ мæнæ куыд загъдæуы иу таурæгъы.

Таурæгъ: «Мады зæрдæ».

Раджы кæддæр иу хъæуы царди сидзæргæс ус. Йæ лæг амард, æмæ царди йæ дыууæ æнахъом лæппуимæ. Йæ лæджы амарды фæстæ уый адджын хæринаг никуыуал бахордта, йæ хуыссæн никуыуал схъарм кодта, йæ цонг лæгъз дарæсы никуыуал атъыста: уæдæ мын макæмæ бахæлæг кæной, къулбæрзæйæ мын макæмæ бакæсой, иннæ сывæллæттæй æнæрæвдыддæр ма уой. Æмæ цынæ куыст кодта сидзæргæс ус: хъæдæй суг хастæ, хуым кодта, хос карста.

Лæппутæ бахъомыл сты, уæдæ цы! Æрцыди сын бинонтæ хъуыддаг кæнын афон дæр. «Кæдæй-уæдæй» уæ мæгуыр хæдзарæй дæр фæндыры цагъд æмæ цины зард райхъуысдзæн. Ныр кæд уæ мæгуыр мад цардæй исты фенид, кæд йæ арм чысыл фæрогдæр уаид!»…

Фæлæ æнцон цæрдтытæ кæнынæн нæ райгуырди сидзæргæс. Цæрæнбонты амонд хæстæг никуы æрцыд.

Чындзытæ нæ фæрæстмæ сты: æфсины нæ бауарзтой æмæ йын алы æвзæр митæ кæнын райдыдтой. Сæ бæсты йæ кусын кодтой, хæринаг ыл нæ лæвæрдтой.

Ноджы-ма йыл сæ лæгты дæр ардыдтой кæнæ, зæгъы, уæ мады фесафут кæнæ та мах нæ хæдзæрттæм ауадзут. Лæппутæ фыццаг сæ устыты ныхæстæ ницæмæ дардтой. Фæлæ, фыдæлты загъдау, нывæрзæн здахаг у, доны ртах та дуг дæр хуынкъ кæны. Куыдфæстæмæ сæ мадмæ мæсты кæнын райдыдтой. Байхъуыстой ,фæлæ сæ иу устыты ныхæстæ ницæмæ дардтой. Фæлæ, фыдæлты загъдау, нывæрзæн здахаг у, доны ртах та дур дæр хуынкъ кæны. куыдфæстæмæ сæ мадмæ мæсты кæнын райдыдтой. Байхъуыстой сæ устытæм æмæ фыдгæнды къахыл ныллæууыдысты: «Цæй, æмæ йæ амарæм, тасчъы йæ нывæрæм, тар хъæдмæ, йæ фæхæссæм æмæ йæ уым боныгæнæм».

Куыд бадзырдтой, кæнгæ дæр афтæ бакодтой. Фæхæссы йæ кæстæр фырт тæсчъы мидæг хъæдмæ. Цæуы тæрсгæризгæйæ, алырдæм фæкæс-фæкæс кæны, мачи мæ фенæд, зæгъгæ.

Фæлæ æхсæвыгон тар хъæды чи хъуамæ уыдаид? Чысыл раздæр стъалытæ ныр фæныкъул – фæныкъул кæнын байдыдтой, цыма мады тæригъæдæй сæ цæстысыгтæ балæмарынц. Кæрæдзимæ тæхынц, цыма зæххыл чи не ‘рцыд, ахæм æвирхъау хабар хъусын кæнынц кæрæдзийæн.

Фæлæ лæппу уыдæттæ ницæмæ дары. Размæ тындзы йæ чъизи фæнд сæххæст кæнынмæ.

Уæртæ ма уыцы стыр тулдз бæласы онг цæуы, стæй йæ уый бын баныгæндзæн. Бирæ йæ нал хъуыди бæласы бынмæ, афтæ йæ къах къудзийыл скъуырдта æмæ былтæ размæ бахаста. Сыстынмæ хъавы, фæлæ йæ бон нал у… «Дæхи ныццавтай, мæ хур?» — æрдзырдта йæм уæд мады уд кæцæйдæр.

Æмдзæвгæ: «Мады зæрдæ».

Зæххон дунейы мад дæр нæу æнусон.

Хъæбул, мæн иу бон нал уыдзæн дæ цæст.

Куынæуал у ныфсæвæрæн дæ ныфсæн.

Уæд бамбардзынæ мады фарн æрмæст.

Дæ зынты сæрмæ базыртыгъд цæргæсау

Куы нæуал лæууа удуæлдайæ мад.

Дæ цæрайæн йæ цард куы ничи хæсса

Ныййарæджы ад бамбардзынæ уæд.

Куы рцæуай искуы урссæрæй нæ къæсмæ.

Куынæ рхæссон дæ сæры хилтыл м ‘арм

Куынæ зæгъон куыд асурс дæ, æркæс ма,

Уæд зондзынæ циу мады къухты хъарм.

Куы нæ дын уæ цæджындз æмбал дæ хъыджы

Мæ уæлмæрдæн куы дзурай иу дæ маст

Дæ цæссыгæй куы ныхъхъæрза мæ сыджын

Уæд бамбардзынæ мады зæрдæ ‘рмæст.

муз. В.Мамиева.

сл. З.Хостикоевой.

Цард æгъатыр у Арвæй, дам, цы дур æрхауы уый бауромы зæхх. Уæдæ бæркадхæссæг фæззæг нæ Ирæн цы сау бон æрхаста, уый куы нæ уромы.

«Зындонæй нал тæрсæм» — афтæ зæгъынц, Бесланы фыдбæллæхы рæстæг амынæты бахауæг адæмæй ма мæлæты дзæмбытæй чи аирвæзт, уыцы ныййарджытæ. Беслайнаг, Мелыккаты Фатимæ уыцы афтæ фыдбоны бавзæрста йæ хъæбултимæ. Ныййарæг мады сгуыхтдзинад хъæбулы сæраппонд, уый. Уый у абоны трагедийы сæйраг фæстиуæг.

  • Спортивон залы уыйбæрц уыдыстæм, — зæгъы Фатимæ, — æмæ ныл цæст нæ хæцыд. Уæлдæф нын нæ фаг кодта, сабитæ дойныйæ мардысты. Фыццаг срæмыгъд афтæ æнæнхъæлæджы уыд, æмæ зал иууыл хъæр æмæ цъæхахст ‘сси.

Срæмыгъдæй мæ хъустæ цыдæр кодтой, мæ цæстытæ атартæ сты. Куы ракастæн уæд дуарæрдыгæй ауыдтон кæйдæр сабиты, сæхи къулмæ нылхъывтой. Нæ зонын кæцæй мæм разынд ахæм хъару, фæлæ сыстадтæн, æмæ сæ мæ хъæбысы æмбæхсгæйæ, тагъд-тагъд ракодтон. Кæй сабитæ уыдысты, уый нæ зонын фæлæ цы уæлдай уыд, æппæт дæр нæхи нæ уыдысты.

Мад! Уый диссаг у! Уый йæ хъæбулы улæфт дардмæ хъусы. Йæ хъæбул та зæры-зæрондмæ куы фæцæра, уæддæр æй сывæллон хоны, æмæ йын хур бон хуры тæвдæй тæрсы, къæвда бон – суазалæй.

Мады зæрдæ, сызгъæрин фестай!

Обновлено: 11.03.2023

Æнтæф фæсаст æмæ адæймаг æппæт йæ буарæй æнкъары сатæг уæлдæфы æхцондзинад. Хур арвыл хуссарæрдæм акъул æмæ раздæрау нал æндавы зæхмæ. Йæ тынтæ судзгæ нал кæнынц, фæлæ ныр сæ рæвдаугæ хъармæй узæлынц, æрдзы кæдæм æххæссынц, уыдоныл. Æртыхсынц зайæгойтыл, цыма сын сæ цъæх хуызæн хæрзбон зæгъынмæ фæхъавынц, уыйау. Арвыл тар уæззау мигътæ арæхдæр зынын райдыдтой æмæ сæ уагæй æмбарын кæнынц, фæззæг йæ тыхы кæй цæуы, хуры хъарм тынтæн сæ фæндаг ахгæнынц царддæттæг зæхмæ æмæ та фæстæмæ сæхи айсынц арвы кæрæттæм. Фæлæ уыцы рæстæг бирæ нæ ахæссы, ногæй та ракæсы хур райгæйæ æмæ барухс вæййынц бæлæсты, зайæгойты зæрдæтæ, сæхи цингæнгæйæ банкъусынц, нырма уазал чи нæ хæссы, уыцы дымгæйы æрбаныдзæвдæй.

Гъе, фæлæ сæ царды кæрон æввахс кæны, сæумæрайсомы уазал йæ дæрзæг арм кæуыл æруадзы, уыцы сыфтæртæн. Иутæ дзы фæивтой сæ хуыз, фæбур сты æмæ фæлмæн дымгæйы æрбаныдзæвдæй нырризынц, ныззыр-зыр кæнынц сæ мидбынаты, сæ уддыл ма дæндагæй бæргæ ныххæцыдысты, фæлæ…къалиутæй фæиппæрд вæййынц æмæ зæххыл æнцойад ссарынц. Афтæ згъæлынц кæрæдзийы фæстæ æмæ зæххы сыгъзæринхуыз гауызы бын æркæнынц.

Цæй диссаг у фæззыгон нæ хæхбæсты æрдз… мин-мин хуыз дарæсы йæхи сфæлыста æмæ фæлгæсы нæртон æфсинау, йæ бæркад адæмыл рæдауæй таугæйæ. Дардыл йæ цæст хæссы, цыма йын ххæххон рагуазæлттæ æппындæр ницы хъом сты, уыйау. Бонтæ куыд цæуынц, афтæ йæ цъæххуыз ивы сыгъзæрин хуызмæ. Уыцы бур зæрин хуыз ын цыбыр рæстæгмæ кæй у, уый бæргæ зоны, фæлæ уæддæр у сæрыстыр, æмæ нæ ивы йæ райзæрдæйы уаг. Гъе, фæлæ куыдфæнды ма уа, уæддæр алы зайæгой дæр æнкъары, фæззыгон бонтæй иу иннæмæй уазалдæр кæй у æмæ фæззæджы æрбалæудимæ кæй æрцыдис сæ адзал.

Æнусон бæлæстæ сæ хомысджын цæнгты ныууигъынц æмæ æнæвгъауæй æрызгъалынц зæхмæ сæ сыфтæртæ… фæлæ, æвæццæгæн, уыдонæн нæ вæййынц хуымæтæджы сыфтæртæ, фæлæ вæййынц, схъæлбæрзæй хъæды къохы бæлæсты цæсты сыгтæ, тагъд сæ фæлыст кæй азгъæлдзæн æмæ бынтон бæгънæгæй, æгъуызæй кæй аззайдзысты, ууыл хъынцъымы цæссыгтæ.

Уæдæ куыд не сты диссаг Ирыстоны быдыртæ дæр: сæрвæтты кæрдæг сихсыди æмæ фосæн фæзын ис сæхи æфсадын. Æрдз цыма æрæнкъард, йæ хъус адардта уазал зымæджы ‘рдæм. Уалдзæг ын цы æхсидгæ цард радта, уый цадæггай нымæгæй нымæгдæр кæны. Æрмæст ма алчидæр тыхсы ууыл, цæмæй зымæгмæ йæхи бацæттæ кæна. Адæймаджы хъуыдытæ дæр вæййынц уыимæ баст. Афæдзы ацы афон тыллæг æфснайыны афон у, æмæ зæхкусæг тагъд кæны йæ тыллæг æфснайыныл. Цæмæй йæ карз зымæг æдзæттæйæ ма æрыййафа.

…Уæлдæфы разыны адæймаджы хъарм комулæфт, хæххон хъæуты цæрджыты уæлхæдзæрттæй уæларвмæ, æзфæраздæронæй згъорынц фæздæ-джы хъуымбылтæ, адæймаджы йæхимæ æрбасайы хъарм пец, æрæнкъард вæййы зæрдæ… Фæстейæ аззадысты сæрдыгон тæвд бонтæ, рагвæззæджы хурбонтæ, ныр та фæззæг йæ бартæ йæхимæ райста æххæстæй æмæ ма иуæй-иу хатт хуры рæвдаугæ хъарм тынтæ, кæд зæрдыл æрлæууын кæнынц ивгъуыд бонтæ, уæддæр уайтагъд асæтты сæ тых, амбæхсынц тар мигъты ‘хсæн æмæ уæлдæфы æрзилдух кæны фæззæджы комулæфт. Фæззæг цæуы. Æввахсæй æввахсдæр кæны уазал зымæг…

Æрдзы ацы хуызивæнтæй алы адæймаджы зæрдæйы дæр сæвзæры æндæр æмæ æндæр æнкъарæнтæ. Æрдзы фæззыгон хуызæй йæ зæрдæ кæмæн райы, йæ алæмæтаджы фæлыстæй æхцондзинад сты райсы, сæумæрайсомы халасæппæрсты йæ къæхтæ бауымæл кæнынæй æхцондзинад чи райста, æмæ фæззыгон дымгæйы сыгъдæг уæлдæфмæ йæ зæрдæйы монцтæ кæмæн райхæлынц, уыдонæй дæн æз дæр …

Фæззæг… сыгъзæрин æвдылд фæззæг… куыстуарзаг адæймаджы зæрдæ йæ афæдзы куыстæй куы фæрухс кæны, афæдзы уыцы афон.

Эхх, искуы ма хæххон уыгæрдæнтæ байдзаг уыдзысты хосдзæуттæй æмæ сæ зард, сæ хъæлæба кæмтты хæхты араудзæн… Фæскуыст хъазтизæрты, уæларвмæхъуысæг ирон фæндыры зæлтæй бахъæлдзæг уыдзæн зæрдæ…

Нажмите, чтобы узнать подробности

Это мероприятие посвященное дню матери. Мы должны любить и уважать родителей.

Уæ бонтæ хорз æмæ уыл хъæлдзæг бонтæ цæуæд нæ зынаргъ ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, уазджытæ, хæлæрттæ.

Абон нæ бæрæгбон,

Абон нæ цины бон,

Мад! Хæрз цыбыр дзырд, фæлæ дзы æппæт дуне дæр бацæудзæн. Зæххыл мадæй зынаргъдæр ничи ис. Мадæй хуыздæр ничи бамбардзæн сабийы зæрдæйы рисс.

Мад! Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхсызгондæр мысинæгтæ. Кæд зæххыл нæй, фæлæ, уый буц даргæйæ, уымæн ирон рæсугъд æгъдау дæтгæйæ, бамбарæн ис, цы у амонд. Тæхудиаг у уыцы кæстæр, йæ хистæры буц дарын чи зоны æмæ афтæмæй адæмы æхсæнмæ рухс цæсгомæй чи цæуы.

Ехх уæдæ, удæн куыд вæййы æнцон,

Хур ныл куы скæсы дзæбæхæй.

Æмæ куыд хорз у, дæ уарзон бæлццон

Кæрты куы рхиза йæ бæхæй

Цæстытысыгæн цæй уромæн ис ?!

Зæрдæ куы рухс кæна иугæр

Мады фæндиагæй ма фенут низ

Мадæй уæ ма схъыг уæд уæ иу дæр !

Судзгæ цæссыгтæй , мæ хуртæ, ут хызт

Макуы мын фенут зæрдæниз.

Иугæр ыстыр цинад риуы ныххызт,

Уый та æнустæм цæрдзæнис.

Иунæг цæстысыг дæр мастæн у фаг,

Мады зæрдæйæн æгæр у.

Риуы æхсидгæ цæхæр у.

Мад ма сымахæй кæмæн у æгас,

Уымæ куыд кæнын тæхуды.

Мад у сæумæрайсом хуры ыскаст,

Æмæ дам мидбылты худы.

Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст.

Мадæн йæ хъæбул зынаргъ у.

Мады рæвдыдæй ут уе ‘ппæт æфсæст,

Мад нын æнусон цырагъ у!

Мад – царддæттæг. Хæрзконд, фæлмæнзæрдæ, уды рæсугъддзинад. Уыдон иууылдæр мады лæвæрттæ сты. Мад сæ куы нæ ратта, уæд уыцы хорздзинæдтæ тыгъд быдыры ссаргæ не сты. Мады уарзондзинадæй сæ удтæ хъæздыг кæмæн сты, уыдонæй рæсугъд у цард дæр.

7-9. Уазæгуаты Къæбæдамæ

25-27. Кæдæм цæут?

34-36. Кæс, хъус, хъаз!

37-39. Хистæртæн кад кæнут!

40-42. Бын, раз, фæстæ, цур – махимæ сæ ды дæр дзур!

43-44. Фæлхат кæнæм

45. Цы зонæм, уый бæрæг кæнæм (тесттæ)

уарзондзинад ратты йæ хъæбултæн, йе’ суинаг стъалытæн. Фæлæ, хъыгагæн, ныййарджыты зындзинæдтæ цотæй иутæ нæ бамбарынц, аккаг аргъ ын не скæнынц йæ фыдыбонæн.

Кæй арфæтæ сты уыдон. Чи нын фæисы йæхимæ нæ рис, нæ тухитæ? Чи ‘рхæссы нæ сæрыл йæ сæр нывондæн! Мад! Ныййарæг мад! Бæстыл æмбал кæмæн нæй, уыцы фæлмæнзæрдæ мад! (Сæ рæзты æрбахызтысты цалдæр æрыгон адæймаджы цыдæр æнахуыр дарæсы æмæ бацыдысты сыхæгты хæдзармæ. Уалынмæ райхъуыст цавæрдæр фæсарæйнаг музыкæ. Зæлинæ джихауæй аззад, стæй цымыдисæй Азаумæ бакаст).

Зæлинæ: — Мæ хæдзар! Уый та цавæр музыкæ у?

Азау: — Ма тæрс, дæ хуыз куы аныхъуырдтай. Уый мæнæ нæ сыхæгтæ сты, Гуыдзиаты ахболы сахъгуырд Азанбеджы музыкæ та у.

Ацы Гуыдзиаты диссаджы хорз бинонтæ уыдысты, æгъдауджын, кадджын куыстуарзаг. Адæм-иу сæм хæлæг кодтой. Сæ чызг æмæ хистæр лæппу – адæмæн уарзон, фæлæ йæ кæстæр Азæмæт куы рахъомыл, уæдæй нырмæ сæ Хуыцау ралгъыста, арвæй сæм иу хъугдзармы бæрц нал зыны. Сæ маст сæ сæрты кæлы, сæ цард зындон фестад.

Зæлинæ æмæ Азау ацыдысты. Азæмæты музыкæ дардыл нæры. Йе ‘мбæлттимæ йæ рæстæг æрвиты, сæ разы хæринаджы дзæбæх, равзæргæ нозт, пъæртт кæнынц хъылма, ныххæцыдысты æнæгъдау митыл…

Ахбол (бады кæрты бандоныл):

О, Фæрнион! (Уый йæм æрбаввахс) Мæнæ цы диссаджы уавæры стæм! Цы ракодтам Хуыцауæн? Цæмæн нын радта ахæм фырты? Куы нæ худинаг кæны, адæммæ акæсын куынæуал уæндæм, уæд афтæмæй куыд цæрдзыстæм?

(Фæрнион фæхъуыста йæ лæгмæ, стæй йæ сæр аххосджынау дæлæмæ æруагъта. Иу афон Азанбег кæртмæ рахызт, фыд дæр бадти уым).

Ахбол: — О, мæ фырт, æввахс ма мæм рацу. Уый цавæр цардыуаг у? Хорз æмæ æвзæр æппын нал хицæн кæныс? Худинаджы къубал бынтон аскъуыдтой æви? Ацы дæлимонтимæ дæхи цæмæн сбастай? Кæм сæ ссардтай? Цæмæн цæуынц ардæм, мæ хæдзар хынджылæггаг у? Цы ми ма дын бакæнон, цы дын нæ фаг кæны, зад хуымы дын хизын нæ фидауы?! Уæдæ ахæстоны дæр бадтæ, уæд дын бамбарын афон нæма у? Ныууадз дæ нуазт, адæмы хъæр бамбар!

Азамбег: — Чи дæ фæрсы! Цæуыл дзурыс?! Дæ къус кæм нæй, уым дæ уидыг ма тъысс, науæд…

(Азамбег йæ къух фæхъил кодта. Æрцыд йæ фæдыл).

Фæрнион: — Мæ къона куыд байхæлд!

Азамбег: — Æна, æнцад, куы нæ лæууай, уæд дзы дæуыл дæр æрхаудзæн! (Азамбег йæ къухтæ кæрæдзийыл ацагъта æмæ уатмæ бахызти йæхицæй разыйæ).

Фæрнион: — Мæнæ цы дыссæгтæ уынын, мæнæ мæ сæр зæронды ‘рдæм цытæ баййæфта! Мæнæ калмы мæ зæрдæйы бын куыд фæхастон! Мæнæ цы фыдбылыз схъомыл кодтон! Мæ хæдзар фехæлд! Мæ фыртыл фæтых сты арахъ æмæ цавæрдæр хъылма, уыдон махæй тыхджындæр разындысты.

Мæнæ стыр диссæгтæ!

Куыд ис уый гæнæн æмæ фырт йæ къух сиса йæ фыртмæ! (Фехъус ис, стæй арф ныуулæфгæйæ): — Нæ, нæ, а-зæххыл дæуæн цæргæйæ нал у. Ничи мын æй ныббардзæн, лæгмары, мæ фæстæ ныууадзон, уый. (Мад æдзынæгæй алæууыд, стæр зыр-зыргæнгæ хъæлæсы уагæй загъта).

Зæлинæ: — Ахæм карз тæрхон рахаста мад йæ фыртæн. Уый ныййарæджы тæрхон у æмæ раст тæрхон у. Йæ фыдмæ йæ къух чи систа, йæ фыды мæрдтæм чи барвыста, уыцы хъæбул æмæ уый хуызæттæ а-зæххыл хъуамæ ма цæрой.

Æппæт ныййарджытæ, æппæт адæм дæр уыцы фарстамæ хъуамæ иухуызон цæстæй кæсой. Арф хъуамæ ныхъхъуыды кæной, кæй æмæ цæй аххосæй слæууыдысты нæ фæсивæд уыцы фæндагыл, ууыл. Æмæ сæ ныхмæ расидой тох.

Раст у ирон æмбисонд: Йæ ныййарæджы чи нæ уарзы, уый никæй бауарздзæн. Мад у æппæт хæрзты райдайæн, дунейы царддæттæг. Уымæн йæ зынтæ авдæнæй райдайынц. Уыцы уавæр, æвæццæгæн, Ирыстоны Хетæгкаты Къостайæ хуыздæр ничи бамбæрста. Уымæн снывæста йæ зæрдæйы æлвæст тæгтæй мады æвидигæ фæлгонц.

Бирæ поэттæ скодтой зарджытæ мадыл. Уыдонæй сæ иу уыди, хæсты быдыры хæрз æрыгонæй чи баззади, уыцы ирон лæппу Кочысаты Мухарбег.

О, уарзон ныййарæг!

О, ме схæссæг мад!

Кæд арæх æнæ мæн

Куы ‘рбайхъуысы уынгæй

Къæхты хъæр, ныхас

Æрхæццæ мæ хъæбул,

Ехх, куы зонис, буц ныййарæг мад!

Байдыдтон æнкъард кæнын дæ фæстæ.

Цыма ныр кæд фæуаин нымад.

Мады фæллой, мады бирæ хæрзтæ

Мады зæрдæ хъæбултæм – тæнæг,

Мадæлтæн куыд адджын у зæнæг.

Уымæн ныл зæрдæйæ кæнынц рисгæ

Буц хъæбулы афæрсы йæ мад:

Сты мæнмæ кæддæриддæр нымад

Мады лæггад, удхайраг изæртæ.

Мад, дæ зæрдæ хсайаг у фæлмæн

Буц хъæбултæм мидбылхудгæ кастæ

Ныр, зæгъ-ма, куыд кæнгæ у мæнæн?

Мады комдзаг, мады хсырæй хаст дæн.

Мад, дæ хæрзтæ æз куыд кæнон рох!

Ма мын райс æнафоны зæрдæниз

Æз дæу тыххæй афæлдахин хох,

Мин азы мæ фæндиаг фæцæрис.

Мад ныййарæг, фыд – схæссæг

Цæстыгагуыйау сæ хъахъхъæнын хъæуы.

Фæлæ мæнæ куыд загъдæуы иу таурæгъы.

Раджы кæддæр иу хъæуы царди сидзæргæс ус. Йæ лæг амард, æмæ царди йæ дыууæ æнахъом лæппуимæ. Йæ лæджы амарды фæстæ уый адджын хæринаг никуыуал бахордта, йæ хуыссæн никуыуал схъарм кодта, йæ цонг лæгъз дарæсы никуыуал атъыста: уæдæ мын макæмæ бахæлæг кæной, къулбæрзæйæ мын макæмæ бакæсой, иннæ сывæллæттæй æнæрæвдыддæр ма уой. Æмæ цынæ куыст кодта сидзæргæс ус: хъæдæй суг хастæ, хуым кодта, хос карста.

Фæлæ æнцон цæрдтытæ кæнынæн нæ райгуырди сидзæргæс. Цæрæнбонты амонд хæстæг никуы æрцыд.

Чындзытæ нæ фæрæстмæ сты: æфсины нæ бауарзтой æмæ йын алы æвзæр митæ кæнын райдыдтой. Сæ бæсты йæ кусын кодтой, хæринаг ыл нæ лæвæрдтой.

Куыд бадзырдтой, кæнгæ дæр афтæ бакодтой. Фæхæссы йæ кæстæр фырт тæсчъы мидæг хъæдмæ. Цæуы тæрсгæризгæйæ, алырдæм фæкæс-фæкæс кæны, мачи мæ фенæд, зæгъгæ.

Фæлæ æхсæвыгон тар хъæды чи хъуамæ уыдаид? Чысыл раздæр стъалытæ ныр фæныкъул – фæныкъул кæнын байдыдтой, цыма мады тæригъæдæй сæ цæстысыгтæ балæмарынц. Кæрæдзимæ тæхынц, цыма зæххыл чи не ‘рцыд, ахæм æвирхъау хабар хъусын кæнынц кæрæдзийæн.

Фæлæ лæппу уыдæттæ ницæмæ дары. Размæ тындзы йæ чъизи фæнд сæххæст кæнынмæ.

Зæххон дунейы мад дæр нæу æнусон.

Хъæбул, мæн иу бон нал уыдзæн дæ цæст.

Куынæуал у ныфсæвæрæн дæ ныфсæн.

Уæд бамбардзынæ мады фарн æрмæст.

Дæ зынты сæрмæ базыртыгъд цæргæсау

Куы нæуал лæууа удуæлдайæ мад.

Дæ цæрайæн йæ цард куы ничи хæсса

Ныййарæджы ад бамбардзынæ уæд.

Куы рцæуай искуы урссæрæй нæ къæсмæ.

Куынæ рхæссон дæ сæры хилтыл м ‘арм

Куынæ зæгъон куыд асурс дæ, æркæс ма,

Уæд зондзынæ циу мады къухты хъарм.

Куы нæ дын уæ цæджындз æмбал дæ хъыджы

Мæ уæлмæрдæн куы дзурай иу дæ маст

Дæ цæссыгæй куы ныхъхъæрза мæ сыджын

Уæд бамбардзынæ мады зæрдæ ‘рмæст.

Цард æгъатыр у Арвæй, дам, цы дур æрхауы уый бауромы зæхх. Уæдæ бæркадхæссæг фæззæг нæ Ирæн цы сау бон æрхаста, уый куы нæ уромы.

Спортивон залы уыйбæрц уыдыстæм, — зæгъы Фатимæ, — æмæ ныл цæст нæ хæцыд. Уæлдæф нын нæ фаг кодта, сабитæ дойныйæ мардысты. Фыццаг срæмыгъд афтæ æнæнхъæлæджы уыд, æмæ зал иууыл хъæр æмæ цъæхахст ‘сси.

Срæмыгъдæй мæ хъустæ цыдæр кодтой, мæ цæстытæ атартæ сты. Куы ракастæн уæд дуарæрдыгæй ауыдтон кæйдæр сабиты, сæхи къулмæ нылхъывтой. Нæ зонын кæцæй мæм разынд ахæм хъару, фæлæ сыстадтæн, æмæ сæ мæ хъæбысы æмбæхсгæйæ, тагъд-тагъд ракодтон. Кæй сабитæ уыдысты, уый нæ зонын фæлæ цы уæлдай уыд, æппæт дæр нæхи нæ уыдысты.

Мад! Уый диссаг у! Уый йæ хъæбулы улæфт дардмæ хъусы. Йæ хъæбул та зæры-зæрондмæ куы фæцæра, уæддæр æй сывæллон хоны, æмæ йын хур бон хуры тæвдæй тæрсы, къæвда бон – суазалæй.

  • Для учеников 1-11 классов и дошкольников
  • Бесплатные сертификаты учителям и участникам

Мад. Хœрз цыбыр дзырд. Фœлœ дзы œппœт дуне дœр бацœудзœн. Зœххыл мадœй зынаргъ-дœр ничи ис. Мадœй хуыздœр ничи бамбардзœн сабийы зœрдœйы рис.

Бирœ поэттœ скодтой зарджытœ мадыл.

hello_html_7bc1c55b.jpg

hello_html_2581075.jpg

Æз – сылгоймаг, цардаразœг дœн,

Кувут, лœгтœ, иууылдœр мœнœн.

Æз бœллиц дœн, дидинœджы тау дœн,

Æз цъœх уалдзœг, цины зарœг дœн.

hello_html_61d460b4.jpg

Æз œфсарм дœн, нуазœн дœн уœ къухы

Æз – хœдзары минбœркады фынг

Æз œдзухдœр – уе мдзу царды дугъы,

Фарн мœ дзырд, ныххуыссын кœнын зынг.

Сисут, лœгтœ, баназут мœ кадœн,

Æз уœ раттœг, уе стыр мœт, уœ хур.

Æз уœ къухы бахъуаджы бон кард дœн,

Æз – уœ фидœн, уе нхъœлцау бындур .

Фœлœ ныййарœджы зындзинœдтœ цотœй иутœ нœ бамбарынц, аккаг аргъ ын не скœнынц йœ фыдœбонœн.

hello_html_4774125f.jpg

Мад у œппœты хœрзты райдайœн, дунейы цард-

дœттœг. Уымœн йœ зынтœ авдœнœй райдайынц.

« Ныййарœг мад цœстыгагуыйау хъахъхъœнын

( Чеджемты Æ ).

Зœххыл ис иунœг хœзна царды

Æмœ уый мад у, мœ хур, мад.

Йœ равдыд сау дуртœм дœр хъары.

Фœсуры зœрдœйы фœллад.

hello_html_mb03f728.jpg

О мад, сыгъзœрин мад, дœ хœрзтœй,

Ды кœныс кœстœрты œнгом.

Тœхуды, зарœджы ныхœстœй,

Æнусон чи скœны дœ ном.

Дœ къахфœд агурын нœ хœхты,

Дœу œнхъœл уардитœм кœсын.

Куырттаты стыр комы уœрœхы

Дœ хуыз мœ цœстыты хœссын.

hello_html_m4becdd2d.jpg

Мœ зарœг сарœзтон дœ мœтœй,

Йœ зœлты бавœрдтон мœ уарзт.

Дœ зынаргъ Къадаты бœрзœндтœй

Мœ удмœ хур цыма œркаст.

Цы хорз у, чи сбуц кодта мады

Æмœ йын чи радта œгъдау,

Зœххыл уый дзыллœты нымады

Йœ фарнœй батавдзœн Хуыцау.

Хуыцау та бœрзœндтœй фœлгœсы

Хœрзудтœн риссынœ тœрсы

Хуыцау… Уый цœсгоммœ нœ кœсы.

Хуыцау… Уый зœрдœмœ кœсы.

Цоты хœс у ныййарœджы буц дарын, йœ хъыджы

hello_html_m13eb668b.jpg

Арœх – иу аргъœуттœ

Хъарм – иу мœ бамбœрзтай,

Мад зынаргъ у. Мады уарз. Мадœн маст ма кœн. Мадœй бузныг у. Мадмœ хъус.

Нœу мœнœн мœ бон зœгъын,

Цас уарзын нанайы,

Фыны дœр йœ фœлмœн худт

Зымœгмœ мын бавœры

Хъулон хъœдуртœй мœнœн

Кœддœриддœр мадыл ауд. Мадимœ хœларœй цœр. Мадау хœлар зœрдœ у.

Нœ сœртœй уын ныллœг кувœм.

hello_html_m37a9385a.jpg

  • подготовка к ЕГЭ/ОГЭ и ВПР
  • по всем предметам 1-11 классов

Курс повышения квалификации

Дистанционное обучение как современный формат преподавания

  • Сейчас обучается 932 человека из 80 регионов

Курс профессиональной переподготовки

Русский язык и литература: теория и методика преподавания в образовательной организации

Курс повышения квалификации

Инструменты онлайн-обучения на примере программ Zoom, Skype, Microsoft Teams, Bandicam

  • Курс добавлен 31.01.2022
  • Сейчас обучается 27 человек из 18 регионов
  • ЗП до 91 000 руб.
  • Гибкий график
  • Удаленная работа

Дистанционные курсы для педагогов

Свидетельство и скидка на обучение каждому участнику

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

5 596 412 материалов в базе

Самые массовые международные дистанционные

Школьные Инфоконкурсы 2022

Свидетельство и скидка на обучение каждому участнику

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

  • 28.10.2016 701
  • DOCX 6.5 мбайт
  • 4 скачивания
  • Оцените материал:

Настоящий материал опубликован пользователем Калабекова Альбина Анатольевна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

Автор материала

40%

  • Подготовка к ЕГЭ/ОГЭ и ВПР
  • Для учеников 1-11 классов

Московский институт профессиональной
переподготовки и повышения
квалификации педагогов

Дистанционные курсы
для педагогов

663 курса от 690 рублей

Выбрать курс со скидкой

Выдаём документы
установленного образца!

Учителя о ЕГЭ: секреты успешной подготовки

Время чтения: 11 минут

Школьник из Сочи выиграл международный турнир по шахматам в Сербии

Время чтения: 1 минута

Инфоурок стал резидентом Сколково

Время чтения: 2 минуты

Минобрнауки и Минпросвещения запустили горячие линии по оказанию психологической помощи

Время чтения: 1 минута

Каждый второй ребенок в школе подвергался психической агрессии

Время чтения: 3 минуты

Минпросвещения России подготовит учителей для обучения детей из Донбасса

Время чтения: 1 минута

В Белгородской области отменяют занятия в школах и детсадах на границе с Украиной

Время чтения: 0 минут

Подарочные сертификаты

Ответственность за разрешение любых спорных моментов, касающихся самих материалов и их содержания, берут на себя пользователи, разместившие материал на сайте. Однако администрация сайта готова оказать всяческую поддержку в решении любых вопросов, связанных с работой и содержанием сайта. Если Вы заметили, что на данном сайте незаконно используются материалы, сообщите об этом администрации сайта через форму обратной связи.

Все материалы, размещенные на сайте, созданы авторами сайта либо размещены пользователями сайта и представлены на сайте исключительно для ознакомления. Авторские права на материалы принадлежат их законным авторам. Частичное или полное копирование материалов сайта без письменного разрешения администрации сайта запрещено! Мнение администрации может не совпадать с точкой зрения авторов.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Это конкурсное сочинение. Где описывается любовь к своему родному языку.

Ирон зæланг ныхас, дæу айс мæнæй,-

Уæд баззаин къуырма æмæ куырмæй.

Нæ арв, нæ зæххæн нал уынин сæ хуызтæ;

Æнæ дæу мын мæ къæхтыл ацæуæн уæд нæй,

Стæй басгарæн нæ хох, нæ арф кæмтты хъæбыстæ!

Цæрукъаты Алыксандр!

… Адæймаг цы бæстæйы, цы зæххыл райгуыры, уый фæхоны Фыдыбæстæ. Фыдызæхх. Фæлæ адæймаг сабийы бонтæй фæстæмæ цы ῾взагыл фæдзуры, уый та фæхоны мадæлон. Уымæн æмæ йæ райсы йæ мады æхсыримæ.

Мадæлон æвзаг у алæмæт, таурæгъон цыкурайы фæрдыг æмæ Сатанайы арвайдæн. Йæ бон у алцы дæттын, зыны дзы, цы уыд æмæ цы ис, уый.

Æвзаг у лæугæ хох æмæ цæугæ мæсыг. Хохæн ис бын æмæ бæрзæнд, хуссар æмæ цæгат, скæсæн æмæ ныгуылæн, ис ын афæдзы афонтæ æмæ ивы йæ хуызтæ, фæлæ йæ мидис æмæ йæ цард сты æнусон. Цæугæ мæсыг фидар у, фæлæ мæсыгæй дур куы рафты, уæд къахыр æмæ дызгъуын кæны…

Нæ фыдæлтæ нын ныууагътой хъæздыг æмæ рæссугъд æвзаг. Мах дзы буц стæм, уымæн æмæ уый нæ культурæйы, нæ лæгдзинады, æмткæй райсгæйæ, нæ адæмы рæзыны сæйраг фæрæз.

Алы адæмæн дæр, тулдз бæласау, ис уидæгтæ, зæнг æмæ къалиутæ. Уидæгтæ сты йæ ῾взаг, зæнг — йе ῾гъдæуттæ, къалиутæ та – йæ царды мидис.

Бæласæн йæ къалиутæ куы ныццæгъдай, фæлæ йæ уидæгтæ фидар куы уой, уæд та йæ зæнг ног къабузтæ рауадздзæн; йæ зæнг ын куы алыг кæнай, фæлæ йæ уидæгтæ цардхъом куы уой, уæд та тау суадздзысты æмæ йын зæнг уыдзæн æмæ къалиутæ дæр. Фæлæ йын йæ уидæгтæ куы ныллыг кæнай æмæ куы бахус уой, уæд æрцыд йæ сæфт.

Ахæм хъысмæт ис алы адæмæн дæр: йæ абон, йæ фидæнаразгæ сты йæ уидæгтæй – йе ῾взаджы цардхъомдзинадæй. Уымæ гæсгæ æвзаг у хъахъхъæнинаг, буцæй даринаг. Кæсын æм хъæуы цæстуарзонæй, узæлын æмæ йыл аудын хъæуы æдæрсгæ, кусын дзы хъæуы арæхстгай – уæлдай æвнæлдæй æрмыдул æмæ гуылмызтæ кæны.

Мадæлон æвзаг мады ад кæны, мады æхсыримæ адæймаджы уæнгты ахъары, зæрдæйы æрфытæм нытфдзы, хуры тынтау ныккæсы йæ къуымтæм æмæ сæ ныррухс кæны. Мадæлон æвзаджы дзырдтæ, хъуытаз дзæнгæрæджы зæллангау, айдæймаджы удыл аудынц, налхъуыт фæрдгуыты халау алыхуызон рæвдауæг æрттывд кæнынц. Адæмон сфæлдыстады йын, цыкуырайы фæрдыгау, æхцондзинад æмæ амонды хос сты, уалдзыгон фæлмæн уарынау, зæрдæйы хъарынц.

Бафиппайын ма мæ фæнды уый, æмæ алы адæмыхаттæн дæр йæ наци бæрæггæнæнтæ сты йæ мадæлон æвзаг, культурæ, царды уаг, зондахаст æмæ цæрæнбынат. Уыдонæй се ’ппæтæй сæйрагдæр у мадæлон æвзаг. Алы адæм дæр сæхи ’взагыл хуыздæр æмбарынц кæрæдзи. Мадæлон æвзагыл аразынц æхсæнады æгъдæуттæ, бæрæгбæттæ, цин æмæ зиан бавæрыны хабæрттæ.

Сæ адæмон æвзагыл цы адæм нæ дзурой, уыдон ныллæудзысты сæ сæфты.

Мæ нывæцæны кæрон мæ фæнды зæгъын, уый æмæ хъуамæ мах æрыгон фæсивæд хъуамæ бахъахъхъæнæм нæ мадæлон æвзаг, нæ культурæ æмæ нæ трæдицитæ. Разы дæн Хаджеты Таймуразы хъуыдыйимæ…

Читайте также:

      

  • Надо чтобы не для одного меня шла моя жизнь сочинение
  •   

  • Благотворительный фонд доктор лиза сочинение
  •   

  • Сочинение рассуждение на тему спать долго вредно
  •   

  • Может ли добро обернуться злом сочинение
  •   

  • Ауэрбах я поздно понял сочинение

Ныййарæг мад…

О, уарзон ныййарæг!

О, ме схæссæг мад!

Кæд арæх æнæ мæн

Фæкæныс æнкъард.

Куы ῾рбайхъуысы уынгæй

Къæхты хъæр, ныхас

Æрхæццæ мæ хъæбул,

Фæзæхыс, æваст!

Кочысаты Мухарбег

Амонæг 1. Уæ бонтæ хорз æмæ уыл хъæздыг бонтæ цæуæд нæ зынаргъ ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, уазджытæ, хæлæттæ.

Чтец 1

Дождь в окошко стучит, как замерзшая птица.
Но она не уснет, продолжая нас ждать.
Я сегодня хочу от души поклониться
Милой женщине по имени МАТЬ!
Той, которая жизнь подарила нам в муках,
Той, что с нами порой не спала по ночам,
Прижимали к груди ее теплые руки,
И молилась за нас всем святым образам.
Той, которая Бога просила о счастье
За здоровье своих дочерей, сыновей.
Каждый новый наш шаг для нее был как праздник,
И больнее ей было от боли детей.
Из родного гнезда вылетаем, как птицы,
Поскорее нам хочется взрослыми стать.
Я сегодня хочу до земли поклониться
Милой женщине по имени МАТЬ!

Амонæг 2. Добрый вечер милые, нежные, ласковые, заботливые мамы и бабушки! Как было бы хорошо, если бы мамы слышали такие слова ежедневно! Но порой мы с грустью замечаем, что если в детстве сын или дочь не заснёт, пока не поцелует, не обнимет мамочку, то с годами у них появляется сдержанность, а иногда и резкость.

Чтец 2

Я верю, что все женщины прекрасны

И добротой своею и умом

Ещё весельем, если в доме праздник

И верностью, когда разлука в нём.

Не их наряды и не профиль римский

Нас покоряет женская душа

И молодость её и материнство

И седина, когда пришла пора.

Амонæг 1. Мад! Хæрз цыбыр дзырд, фæлæ дзы æппæт дуне дæр бацæудзæн. Зæххыл мадæй зынаргъдæр ницы ис. Мадæй хуыздæр ничи бамбардзæн сабийы зæрдæйы рисс.

Монтаж

Ехх уæдæ, удæн куыд вæййы æнцон,

Хур ныл куы скæсы дзæбæхæй.

Æмæ куыд хорз у, дæ уарзон бæлццон

Кæрты куы рхиза йæ бæхæй

Цæстысыгæн цæй уромæн ис?!

Зæрдæ куы рухс кæна иугæр,

Мады фæндиагæй ма фенут низ.

Мадæй уæ ма схъыг уæд уæ иудæр!

Иунæг цæстысыг дæр мастæн у фаг,

Мады зæрдæйæн æгæр у.

Риуы æхсидгæ цæхæр у,

Мад ма сымахæй кæмæн у æгас…

Уымæ куыд кæнын тæхуды.

Мад у сæумæрайсом хуры ыскаст,

Æмæ дæм мидбылты худы.

Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст.

Мадæн йæ хъæбул зынаргъ у.

Мады рæвдыдæй у туе ῾ппæт æфсæст,

Мад нын æнусон цырагъ!

Зарæг мады тыххæй…

Амонæг 2. Для мамы самое дорогое это ее дети. Она старается быть незаметной, чтобы заметили вас и вы пошли по жизни твердо, честно и удачно. Жизнь есть жизнь и вот уже совсем скоро разлетитесь вы как птенцы из родного гнезда, но помните…

 Чтец 3

Не обижайте матерей. 
На матерей не обижайтесь. 
Перед разлукой у дверей 
Нежнее с ними попрощайтесь. 
И уходить за поворот 
Вы не спешите, не спешите 
И ей, стоящей у Ворот, 
Как можно дольше помашите. 
Вздыхают матери в тиши, 
В тиши ночной, в тиши тревожной. 
Для них мы вечно малыши, 
И с этим спорить невозможно.

Так будьте чуточку добрей,

Опекой их не раздражайтесь,

Не обижайте матерей,

На матерей не обижайтесь…

Танец

Амонæг 1. Мад! Цæй диссаг дзырд у æвæдза. Адæймаджы уæнгты бауадзы ныфс, хъару. Сывæллонæн йæ фыццаг ныхас вæййы – «мамæ». Царды рухс нын фенын кæны мад. Цас æнæхуыссæг æхсæвтæ æрвиты, цас уарзондзинад ратты йæ хъæбултæн, йе ῾суинаг стъалытæн. Фæлæ, хъыгагæн, ныййарджыты зындщинæтæ цотæй иутæ нæ бамбарынц, аккаг аргъ ын не скæнынц йæ фыдæбонæн.

Доули

Амонæг 2. Давайте не будем ограничиваться поздравлениями в этот день, а просто постараемся ежедневно делать жизнь наших мам немного легче и праздничнее.

Ч те ц 4.

Со мною с детства рядом ты всегда,

в минуты радости в минуты огорченья,

за все обиды ты прости меня,

я искренне прошу твое прощенье….

со мною с детства рядом ты всегда,

в моменты искренности и часы обмана..

и я за все благодарю тебя

моя любимая родная Мама……

Ты не стареешь, дорогая,

Ты стала краше во сто крат.

Твои морщинки – это стая

Лучей, летящих в летний сад.

Глаза твои теплом согреты,-

В них молодость горит огнем.

Готов я петь всю жизнь сонеты

И хмурой ночью, ясным днем.

Ты не стареешь, дорогая,

Ты вечна, как сама любовь.

Люблю тебя я, отдавая,

Твоей любви свою любовь.

Амонæг 1. Раст у ирон æмбисонд: Йæ ныййарæджы чи нæ уарзы, уый никæй бауарздзæн. Мад у æппæт хæрзты райдайæн, дунейы царддæттæг.

Ч те ц 5.

Прошу вас, берегите матерей.

Теплом укройте от житейской вьюги,

Их любовь во сто крат горячей,

Чем друзей и любимой подруги.

Материнской любви не объять,

И канонов я здесь не нарушу,

Коль скажу: Мать готова отдать

Свою ласку вам, нежность и душу.

Мать возьмёт на себя вашу боль,

Все терзанья, сомненья и муки!

Мать положит в дорогу хлеб – соль,

И протянет навстречу вам руки.

Пусть за шалость накажет не строго,

Только ей никогда вы не лгите!

И во имя великого Бога

Матерей своих берегите!

Не оставьте их без участья.

Сей наказ, вы запомните, дети!

Ведь не может быть полного счастья,

Если мамы не будет на свете.

Амонæг 2. А наши бабушки?! Следующее наше слово благодарности адресуется вам, ласковым и заботливым! Если бы не ваши добрые и чуткие руки, разве выросли бы мы такими, какими вы нас здесь видите? Для многих детей бабушка стала второй мамой. Пусть вам живется тихо и мирно. А мы постараемся не огорчать вас по пустякам.

Ч те ц 6.

Милая бабуля, улыбнись отважно!

И засмейся весело опять!
Живи подольше! Знаешь – нам так важно,
Что рядом с нами бабушка и мать!

В сердце мамы нежности без края,
Взгляд у мамы – солнце в небесах.
Не грусти, что инеем, родная,
Серебрится проседь в волосах.
Не считай ты на лице морщинки.
Руки стали грубыми? Не плачь!
А морщинки – это паутинки
От твоих и наших неудач.
Пожалеть и дать совет хороший –
Есть ли кто-то матери добрей?
Материнство – не из легких ноша.
Радость есть и огорченья в ней.
Повинуясь сердца повеленью.
Я в глаза, родная, посмотрю…
Опущусь тихонько на колени
И скажу тебе: «Благодарю…»

Танец

Амонæг 1. Мад йæ хъæбулы уылæфт дардмæ хъусы. Йæ хъæбул та зæры – зæрондмæ куы фæцæра, уæддæр æй сывæллон хоны, æмæ йын хур бон хуры тæвдæй тæрсы, къæвда бон – суазалæй.

Ч те ц 7.

Мы от души вас поздравляем

И шлем вам солнечный привет,

И также всем еще желаем

Здоровья, счастья, долгих лет.

Мы поздравляем милых мам,

Прекрасных женщин всей планеты,

И пусть же дети дарят вам

Благоуханные букеты!

Дарят мамам цветы.

Амонæг 2. Милые. Дорогие, родные, счастья вам, здоровья, любви ваших детей и внуков! И пусть каждый человек до седых волос благоговейно произносит имя своей мамы и почтительно оберегает ее старость! С праздником вас, наши мамы и бабушки и низкий вам поклон! Слово предоставляется директору 13 школе Салбиевай Ирине Савевельевне.

Амонæг 1. Ууыл нӕ изӕр нымайын фӕудыл. Хӕрзбон уал, ут. Нӕ ног фембӕлдмӕ!

8

Мад æмæ къонайы фарн.

Зæххыл адæймаг куы фæзынд æмæ йæхицæн аирвæзыны тыххæй зынг куы самал кодта, уæдæй нырмæ арт сси табуйаг. Арт уыди цæрыны мадзæлтты тæккæ ахсджиагдæр. Адæм сæ зынджы мурыл «кодтой фу-фу», цæмæй ма ахуысса æмæ ма феста уазал фæнык.

Артæн сабыргай фæзындис алæмæттаг æууæлтæ, семæ сæнтысти бардуæгтæ, хуыцæуттæ. Адæймаджы хъарм кæнын æмæ рухсы дарынæй уæлдай ма артæн ис иу ахсджиаг миниуæг – бинонты иу кæнын. Арт сабыргай лæгæты астæуæй рацыд æмæ бынат ссардта хæдзары къонайы. Йæ ног бынаты дæр баззадысты йæ фыццаг æууæлтæ, фæлæ ноджы фæтыхджындæр бинонты бæттæг объекты ахадындзинад.

Къонайы алыварс-иу æрбамбырд сты бинонтæ. Ам-иу изæрæй-изæрмæ хистæртæ кæстæртимæ æрныхас кодтой сæ царды абоныл æмæ райсомыл. Ам-иу хъуыстой сабитæ сæ дадайы фæлмæн ныхæстæм, таурæгътæм, аргъæуттæм. Ам-иу кодта мад йæ сабийæн авдæнмæ а-ло-лай. Ӕппынфæстаг, ам гуырынц мидбинонты æмæ æхсæнады ахастытæ, уыдонимæ рæзы этикон æмæ эстетикон æгъдау, культурæ. Алы хæдзарæн, бинонтæн ис йæхи æгъдау, йæхи уагæвæрд. Къона та у æппæтæн сæ рахæцæн. Уый у бинонты, мыггаджы фарн.

Ацы темæмæ æнæбавналгæ, æвæццæгæн, иу фыссæг, иу поэт дæр нæ разындзæн. Уымæн æмæ йæ бæстæ цы адæймаг нæ уарзы, йæ райгуырæн хæдзар-къона адджын кæмæн нæу, уый зæрдæйы нæ равзæрдзæн адæмæн хорз уацмыс ныффыссыны аккаг аив ныхæстæ.

Фæнды мæ, хæдзары (къонайы) темæ иу уацмысы куыд раргом, ууыл, æрдзурын. Уыцы уацмыс у Малиты Васойы роман «Сурмейы хæдзар». «Малиты Васо у ирон аив дзырды курдиатджындæр зæрингуырдтæй иу. Поэзийы, прозæйы, драматургийы жанрты цы уацмыстæ сфæлдыста, уыдон бæлвырд фæхъæздыгдæр кодтой ирон литературæ»,- фыссы Ходы Камал.

Роман «Сурмейы хæдзар» арæзт æрцыди хицæн цæгтæй-микротемæтæй. Уыдон баст цæуынц кæрæдзиуыл. Уыцы рæхыс у æгъдау, фарн, хæдзар, къона, артдзæст.

Романы зынгæ бынат ахсы зæронд, куырыхон ус Сурме. Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста. Зæгъæн ис, æмæ йæ цард ииуылдæр уыди тыхст æмæ уырыд, фæлæ йæхи æнамонд нæ хоны. Сурмемæ цæуынц æппæт хъæуы цæрджытæ дæр сæ фарстатæн раст æмæ бæлвырд дзуапп агурæг. Æвæццæгæн, Цæрæгмæ (Сурмейы фырт) дзæгъæлы нæ фæзындысты хъуыдытæ, зæронд дыргъдонмæ йæ нарæг къахвæндаг куы рахаста, æмæ куы федта рагон ставдзæнг бæлас, уæд: «О, се `мхуызондзинад ис сæ равзæрды мидмидисы, сæ хъысмæтты. Раст ацы фидар фæткъуыйау лæууы Сурме дæр арвы бын, райгуырæн зæххы йæ уидæгтæ арф ауадзгæйæ, цард æй цагъта, ацы бæласы лæдзджытæй куыд цæгъдынц, афтæ, фæлæ йæ дыргътæ – йæ фарн, йæ уарзондзинад, йæ къухвæллой сырхварс фæткъуытау хаста дунемæ æназымæй, æнæ уæлдай хъыпп-сыппæй, йæхицæн ницы домгæйæ». Сурмемæ раст цыма арвы айдæн ис, йе та йе уæны кæсы, уыйау алы хъуыддаг дæр уырзæй æвзарæгау равзары æмæ ахъуыды кæны, сомбон цæмæй хуыздæр уа, уымæн цы гæнæн ис, ууыл.

Сылгоймагæн алы ныхас хуымæтæг, фæлæ зæрдæмæхъаргæ. Цæуыл æрдзуры, стъæлф кæм æрæвæры, уырдæм фиппайнаг бахæссæн нал вæййы. Уымæн æвдисæн у, хъæуы мидæг æм цы цæстæй кæсынц, цы кад ын ис йе `мхъæуккæгты `хсæн, уый. Сабан æмæ Цæрæджы хсæн ахæм ныхас рауади горæты фатеры тыххæй:

-Фатер дын радтой?

-Нæма.

-Сурмейы ам уадз.

-Иунæгæй йæ куыд…

-Зæгъын дын, уадз æй. Иунæгæй цы хоныс? Акæс-ма ацы адæммæ,- цас сты. Йæ ахуыр бынатæй йæ кæдæм кæныс? Гæмæх къæдзæхæй кæй æртыдтой, уыцы кæрдæг цæхæрадоны сау сыджытыл нал ныххæцдзæн…

Сурме уынгты куы рацæйцæуы, уæд йæ цуры æвзæр ми, æвзæр ныхас кæнын ничи бауæнддзæн. Мацы кусæд, мацы дзурæд, æрмæст цæргæ кæй кæны, уый дæр хъæубæстæн æххуыс у, бауырнæд дæ. Сыгъдæгдзинад æмæ намысы цардæгас дæнцæн. Уадз æмæ йæ фæзмой стырæй-чысылæй.

…Сæйрагдæр цæй тыххæй дзурын, уый хъуамæ бамбарай: уадз æмæ уæртæ уыцы рудзынгæй кæлæд рухсы цъыртт. Уæд адæм зæрдæнцойдæр уыдзысты се гъдауæй, сæ цард, сæ фидæны тыххæй».

Сурме фидархæст у нæ фыдæлты æгъдæуттыл æмæ æмæ сæ нæ уадзы рох кæнын йæ кæстæртæн. Зæринæимæ куы базонгæ ус, уæд Ӕдарцты Аслæнбег хъазæгау бадзырдта:

-Сурме, уынджы астæу цæуыл хъæбыстæ кæныс нæ ног ахуыргæнæгæн? Ӕви йæ рагацау дæхицæн чындзагæн снысан кодтай?

-Уый та дын цы ныхас у, мæ боны рад, йæ мад Борæтиимæ дыууæ хойы цард куы фæкодтам, — бустæхуыз æмæ æнкъардæй загъта Сурме.

-Ха-ха, — зæрдиагæй бахудти зæронд усы ахæм хатдзæгыл Аслæнбег. – Ӕгайтма йын йæ мады зыдтай, уый ноджы хуыздæр!

-Нæ, нæ хæдзармæ бынтон æддагон  хонын хъæуы… Уый сымахмæ, ныры фæсивæдмæ, нымады ницыуал у, фæлæ цалынмæ хæстæгдзинадыл авд фæлтæры нæ рацæуа, уæдмæ нæ фæтчы дыууæ мыггаджы æхсæн къай агурын.

Алцæмæй дæр æххæст бинонты æхсæн (фыд Сабан – колхозы сæрдар, мад Сонетæ – ахуыргæнæг) рæзы скъоладзау чызг – Олимпиадæ. Ӕрыгон чызгæн йæ зæрдæмæ цæуы Цæрæг. Олимпиадæмæ афтæ фæкасти, цыма йæ лæппу дæр уарзгæ кæны. Фæлæ се `хсæн уый фæстæ цы ныхас рауад, уый сын сæ ахастдзинæдтæ сбæрæг кодта. Чызг уæззау хъуыдытимæ араст Ӕрæфы былгæронмæ, сфæнд кодта цъитидоны йæхи ныннайын, цæмæй фæрынчын уа. «Рынчынфæрсæг нæм куы æрцæуа, уæддæр æй мæхимæ нæ бауадздзынæн»,- афтæтæ хъуыды кодта Олимпиадæ.

Раст уыцы рæстæг Аслæнбег æрцыди (нозтджынæй ардæм цыд йæхи найынмæ).

Чызг ын рахъаст кодта, мæн ничи уарзы, зæгъгæ, уæд Аслæнбег ризгæ хъæлæсæй сдзырдта: «Дæу? Куырм, æдылы, къодах нæ бауарздзæн ахæм чызджы… нæ, ды раст нæ зæгъыс… Уарзгæ дæ алчи дæр кæны, фæлæ дæу бамбарын никæй бон у… Мæн йеддæмæ…»

Ахæм цыбыр диалоджы фæстæ «худинаджы худ» ныккодтой Аслæнбег æмæ Олимпиадæ. Раст уыцы рæстæг æрбацæйцыд Сурме – йæ хъуг хъомæй хæдзармæ не `рбаздæхт, æмæ уый агуырдта. Сурме федта: «къудзиты бын дыууæ бæгънæг буары зæххыл æвдылдысты, æбуалгъ хъуырдухæн кодтой. Чи сты, уый базыдта Сурме… Йæхи цæстæй федта, Аслæнбег Олимпиадæйы куыд абырста… Ӕвирхъау ныв!»

О, æвирхъау ныв… Чиныгкæсæг Сурмейы афтæ бауарзы, афтæ банкъары йæ миддуне æмæ йын йæ хъуыдытæ бамбарын зын нал вæййы. Усæн ахæм æбуалгъ ми феныны бæсты мæлæт хуыздæр уаид. Фæлæ цы æрцыд, цы федта, уымæн раздахæн, раивæн нал и. сурме стыр аргъ цы æгъдæуттæн кодта (чызджы сыгъдæгдзинад, кад æмæ хæстæгдзинад бакæныны размæ дыууæ мыггаджы `хсæн хъуамæ авд фæлтæры рацæуа, зæгъгæ), уыдоны сæрты ахызтысты Ӕдарцты кæстæртæ. Мады психологон уавæр фыссæг æргом кæны арф: «Дуне Сурмейыл иннæрдæм рафæлдæхт. Бамбæрста, хъæубæсты къæсæрмæ ардыгæй фæстæмæ бæллæх æмбæхстæй кæй цæудзæн æмæ иуахæмы кæй срæмудздзæн…»

Бирæ фæхъуырдухæн кодта Сурме, фæлæ йæ фæлтæрддзинады руаджы сæры хъуыдытæ змæст нæ цыдысты. Арф уал бамбæхста йæ зæрдæйы, хъæуы фарныл, мыггаджы кадыл, хъуыды кæнгæйæ, Олимпиадæ æмæ Аслæнбеджы хабар. Фæлæ рæстæг æрцыди, гæнæн нал ис, æмæ Сурме Зæринæйы æххуысæй сфæнд кодта писмо ныффыссын йæ фырт Цæрæгмæ. Уый Аслæнбеджы бæсты нымад æрцыд аххосджыныл. Ацы сюжеты райхæлд романы ахсы кульминацион бынат. Фыстæджы Сурме раргом кодта Цæрæгæн, æнцой йæ чи нæ уагъта, уыцы сусæгтæ: туджджынты хабæрттæ æмæ Ӕдарцты худинаджы кой.

Ацал-ауал азы Сурме йæхи хордта, хистæр лæппу йæ аххосæйкæй фæхауæггаг йæ фыды хæдзарæй, уый тыххæй. Ныр Цæрæгæн схъæр кодта, цæмæн райста ахæм хæс йæхимæ, æмæ туджджыны ном цæмæн хастой Фаддзаутæ Ӕдарцтимæ.

Сурме тарсти, йæхи дыууæ цæстæй æвдисæн цы хабарæн уыдис, уый куы рахъæр уа, æмæ дыууæ мыггаджы кæрæдзийы куы ныццæгъдой, уымæй. Уый йын æгъгъæд нæ уыд, æмæ ма дыккаг æвдисæн, йе `намондæн, сси Ӕдарцты худинагæн. Æмæ æппынæдзух дунейы фарнмæ сиды: «Бирæ мæстытæ, бирæ зынтæ бавзæрстон æз мæ царды. Фæлæ мæхи æнамонд никуы рахуыдтон – цы адæмимæ цæрын, уыдоны руаджы цыдтæн мæ къæхтыл, уыдоны фæрцы схъомыл кодтон сымах дæр. Дæ зæрдæ ма худæд хъæубæстыл, иугай адæймæгты фыдæхæй адæмы фарн тыхджындæр у… Уый дын мæ фæстаг фæдзæхст…»

Васо йæ романы ирдæй равдыста сылгоймаджы фарн, бантысти йын Сурмейы цард алывæрсыгæй равдисын: хæдзары бинонтимæ, сыхæгтимæ, хъæубæстимæ. Сурме никуы рох кæны, сылгоймаг кæй у, уый. Йæ бон цас уыдис, уыйбæрц хъахъхъæдта хæдзары фарн, къонайы цæхæр æмæ хъæубæсты кад. «Нæхицæй хуыздæр ран мын никуы ссардзыстут, мæнæн мæ санаторитæ нæ хъæуы уынгты сты… кæд ма сæм разилон, уæд», — дзырдта Сурме Цæрæгæн, путевкæйы кой йын куы скодта, уæд.

Малиты Васо зæгъы, зæгъгæ, Сурмейы бирæ миниуджытæ сныв кодтон мæ зæронд мад Зæрæда æмæ йæ хо Хæмисаты удыкондæй. Æвæццæгæн, Васо йæ персонажæй йæ мады мондæгтæ кæй агуырдта, уымæн ахæм фæлмæн æмæ зæрдæмæдзæугæ рауади Сурмейы сурæт. Мадæй хæстæгдæр, адджындæр хъæбулæн нæй. Мад сабийæн у рæвдауæг, хъазæг, уарзæг æмæ амонæг æмбал. Мад у царддæттæг. Фæлæ сабийы ныййарынæй уæлдай, цæмæй цард дарддæр цæуа, уый тыххæй мады æнæмæнг хъæуы йæ къонайы арт хъахъхъæнын. Ӕмæ Сурме уымæн у æвдисæн – йæ цард кæрæй-кæронмæ снывонд кодта, хæдзары арт цæмæй ма ахуысса, уымæн.

Васо Сурмейы схайджын кодта сылгоймаджы æппæт  хорз миниуджытæй. Уый хуызæн сылгоймæгтæ Сатанайау хæссынц кад, фарн æмæ рæсугъддзинад адæмы `хсæнмæ:

«Сурмейы ингæны уæлхъус изæрмæ фæцис Цæрæг, стæй араст сæхимæ. Бацыди кæртмæ, йæ зæрдæ нæ куымдта мидæмæ бацæуын. Тарсти хæдзары æдзæрæгдзинадæй… Бакъахдзæф кодта къæсæрæй æмæ æрвдзæфау сагъдæй баззад: йæ цæсгомыл æдзæрæгдзинады уазал тæфы бæсты сæмбæлд арты хъарм æмæ чъыры тæф. Дзæвгар рæстæг йæ бынатæй сызмæлын нæ фæрæзта. Ссыгъта цырагъ. Федта: хæдзары къултæ уыдысты чъырæй цагъд. Пец ма тæвд уыди, чидæр дзы арт бакодта.

…Уыцы рæстæг дуар æрбахостæуыд. Мидæмæ æрбахызт Зæринæ.

-Ӕрыздæхтæ? – сабыр хъæлæсæй загъта уый. – Ӕгас цу.

-Ӕгас цу ды дæр… Ӕрцыдтæн… абæрæг кодтон…

-Ӕз ауылты фæцæйцыдтæн… Рухс федтон æмæ…

-Ӕвæццæгæн нæм исчи цæры? – æнкъардæй бафарста Цæрæг.

Зæринæ йæ сæр «нæ», зæгъгæ, батыфлдта. Дзæвгар рæстæг лæууыдысты æнæдзургæйæ, стæй чызг раздæрау ныллæг хъæлæсæй райдыдта:

— Сурме куы марди, уæд мыл хæдзар фæдзæхста… «Хæдзар арты тæф куы нæ кæна, уæд æдзæрæгхуыз у… Хъуына кæны… Хæдзар мæлгæ кæны… Арт та цард у…»

Куыд уынæм, афтæмæй Малиты Васойæн бантысти, мады фарн æмæ хæдзарвæндаджы традицитæ царды бындур кæй сты, уый арф æмæ бæстон равдисын, мады фæлгонц ирд ахорæнтæй скæнын.



Классный час «Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут!!!»

Классный час : «Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут!!!»

Кабинеты фæлыст:

Сылгоймаджы, мады тыххæй рæсугъд ныхæстæ фыстæй, плакаттæ арфæйы

ныхæстимæ, магнитофон, музыкæ,къултыл ауыгъд сывœллœтты конд нывтœ

,сœ мадœлты сурœттœ.

Бæрæгбоны цыд.

( Хъуысы уæздан ирон музыкæ.)

Цæуынц дæ номæй

Амонд æмæ фарн,

Бæркæдтæн дæр

Сæ ратæдзæн – дæ арм.

Æнустæм дын

Кæндзысты кад,

Нæ цин, нæ фарн –

Сылгоймаг, мад!

Амонæг:

Уæ бон хорз, нœ зынаргъ ахуырдзаутæ. Зæрдиаг арфæ уын кæнæм

фыццаджыдæр уал Ирыстоны кадджындæртæй бæрæгбон Джеоргуыбайы

фæдыл. Хуыцауы фæдзæхст ут кæддæриддæр. Уæ фидæн рухс æмæ

амодджын уæд. Уæ куысты бæркад фылдæр кæнæд! Æнæниз, æнæмастæй уæ

уарзон адæмимæ бирæ азты фæцæрут!

Ныр та сæрмагондæй цæйтыххæй æрбамбырд стæм ам, уымæ рахизæм.

Джеоргуыбайы фæстаг хуыцаубон æппæт дзыллæ дæр бæрæг кæны

ныййарæг мады бон. Мах дæр дзы нæхи нæ иуварс кæнæм. Фæдыл

сылгоймæгты бæрæгбоны фæдыл. Æмæ уын зæрдæбын арфæтæ кæнæм. Нæ

зæрдæ уын зæгъы уый æмæ уæ кæстæрты хуртæй куыд бафсæдат æмæ ма

бирæ азты æнæниз, æнæмастæй, зæрдæрайгæйæ æмæ амондджынæй куыд

фæцæрат, ахæм арфæ уæ уæд!

Амонæг: Сылгоймаг!.. Мад!..Ды дæ уалдзæгау рæсугъд, царддæттæг,

хуры тынтæ уарæг!.. Сылгоймаг!.. Мад!.. Куыд хъуамæ ферох уой дæ бирæ

фæлмæн ныхæстæ, дæ къухты хъарм, дæ рæвдаугæ цæстæнгас?!

Цы ис зæххыл зынаргъдæр? МАД! ( Сывœллœттœ иумœ)

Амонæг: День Матери международный праздник в честь матерей. В этот

день принято поздравлять матерей, дарить им подарки или просто

показывать свою любовь к ним. Ведь иногда мы забываем это делать.

Зындгонд уырыссаг фыссæг М.Горький фыста: : «Æнæ сылгоймаг нæдæр

хъæбатыр ис, нæдæр поэт!»

Хуыцау, æвæццæгæн, хуымæтæджы не’схайджын кодта сылгоймаджы

æмбисонды хорз миниуджытæй. Ирон адæммæ ис ахæм таурæгъ

сылгоймаджы тыххæй. Чи зоны, исчи уæ йæ фехъуыста.

Хуыцау æрбайста худгæ хуры тынтæй цалдæр, æрттиваг мæйы сонт

æнкъарддзинад, мæлхъы сæрыстыр уæздандзинад æмæ уарди дидинæджы

æмбисонды тæфаг. Цæмæй æгæр æлутон ма фæуа, уый тыххæй ма йæм

бафтыдта ноджы уаддымгæйы æнæсæрфат зилдухæнтæ, рувасы

хиндзинад,тæрхъусы тæппуддзинад, мигъты цæссыгкалындзинад уарыны

агъоммæ æмæ гæркъæраджы талф тулфдзинад дзургæйæ. Чысыл

ахъуыдыйы фæстæ ма йæм бафтыдта ноджы хъаймæты æппæт бæллæхтæ:

арт, зæй, æрвæрттывд, æрвнæрд, тымыгъ, тæркъæвда. Æмæ æппæт уыдæттæй

сарæзта

Амонæг:

Абон ацы чысыл бæрæгбонмæ нæ ахуырдзаутæ тынг зæрдиагæй бацæттæ

кодтой æмдзæвгæтæ, зарджытæ, кæфтытæ, инсценировкæтæ œмœ

сœм,табуафси ,байхъусут

Хурау рухсзæрдæ у мад,

Никуы зоны уый фæллад, Д. Георгий

Сты йæ хъарм къухтæ фæлмæн.

Алы бон рæвдауы мæн.

Тынг дæ уарзын,тынг, уый зон,

Райдайы дæуæй мæ бон! Г. Михаил

Райдайы дæуæй мæ фæндаг

Дæн дæ лæггæдтæй нæртон!

Мæ мад,мæн царды рухс хъуыддæгтæн схастай,

Мæ цæрайæ æрвыстай ды дæ цард Д. Самира

Мæ къахалгъиу куы срыст, уæддæр мын тарстæ.

Фырмæтæйиу куы нал ардтай бынат

Цæйбæрц зынтæ æскодтай, мад, дæхицæн,

Фæлмаст бонты дæр не стыхстис дæ уд

Цæмæй дæ фыртæн уа рæсугъд йæ фидæн. Д. Амур

Цæмæй дзы уый бæрзон хæсса йæ худ.

Дæ фæрцы абон зæрдæ цинтæй райы,

Æмæ зæххыл æппæт хæзнаты раз

Мæхицæн æз адджындæрыл нымайын Г. Кристина

Дæ фæлмæн бахудт, хъæлдзæг цæстæнгас.

Ныййарæджы нгас ис ысбарæн хурыл

тымыгътæ æмæ уазæлттæ сæтты.

Нæ хъæуы мадæй хорз цæстæнгас курын,

Йæхæдæг æй цæстуарзонæй дæтты.

Ныййараг мады цæстытæн сæ уындæй

Кæны хъæбулы зæрдæ цинтæй дзаг.

Ныййараг мады цæстытæн сæ тынтæ Г. Софа

Йæ цотæн сты кæмдæриддæр фæндаг.

Йæ цæстытæ кæд искæд бон ныййарæг

Нæ батавта, нæ барæвдыдта дæу

Уæд зон: ды йын кæй аскъуыдтай йæ зарæг

Æмæ йæ разы къул сæрæй ыслæуу.

Амонæг:

Æвæццæгæн, зæххыл ахæм тых нæй, æмæ сылгоймагимæ кæй ис абарæн…

Сылгоймаг у хуры тынтау рæсугъд æмæ фæлмæн, сылгоймаг у фарн æмæ

амонд хæссæг… Сылгоймаг!.. Мад!.. Гыцци!..Дзыцца!..Куыд диссаг сты ацы

ныхœстœ.Адœймагœн цœуынц йœ зœрдœйы арфœй…Цас хъармдзинад œмœ

уарзондзинад дœттынц уыдон сœ хъœбултœн œмœ сœ хъœбулты –

хъœбултœн,дунейыл уыдоны аккаг ныхœстœ зын ссарœн вœййы ,цœмœй сын

раарфœ кœнай. Тœхудиаг сты уыдон œмœ сœ мадœлтœн œмœ сœ нанатœн

аккаг аргъ чи скодта,царды мидœг сœ чи сбуц кодта. Бирœ œмдзœвгтœ ис

фыст уыдоны тыххœй. Ныртœккœ дзы мах байхъусдзыстœм иумœ.

Зœххыл ис иунœг хœзна царды

Œмœ уый Мад у, мœ хур ,Мад.

Йœ рœвдыд сау дуртœм дœр хъары, Г. Тома

Фœсуры зœрдœйы фœллад.

О мад,сыгъзœрин мад, дœ хœрзтœй ,

Ды кœныс кœстœрты œнгом.

Тœхуды,зарœджы ныхœстœй

Œнусон чи скœны дœ ном.

Ныййарæджы зæрдæ, ныййарæджы арм

Бæмбæгæй фæлмæндæр, зæрин хурау – хъарм.

Ныфсы мæсыг цотæн – йæ зондджын ныхас, Б. Георгий

Рæвдауы кæстæры йæ цæстыты ’нгас.

Бирœ фœрœвдыдтай,уœ,гыцци,мœн,

Арœхиу аргъœуттœ кодтай мœнœн.

Хъармиу мœ бамбœрзтай,

Хур мœ хуыдтай.

«Ахуысс мын ,айрœз мын!» К. Алина

Заргœ дзырдтай.

Буцœй дœ хъœбысы схастон мœ рœз.

Ракœс –ма, абон дын скъоладзау дœн.

Уарзын мœ чингуытœ ,уарзын мœ хъœу,

Уарзын Фыдыбœстœ,уарзын œз дœу.

Куыд хорз у,

Ныййарæг йæ хъæбулты цинæй

Куы вæййы æгæрон æфсæст:

Йæ фæндиаг куы рæзынц

Рæсугъд æмæ буцæй, П. Тимур

Сæ уындæй æфсæды йæ цæст.

Куыд хорз у,

Ысхæссæг зæронд фыд сæ номæй

Куы ракæны барджын ныхас:

Куы дзы байрох вæййынц ДАНИК

Йæ дудгæ рыст бонтæ,

Бынтондæр куы’ рсысы йæ маст.

Амонæг:Мад… Ацы фæлмæн, алæмæттаг дзырд фехъусгæйæ , алы кары

адæймаджы цæстытыл ауайы йæхи ныййарæг мад, йæхи уарзон

схъомылгæнæг…

Мад алкæмæн дæр у ныййарæг, зондамæнæг, хур æмæ цæсты рухс .

Амонæг:Сызгъæрин фестай, Мад! Куыд адджын сты дæ фæлмæн ныхæстæ,

дæ къухты хъарм, дæ рæвдыд цæстæнгас!.. Куыд зынаргъ æмæ кадджын у дæ

ном!.. Куыд æнæнымæц сты дæ хæрзтæ, дæ фыдæбон!

… Раджы кæддæр иу лæппу бауарзта саурæсугъды. Чызг ын хъазгæйæ

загъта, зæгъгæ, мын кæд дæ мады зæрдæ æрбахæссай, уæд дын

бакомдзынæн… Лæппу ацыд, йæ мады зæрдæ скъахта æмæ тагъд – тагъд

фезгъоры йæ уарзонмæ. Фæндагыл йæ къах дурыл скъуырдта æмæ фæкалд.

Мады зæрдæ фесхъиудта æмæ афарста йæ хъæбулы: «Дæ къах тынг

ныццавтай, мæ хъæбул?»

Мады зарæг.

Бæрæгбон йæ рады,

Ралæууыд фæрнæй.

Цас уарзын мæ мады

Уый зæгъæн дæр нæй.

Базард:

Хурау уа йæ зæрдæ,

Райдзаст æмæ рухс.

Афтæмæй фæцæра

Махима анус

Æз хæссын лæварæн,

Дидинджыты баст.

Уадз æмæ мæ мадæн

Хурау уа йæ каст.

Амонæг:

Ирон адœммœ ис ахæм æмбисонд: «Мады лæггад никуыма ничи бафыста.»

œвœццœгœн уый раст у! Фæлæ нœ алкœйы хæс дæр у, цæмæй нœ хорз

хъуыддæгтæй, не’гъдау æмæ кадæй мады зæрдæмæ уарзондзинад æмæ амонд

хæссœм, цæмæй ныййарæг уа сæрыстыр æмæ зæрдæрухс йæ хъæбулæй .

Амонæг:

Ирон Мад!... Ирон сылгоймаг!.. Цæй кадджын æмæ хъæбатыр дæ?! Цæй

фæразон æмæ фидар дæ! Æвæццæгæн, уымæн бафæрæзтай, ирон сылгоймаг,

ахæм зын æмæ уæззау фæндæгтыл рацæуын… Æмæ нæ фæцудыдтœ. Дæ кады

ном айхъуыст æнæхъæн дунейыл…

Цыфæнды зын уавæры дæр ирон сылгоймаг йæ уæздан ном никуы фæчъизи

кодта, йæ сæрмæ æгаддзинад никуы æрхаста æмæ йæ кæстæрты дæр ахуыр

кодта ирон æгъдау æмæ кадыл.

Кафт

Амонæг:

Куыд нæ хъуамæ æрымысæм мах абон Ирыстоны хæстрыстзæрдæ мадæлты

рухс ном?!.. Цал æмæ цал ныййарæджы скоддтой сæ уæлæ саутæ? Цал æмæ

цал мадæн нал раздæхт йæ фырт хæсты быдырæй? Фыдыбæстæйы Стыр

хæсты

фæмард: 2 хæдзарæй – æвдгай фырттæ, 7 хæдзарæй – æхсæзгай фырттæ, 26

хæдзарæй – фæндзгай фырттæ, 92 хæдзарæй – цыппæргай фырттæ, 100

хæдзарæй – æртыгай фырттæ…

Амонæг:

Куыд нæ у æнусон кады аккаг Хъалæгаты фондз æфсымæры мад, кæцы

æфсымæрон ингæны уæлхъус загъта фидарæй: « Æз радтон мæ фондз фырты

Райгуырæны сæраппонд, æхсæзæм ма мын куы уыдаид, уæд уый дæр нæ

бавгъау кодтаин…»

Амонæг:

Гæздæнты авд æфсымæры мад!.. Фæлмæнзæрдæ, рæвдауаг, фæлæ фидар

æмæ хъæбатыр мад. Æнæ цæстысыгæй рæвдауы мад йæ сæфт хъæбулты,

хæст ын сæ « иугай фæци давд…»Ныр сын дауы йæ уырзтæй сæ

цухъхъатæ… Ныддур ис мады зæрдæ, нал æм ис цæссыг… Нæ хъустыл

ауайынц йæ судзæггаг ныхæстæ: Мæ зæрдæйы – авд нæмыджы…авд

фыдæхы… авд хъарæджы… авд

Амонæг: Стыр кадджын Хуыцау макуыуал æруадзæд фыдбылыз

Ирыстоныл дæр æмæ æппæт зæххы къорийыл дæр! Кæстæртæ цъæх, сабыр

арвы бын амондджынæй куыд хъомыл кæной сæ ныййарджыты фæндиаг,

ахæм арфæ нæ уæд! Абон у стыр бæрæгбон æмæ нæ фæнды, цæмæй нæ изæр

дарддæр ацæуа хъæлдзæгдæр.

Сылгоймаг æппæты фыццаг у Мад. Мадæлтыл фыст æрцыдысты æппæты

хуыздæр æмдзæвгæтæ, мадæлтыл азарыдысты æпппæты хуыздæр

зарджытæ…

Амонæг:

Нæ бæрæгбон æрхæццæ кæронмæ. Иу хатт ма зæрдиаг арфæтæ кæнæм

æппæт сылгоймæгтæн дæр. Хуыцау уын стыр æнæниздзинад балæвар кœнœд.

Бирæ азты ма хъæлдзæгæй æмæ амондджынæй куыд фæцæрат, ахæм амонд

уын Хуыцау раттæд!

2 аг амонæг: Кæронбæттæны ма мæ фæнды бакæсын ахæм рæнхъытæ:

Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст.

Мадæн йæ хъæбул зынаргъ у.

Мады рæвдыдæй ут уе’ ппæт дæр’ фсæст,

Мад нын æнусон цырагъ у!

( Хъуысы зарæг « Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут». )

Куыд зынаргъ дӕ,
Ныййарӕг…
« Хассыс, сылгоймаг, царды рухс дӕ
армы,
Ӕнустам калӕд дидинӕг дӕ фарн»
— Адӕймагӕн йӕ мад, йӕ фыд йӕ зӕрдӕйы
базыртӕ сты. Зӕрдӕйӕн базыртӕ куы уа, уӕд та
цӕрын ӕнцон у,мӕ хуртӕ. Уыдон фӕндагамонӕг
сты ӕмӕ нӕ цардӕн йӕ рӕсугъддӕр, йӕ
бӕрзонддӕр рындзтӕм хонынц. Мӕ зӕрдӕйӕн йӕ
сызгъӕрин базыртӕ рагӕй нал сты, уӕддӕр сӕ
мысын ӕмӕ сӕ кӕддӕры хъармӕй абон дӕр цӕрын.
1-аг амонӕг.
Мад… Уыимӕ баст сты нӕ царды рӕсугъддӕр
бонтӕ. Кӕд зӕххыл ӕцǽг амонд фенӕн ӕмӕ
банкъарӕн ис, уӕд ӕрмӕстдӕр мады рухс цӕсгом
уынгӕйӕ. Мады фаг хорздзинӕдтӕ ацы зӕххыл
нӕй, фӕлӕ уый буц даргӕйӕ, уымӕн ирон рӕсугъд
ӕгъдау дӕтгӕйӕ бамбарӕн ис, циу амонд.
(зарӕг «Ныййарӕгӕй амонд)
2-аг амонӕг. Фыдӕлтӕ кӕддӕриддӕр аргъ кодтой сылгоймагӕн,
рӕдаукъух ӕфсинӕн, уарзӕгуд мадӕн, хӕдзары
къона хъахъхъӕнӕгӕн.
—Сылгоймаг, нӕ мад, нӕ хо дӕ,
Мӕ сӕрӕй дын кувын ныллӕг
Дӕ уалдзӕджы тухӕн, зын бонтӕ
Фӕззыгон – фӕрнӕйдзаг тыллӕг!
Куыд ахадгӕ дзаума у авдӕн,
Куыд зынаргъ у дунейы рухс,-
Ды сфӕлыстай уыдон нӕ цардӕн
Ӕмӕ сӕ дӕ зӕрдӕ уӕд буц!
Дӕ бакаст у хурау нӕ удтӕн,
Дӕ дзыхы ныхас у уӕздан
Нӕ цинты, нӕ зынты дӕ тухӕн
Мах хонӕм нӕ хӕдзары фарн.
— Зыланггӕнгӕ куы рбацӕуы цъӕх уалдзӕг
Нӕ зӕхмӕ хур куы бахуды фӕлмӕн
Уӕд мӕ куыд тынг, куыд тынг фӕфӕнды
Мӕ ӕрдз ӕмӕ фыццаг тын, лӕвар кӕнын дӕуӕн.
Уарзты зард, малусӕг, ӕхсӕрдзӕн
Уарзын уалдзӕг ног кӕрдӕджы тӕф,
Хонгӕ кафты химӕ лвасӕг зӕлтӕ Уарзонӕн, йӕ сонт зӕрдӕйы цӕф.
(Хонгӕкафт)
2-аг амонǽг
Мады зǽрдǽ… Цас, цас уарзондзинад ис уыцы
зǽрдǽйы. Мады уарзондзинад дендджыз у, хур у,
цард у. Хъǽбулы маст йǽхи маст у, хъǽбулы цин
йǽхи – цин. Ǽмǽ куыд ǽхсызгон вǽййы мадǽн, йǽ
хъǽбул ын йǽ фыдǽбǽттǽ куы фембары, уый. Мады
ǽгъуыссǽг ǽхсǽвтǽ, мады тыхст хъǽбулыл.
Тӕхуды, мады бирӕ хӕрзтӕ
Куы суаид бафидын мӕ бон
Ӕз ме ккой хох хӕссин йӕ бӕсты,-
Хъӕбулы зӕрдӕйы ӕхцон
Фӕцӕр, ныййарӕг мад, дзӕбӕхӕй
Дӕ цоты уындӕй рай.
Ӕмӕ нын миназон къӕдзӕхау
Хъӕддыхдӕр, фидардӕр куыд уай.
1-аг амонӕг.
— Мад – царддӕттӕг. Хӕрзконд, хӕрззонд,
фӕлмӕнзӕрдӕ, уды рӕсугъддзинад…
Уыцы хӕрзиуджытӕ иууылдӕр мады лӕвӕрттӕ сты.
Мад сӕ куынӕ радта, уӕд уыцы хорздзинӕдтӕ
тыгъд быдыры фӕндаджы хъӕбӕрыл ссаргӕ не сты. 2-аг амонӕг.
— Мад… Уый диссаг у, ӕвӕдза! Уый йӕ хъӕбулы
улӕфт дардмӕ хъусы. Йӕ хъӕбул та зӕры –
зӕрондмӕ куы фӕцӕра, уӕддӕр ӕй сываллон хоны
ӕмӕ йын хур бон хуры тӕвдӕй тӕрсы, къӕвда бон –
суазалӕй. Мады зӕрдӕ сыгъзӕрин фестай!
—- Зӕххыл ис иунӕг хӕзна царды
Ӕмӕ уый Мад у, мӕ хур, Мад.
Йӕ рӕвдыд сау дуртӕм дӕр хъары,
Фӕсуры зӕрдӕйы фӕллад.
О Мад, сыгъзӕрин Мад, дӕ хӕрзтӕй,
Ды кӕныс кӕстӕрты ӕнгом.
Тӕхуды зарӕджы ныхӕстӕй
Ӕнусон чи кӕны дӕ ном.
1 – аг амонǽг.
Абон сылгоймаг йе ххуысы хай хǽссы куыд хо, чызг,
сылгоймаг. Фǽлǽ се ппǽты сǽргъы лǽууы мад,
ныййарǽг.
Мад… Ныййарǽг мад, куыд зынаргъ ǽмǽ адджын
сты ацы дзырдтǽ алы адǽймагǽн дар. Бирǽ
ǽхцондзинады ǽнкъарǽнтǽ сǽвзǽрын кǽнынц
алкǽмǽн дǽр йǽ зǽрдǽйы. Мадǽй райдайы алцыдǽр. Мадǽй райдайы дуне. Райгуырǽн бǽстǽ
дǽр мадǽй райдайы. Мадǽй райдайы цард.
(Зарӕг «Мады ном»)

Цыбыр концерт :
1. Сценкǽтǽ «Уайсадǽг чындз»;
2. «Мǽ фыды дневник»
3. Хонгǽ кафт.
Кӕронбӕттӕн
Нӕ Иры сылгоймӕгтӕ! Ӕнусон уӕ фарн,
Ӕмӕ уӕ рухс дӕр ӕнусон.
Цъӕх уалдзӕгау худӕд, ӕрттивӕд уӕ цард
Уӕ хорзы хорзы кой дардыл куыд хъусӕм
Нӕ Иры сылгоймӕгтӕ, нӕ цин дӕр, нӕ рис дӕр
Уӕ цӕстыты мбӕхсы.
Кӕд ацы бӕрзонд зӕххыл хорз амонд ис
Уӕд уый дӕр ссарӕм дӕ фӕрцы.

Перейти к контенту

8 (800) 101-04-53

звонок бесплатный
с 6:00 по 21:00

administration@mcoip.ru

Личный кабинет

Vk

Курсы

профессиональной переподготовки

Повышение квалификации

для учителей

для педагогов

для воспитателей

Конкурсы

Педагогического мастерства

Для педагогов

Для учителей

Для учителей начальных классов

Онлайн конкурс для преподавателей

Для школьников

Для детей и педагогов

Для младших школьников

Для воспитателей

Для педагогов ДОУ

Для дошкольников

Для преподавателей СПО

Для учителей Английского

Олимпиады

Тестирования

Для учителей

Для воспитателей ДОУ

Для школьников

Русский язык

Математика

Алгебра

Геометрия

Английский язык

Немецкий язык

Французский язык

Химия

Биология

Литература

Физика

История России

Всемирная история

Информатика

Физкультура

География

ОБЖ

Окружающий мир

Технология для девочек

Технология для мальчиков

Чтение

Музыка

Развитие речи

Астрономия

ИЗО

Естествознание

Политология

Экономика

Экология

Для дошкольников

По мультфильмам

По сказкам

На знание полководцев

По жизни и творчеству писателей и поэтов

По жизни и деятельности великих ученых

По биографии глав государств

По знаменательным датам

Для работников ДОУ

По воспитанию дошкольников

По воспитанию дошкольников в логопедической группе

По формированию системы психологических взаимодействий дошкольника с компьютером и интернетом

По здоровьесберегающим технологиям в физическом развитии дошкольников

По инклюзивному образованию дошкольников

По организации присмотра и ухода за дошкольниками

По ресурсам системы М.Монтессори в работе с дошкольниками

По современным методикам развития и психолого-педагогической диагностики дошкольников при реализации ФГОС ДО

По особенностям художественно-изобразительной деятельности при реализации ФГОС ДО

По сурдопедагогике в дошкольном образовании

Для студентов

Для преподавателей

Тестирования

Вебинары

Публикации

Для педагогов

Для воспитателей

Опубликованные материалы

Благодарственное письмо

Международный центр образования и педагогики (МЦОиП)

«МАТЬ-«МАД» стихотворение собственного сочинения

«МАТЬ-«МАД» стихотворение собственного сочинения

Используя Александр АврамовВ Опубликованные материалыОпубликовано 05.01.2023

Автор: Магкоева Зита Ахсарбековна

                               МАД

МА УАРЗОН НЫЙЙАРАГ,

МА ХУР ДА,МА ЦИН-

ДАУАЙ МЫН ЗЫНАРГЪДАР

А ЗАХХЫЛ КАМ ИС?!

                    ***

ДЗАБАХ МА ФАХАСТАЙ-

ЛАГГАД МЫН КАНЫС,

АЗ ТА ДЫН МА УАРЗТАЙ-

ФЫР ЦИНАЙ-ХЪАБЫС!!!

a.avramov

Александр Аврамов

Понравилась статья? Поделить с друзьями:
  • Сочинение образ ермилы гирина
  • Сочинение ныбжьэгъу пэжыр уасэншэщ
  • Сочинение образ екатерины гроза островский
  • Сочинение непокоренный ленинград
  • Сочинение нужны ли человеку тяжелые жизненные впечатления